РӔСТӔГИ УОЛӔФТӔЙ РАЙДЗАСТ АДТӔЙ Ӕ АЙЙЕВАДОН ДЗУРД!..
Зундгонд финсӕг, тӕлмацгӕнӕг, литературон ӕртасӕг ӕма ӕхсӕнадон архайӕг АРДАСЕНТИ Навий фурт Хадзибатри райгурдбӕл 15 сентябри исӕнхӕст ӕй дӕс ӕма фондзинсӕй анзи.
Ардасени-фурти исфӕлдистадон над райдӕдта евгъуд ӕноси инсӕйӕймаг ӕнзти ӕмдзӕвгитӕ финсунӕй. Хецӕн киунугӕй дӕр рацудӕнцӕ. Ӕ поэзий бӕрӕг ӕнцӕ нӕ адӕми еци доги бӕлдитӕ, цийнитӕ ӕма нифсдӕттӕг монцтӕ.
Хӕст фӕци, зӕгъгӕ, куы зӕгъынц
Ныр нӕ хӕдзӕрттӕ, нӕ уынгтӕ,
Хӕст фӕци, зӕгъгӕ, куы ‘вӕрынц
Не ‘фсинтӕ бӕркады фынгтӕ.
Хӕст фӕци, зӕгъгӕ, куы кӕнынц
Адӕм цинтӕ, батӕ абон.
Хур та нӕм куы ‘ркаст, куы зӕгъынц,
Ногӕй нӕм куы сиды амонд!
Уӕлдай фулдӕр ба Ардасенти Хадзибатр зундгонд ӕй куд литературон ӕртасӕг. Абони дӕр ма цӕмӕдессаг ка ‘й, берӕ уӕхӕн ӕрмӕгутӕ ниффинста нӕ национ литератури райрӕзти фарстати, нӕ зингӕдӕр финсгути исфӕлдистади туххӕй. Домагӕ, цӕстуарзонӕй зӕгъидӕ ӕ зӕгъуйнӕгтӕ, уогӕ ба ин уиуонцӕ лӕдӕрд ӕма бунати. Ӕ гъудимӕ гӕсгӕ, аййевадон уадзимисӕн «хъӕбӕр ахсгиаг ӕй ӕ гъомбӕладон ахедундзийнадӕ… Аййевадон уадзимис ести зунд ку нӕ амона, зӕрдӕ ку нӕ агайа, адӕймаги раст надбӕл исаразунӕн ку неци пайда уа, уӕд уӕхӕн уадзимис нецӕййаг ӕй, ӕнӕидейон ӕй. Еуӕй-еу уадзимистӕ сӕ гъомбӕладон агъаз хӕссунцӕ фӕнзуйнаг сорӕтти хузи сӕ устур арӕзтадон пафосӕй коммунистон ӕхсӕнади хуӕздӕр менеугутӕ ӕвдесгӕй. Иннӕ уадзимистӕ ба сӕ гъомбӕладон агъази хай хӕссунцӕ фауйнаг сорӕтти хузи. Нӕ царди къулумпий хуасӕ ци ‘й, нӕ царди аккаг ка нӕ ‘й, уӕхӕн лӕгъуз миутӕ ма ка кӕнуй, уӕхӕн цаутӕ ӕма адӕймӕгути ӕвдесгӕй, уонӕбӕл киунугӕкӕсӕги ходун кӕнгӕй аййевадон уадзимис гъомбӕл кӕнуй адӕми, ӕвдесуй син лӕгъуз, ӕгадӕ ци ‘й, уой…»
Ардасенти Хадзибатир ӕ литературон-ӕсгарунадон кусти еуцӕйбӕрцӕдӕр ӕргом ӕздахта дигорон финсгути исфӕлдистадӕмӕ дӕр. Сӕ еугурей туххӕй радзоруни равгӕ нин нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба абони мухур кӕнӕн, Гурджибети Блашкай туххӕй кӕддӕр ци уац ниффинста, уой.