21 ноября 2024

СÆЙРАГДÆР – КЪОСТАЙÆН АККАГ ФÆДОН УН!..

13.10.2020 | 21:15

Иннæбон, 15 октябри бæрæг кæндзинан Хетæгкати Къостай райгурди бон (1859-1906). Арæзт бабæй, æвæдзи, æрцæудзæнæй аллихузон цитгингæнæн мадзæлттæ. Уой туххæй неке неци  зæгъуй. Фал сæйрагдæр ба æндæр гъуддаг æй. Уой фæдбæл дæнцæнæн æрхæсдзинан нæ номдзуд поэт Хъодзати Æхсари гъуди: Æнаййев миуæ æй Къостайæй культ аразун (еци ’гъдау дæр раздæри системæй байзадæй). Мæнгæхуцæуттæ, лæгдзиуæрттæ, кумир-гумиртæ æма æндæртæ æ цæстисиндзæ адтæнцæ, æхемæ сæ æмгæрон нæ уагъта: «Ее любовь, как ненависть, безумна, и бог ее не бог, а только лишь кумир», – уотæ зæгъуй æнæфæууид сау адæмæй. Зундгонд æнцæ æ иннæ рæнгъитæ дæр: «Служите слепому кумиру, а мне не мешайте служить всеобщему братству и миру…» Цийфæнди устур лæгæн дæр ковун нæ гъæуй. Уой  бæсти ин æ амундтитæ æнхæст кæнæ, е ’гъдау, æ миутæ ин фæнзæ дæ аллибони царди, æма ин уæд бæздзæнæ фæдонæн. Зæрдæй нæ, фал æй дæхе равдесуни туххæй, дæхе гули буни арт æндзаруни туххæй уæларвмæ ку есай, уæд е æнæуагæ миуæ ’й…»

Аци лæдæрддæрæй лæдæрддæр бæлвурддзийнадæ кæмæ нæ гъаруй, етæ ба абони сæ бицъинæг æскъунунцæ, мадта ма Къостай сæрбæл дзоруни рæуонæй ма ци хузи райгъуса сæ кой, уой фæдбæл… Сæ фуддзæсгондзийнадæ ба цæмæй нæ разиннуй! Уæхæн «сæрбæлдзоргутæй» кадæртæ ба, Дзæуæгигъæуи Сабурдзийнади проспектбæл Къостайæн ци циртдзæвæн (искодта æй номдзуд скульптор Соскъити Владимир) æвæрд æрцудæй, сауæнгæ уой нихмæ дæр сæ илгъаг дзæнгæдатæй дорадзагъд исаразтонцæ… Къоста сæмæ ку райгас уидæ, уæд син бæргæ зæгъидæ, ци зæгъгæ син æй, уой…