26 декабря 2024

НИФССАСТÆЙ УСТУР ГЪУДДÆГУТÆ АРАЗÆН НÆЙЙЕС

23.09.2023 | 21:39

Нæ нури цардарæзти уавæртæй кадæртæ зæрдрохс æнцæ, кæмæндæртæн ба сæ уодтæ мæгургæнæг. Уой фæдбæл æрæги дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ Уæрæсей алли рауæнти цæрæг алли кари дзилли ’хсæн ци æрфарст исаразтонцæ, уой рæстæги сæ бафарстонцæ: «Æрхæндæг уавæри ку фæууотæ, уæд си кутемæй исцох уæн ес?..» Сæ дзуæппитæ еумæйагæй ба рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй).

1 . Æрхæндæг уавæри бахаун:

а) Анзи æмбеси дæргъи цалдæр хатти кенæ æстæндæр – 45%

б) Мæйи дæргъи цалдæр хатти – 12%

в) Еудадзугдæр фæуун уæхæн уавæри – 3%

г) Æгириддæр некæд æрхун
кæнун – 38%

2. Æрхæндæг уавæрæй исцох унæн тæккæ хуæздæр мадзал – куст, уарзон гъуддагæй архайун – 55%