30 декабря 2024

НИУӔЗТӔЙ НӔ ФӔУУИС ГЪӔСТАГ, БИЙНОНТӔН БА БАУИС ГЪӔСТАГ…

18.12.2021 | 15:45

Ӕнӕ ниуӕзтӕй цӕрун нӕбал фӕразун, зӕгъгӕ, ӕхе еци хузи ка бафеппайуй, уонӕй ефстӕгтӕ байагорунцӕ сӕхе цъухӕй дохтири агъаз. Уотӕ сӕмӕ фӕккӕсуй, цума, адӕймаг ку ниуаза, уӕд уоми дессагӕй неци ес. Уонӕмӕ гӕсгӕ, адӕймаг цалинмӕ расугӕй гъӕунги нӕ рахауа кенӕ ба авгӕбӕл алцидӕр раттунбӕл аразийи уӕнгӕ цалинмӕ не ‘суа, уӕдмӕ ин алкоголик схонӕн нӕййес. Фал е уотӕ нӕй.

Бӕлвурд ӕй, ниуазагӕ адӕймаг бустӕги кӕуйнаг уавӕрмӕ цалинмӕ ӕрхъӕртуй, уӕдмӕ берӕ рӕстӕг ке рацӕуй, е. Ӕцӕгдзийнадӕ ба ӕй уӕхӕн: ӕнӕ ниуӕзтӕй цӕрун ке нӕбал фӕразуй, адӕймаг уой цӕйбӕрцӕ раздӕр балӕдӕра ӕхуӕдӕг, уойбӕрцӕ ӕнцондӕр уодзӕнӕй е ‘сдзӕбӕх кӕнун.

Уӕрӕсей ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади Министради бӕрӕггӕнӕнтӕ куд амонунцӕ, уотемӕй нӕ бӕсти цӕрӕг нӕлгоймӕгтӕн сӕ 40 проценти карз ниуӕзтӕй пайда кӕнунцӕ алли бон дӕр. Мадта ниуазагӕ силгоймӕгти нимӕдзӕ дӕр минкъийдӕр нӕй. Уӕрӕсей цӕргутӕй 2 миллион адӕймаги ӕнцӕ алкоголизмӕй сӕйгӕ. Ӕ хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕ цауд кӕмӕн ӕй, уӕхӕн карз ниуӕзти фудӕй нӕмӕ алли анз дӕр рамӕлуй тӕккӕ минкъийдӕр 500 мин адӕймаги. Аци нимӕдзӕ уодзӕнӕй никки фулдӕр, зӕгъӕн, уазал рӕстӕгути расугӕй гъӕунги ка рахауй ӕма басуйуй кенӕ ниуӕзтӕ ӕ бауӕри кӕцидӕр хай кенӕ хурфидзаумау кӕмӕн фехалуй ӕма уой фудӕй ка рамӕлуй, уони дӕр, уӕдта иннӕ уӕхӕн цаутӕ ку банимайӕн, уӕд. Мадта цал ӕма цал адӕймаги рамардӕй ниуӕзти фудӕй! Дӕнцитӕ ес идарддӕр дӕр ӕрхӕссӕн. Уомӕ гӕсгӕ, уӕ хӕстӕг кенӕ зонгӕмӕ ниуӕзтӕмӕ лӕмӕгъдзийнадӕ бафеппайдтайтӕ, зӕгъгӕ, уӕд имӕ еуварсӕй ма кӕсетӕ, фал ин фӕййагъаз кӕнетӕ ӕма ‘й фӕххонетӕ специалистмӕ.

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, кӕддӕр уа, уӕддӕр ескӕд адӕймаг ниуӕзтӕй фегъӕстӕ уй. Ӕма ‘й еуӕй-еуетӕ ниууадзунцӕ фиццаг хатт си райахуадуни фӕсте, кадӕртӕ ба ‘й раидарддӕр кӕнунцӕ, ка си ескӕд еу хатт раниуазуй, ести цийни гъуддаг ку фӕууй, уӕд. Раниуазуни цаутӕ цалинмӕ ӕстӕн уонцӕ, баниуазуни фӕсте дуккаг бон адӕймагӕн ниуӕзтӕ ӕнадӕ ‘й, зӕгъгӕ, уотӕ цалинмӕ уа, уӕдмӕ си зӕрдӕдзоруйнагӕй неци ес. Фал ниуӕзтӕ ахидӕй-ахиддӕр кӕнун ку райдайуй, зӕгъӕн, адӕймаг алли фӕлладуадзӕн бони дӕр ку ниуаза, ӕма ‘й кустмӕ цӕун гъӕуй, кенӕ имӕ ӕхца нӕбал ес, кенӕ ин ӕ бийнонтӕ хилӕ кӕнунцӕ, зӕгъгӕ, ӕ ниуӕзтӕ айдагъдӕр уой туххӕй ку уадза, уӕд аци рауӕн дзорӕн ес, адӕймаг алкоголизми 1-аг къӕпхӕнӕй сӕйгӕ ке ‘й, уобӕл. Уӕхӕн адӕймаг ӕ незбӕл фулдӕр хӕттити нӕ сӕттуй, ӕз иннетӕй фулдӕр нӕ ниуазун, зӕгъгӕ, уобӕл лӕуд фӕууй, дӕнцӕнӕн ба ӕрхӕссуй ӕхе хузӕнтти, «берӕ ка нӕ ниуазуй», уӕхӕнтти.

Адӕймаг цалдӕр къуӕрей кенӕ цалдӕр мӕйей дӕргъи алли бон дӕр ку ниуаза, уотемӕй ин ниуӕзтӕ ӕнадӕ ку нӕ кӕна, уӕд аци рауӕн дзубанди цӕуй алкоголизми 2-аг къӕпхӕнбӕл. Адӕймаг райдайуй ниуазун бони дуккаг ӕмбеси, изӕрӕрдӕмӕ, ӕма раздӕр ниуазуй берӕгӕйттӕй, идарддӕр ба ниуӕзти бӕрцӕ фӕмминкъийдӕр кӕнуй, ӕ расуг куд нӕ цӕуа ӕма еудадзугдӕр ниуӕзтгун куд уа, уотӕ. Фал ниуӕзтӕй уӕхӕн сӕйгитӕн дӕр фӕууй «рохс» бӕнттӕ, гъома, адӕймаг нӕбал фӕнниуазуй, е ‘хца ку фӕуунцӕ кенӕ е ‘нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ ӕ бон ку нӕбал фӕууй, уӕд. Фал имӕ уӕддӕр фӕццӕуй раниуазун. Ниуӕзти хӕццӕ цидӕриддӕр баст уа, е цӕуй ӕ зӕрдӕмӕ. Ӕ хуӕздӕр дӕнцитӕ ‘нцӕ: «дохтиртӕ дӕр ӕй амонунцӕ», кенӕ ба «мӕ фиди фидӕ дӕр ниуазта ӕма хъӕбӕр хуарз фӕццардӕй» ӕма ӕндӕр уӕхӕнттӕ. Уой хигъдмӕ, ниуазуни гъуддаг цидӕриддӕр къулумпи кӕнуй, зӕгъӕн, ӕ бийнонтӕ ‘й хилӕй марунцӕ кенӕ ‘й ӕ куст хъор даруй, етӕ ба ӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕунцӕ.

Мадта адӕймаг сутки дӕргъи ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕ ниуӕзтӕ нӕбал фӕууй ӕма ӕ ниуӕзтӕ ӕгириддӕр нӕбал цӕуй, зӕгъгӕ, уӕд аци рауӕн дзорӕн ес алкоголизми 3-аг къӕпхӕнбӕл. Раздӕр куд адтӕй, уотӕ ниуӕзтӕй ӕ зӕрдӕ нур нӕбал хӕссуй, уомӕн ӕма организм исахур уй карз ниуӕзтӕбӕл, ӕма ин е марг нӕбал ӕй. Фал уӕхӕн адӕймагӕн ӕ гъуддаг сӕ хуӕрзтӕй нӕй, уотӕ имӕ фӕккӕсуй, цума еци уӕззау уавӕрӕй ӕй ниуӕзтӕй уӕлдай нецибал фӕййервӕзун кӕндзӕнӕй.

Ӕнӕ ниуӕзтӕй цӕрун ка нӕбал зонуй, уӕхӕн адӕймаги ӕгириддӕр нецибал фендавуй, ӕ алливарс цитӕ цӕуй, уони уингӕ дӕр нӕбал кӕнуй, айдагъдӕр фӕццардхуз уй, ниуӕзти хабар, ести финги кой ку райгъосуй, уӕд. Мадта бӕрӕгбӕнтти размӕ ба бустӕги цийнӕ кӕнун райдайуй, уомӕн ӕма ‘й лӕдӕруй, бӕрӕгбони алкедӕр раниуаздзӕнӕй ӕма ин ӕ ниуӕзтӕ ӕ цӕстӕмӕ неке бадардзӕнӕй.

Аллихузи ӕртасгутӕ берӕ хӕттити фӕндӕ кодтонцӕ исбӕлвурд кӕнӕн, ниуӕзтӕмӕ ӕмхецдзийнадӕ ӕма адӕймаги уодиконд кӕрӕдзей хӕццӕ куд баст ӕй, уой. Фал еци бастдзийнадӕ рартасун сӕ къохи нӕ бафтудӕй. Расуггӕнагӕ исуй, зӕгъӕн, хумӕтӕг адӕймаг дӕр, устур ахургонд дӕр, мадта уодикондӕй аразгӕ дӕр нӕй, адӕймагӕй расуггӕнагӕ рауайа ӕви нӕ, е. Бӕлвурд ӕй айдагъдӕр еунӕг гъуддаг – ниуазагӕ адӕймӕгутӕ исунцӕ кӕрӕдзей хузӕн сӕ бакастӕй дӕр, сӕ уодикондӕй дӕр, сӕ зундирахастӕй дӕр. Ӕма уӕ хӕстӕг кенӕ зонгӕ уӕхӕн сагъӕссаг уавӕри цӕмӕй ма бахауа, уомӕй ӕй багъӕуай кӕнетӕ!

ЦЕРЕКАТИ Алан,

Медицинон профилактики республикон центри хайади сӕргълӕууӕг.