САСТ УАДИНДЗÆ
«БОНТÆ ЦЫДЫСТЫ ÆНКЪАРДÆЙ, РЫГЫЛ ЦЫДÆРТÆ ФЫСТОН…»
Фæрниони царди хабæрттæ, æ рæстæги æгириддæр фудгин нæ уогæй азари амæттаг ке бацæй æма еци фудбæлах хабæрттæ исбæлвурдгæнæг берæ рæстæгути ке неке адтæй, æхемæ неке иста еци ихæс. Хуарз æма еци устур хъиамæти лæгдзийнадæ разиндтæй искурдиадæгин юрист, рохс дзенети бадæг Тебиати Юриймæ. Æма е Фæрниони карни хабæртти æма æ исфæлдистади æцæгдзийнадæ исбæрæг кæнуни фæдбæл æновудæй бакуста. Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма уой фæрци ма ирон финсгутæй берети хъиамæттæ бæрæг-бæлвурдгонд æрцудæнцæ, бустæги æвудæй ке фесавдæнцæ, уони æ финстити æргомæй радзурдта Иристони дзиллитæн. Аци æрмæг финст æрцудæй Фæрниони райгурди 80 анзей бонмæ, мухургонд æрцудæйжурнал «Мах Дуг»-и 1988 анзи 10-аг номери.
Ка ’й зонуй, кæмæндæр æ зæрдæмæ нæ фæццæудзæнæй автор æгæр æргомæй ке дзоруй, æргомæй кедæрти кой ке кæнуй, е… Фал кæд евгъуд рæстæгути æцæгдзийнадæ исбæлвурд кæнунбæл дзорæн, уæд гъæуама зонæн, ци рæстæгутæ адтæй æма си ка куд бадардта æхе, уой. Уотæ ку нæ уа, уæдта уæди рæдудтитæ æма бæлæхтæ бабæй нин нæ тæрнихтæ, пахсабæл рафсæрæгау, ку ниддæнг кæнонцæ. Хумæтæги бабæй абони нæ исберæ ’нцæ, неке мæ базондзæнæй, зæгъгæ, хахуртæ ка финсуй æвуд, раст гъуддæгутæ аразæг адæймæгутæбæл, еци æдзæсгæнттæ…
«РÆГЪТÆН СÆ РÆБЫН НЫТТЫМБЫЛ ТАЛЫНГ, ЧЫСЫЛ ХЪÆУ СЕЧЕР…»
Фæрниати Солтий фурт Къоста райгурдæй 1908 анзи Секери гъæуи. Ами райдайæн скъола каст ку фæцæй, уæд рафтудæй Дзæуæгигъæумæ æма æ ахур идарддæр рахъæртун кодта. Иссæй фæскомцæдесон, 20-аг æнзти бацудæй партий рæнгъитæмæ. 1926 анзи Мæскуй журналистти институтмæ бæргæ бахаудтæй, фал си анзæй минкъий фулдæр нæ райахур кодта – иссудæй Хонсар Иристонмæ æма куста фæскомцæдеси обкоми. Адтæй газет «Мæ фæлтæр»-и редактор. Уæддæр ахурмæ бæлдтæй æма, 1929 анзи иссæй Мæскуй Карл Либкнехти номбæл педагогон институти литературон факультети студент. Каст æй ку фæцæй, уæд еуцæйдæрбæрцæ Хонсар Иристони фæккуста театри директорæй, киунугæуадзæни сæргълæууæгæй æма 33-аг анзи æрбаздахтæй Цæгат Иристонмæ.
Фæрниати Къостай уадзимистæ мухури цæун райдæдтонцæ 19-аг анзæй фæстæмæ. Е ’сфæлдистади туххæй нæ дзордзæнæн, дзубанди ибæл цудæй æма цæудзæнæй, фал 30-аг æнзти периодикон мухури Къостай номи хæццæ баст ци æрмæг æй, уой кæсгути размæ хæссун. Цæмæй еци фудрæстæгутæ мабал раздæхонцæ, уой туххæй гъæуама рæстдзийнадæ зонæн, гæнæн æма амал цæйбæрцæ ес, уойбæрцæй фулдæр.
1936 анзи 6 августи газет «Пролетарий Осетии» ниммухур кодта Фæрниони æмдзæвгæ «Тревога в Кобани». Газети еци номер ма игъосун кодта, зæгъгæ, тагъд фæззиндзæнæй сувæллæнтти журнал «Сурх деденæг»-и фиццаг номер, æма, дан, нин журнали бæрнон секретарь Фæрниати Къоста куд радзурдта, уотемæй си уодзæнæнцæ Дзести Кудзæги радзурд «Партизани цæуæт», Хетæгкати Къостай æма Ардасенти Хадзибатæри æмдзæвгитæ, уæдта аргъæуттæ, очерктæ, бацеу-бацеутæ… Фал уæдмæ бунæттон мухур дæр центрон газеттæмæ гæсгæ къæрцгъос æма цурддзастæй агорун райдæдта «адæми знæгти», седтæй уони нихмæ æгъатир тохмæ. Аци кустуати исахид æнцæ сæрмагонд æмбурдтæ.
Газет «Пролетарий Осетии» 21 августи циуавæрдæр Кларини уац «Беспощадно разоблачать и изгонять из рядов партии троцкистско-зиновьевских последышей» финста: «16 августи Ироблтипографий партион æмбурди кадæр радзубанди кодта, етæ сæ еугурдæр дзурдтонцæ къæрцгъосдзийнадæбæл, гъæуама знаги æргом кæнун зонæн, зæгъгæ. Фал сæ еу дæр троцкист Фæрниони туххæй æгириддæр неци загъта, уотемæй уомæн цидæр хузи бантæстæй фæстæмæ партий рæнгъитæмæ бацæун. Еци æмбурди радзубанди кодта æма къæрцгъосдзийнадæмæ седтæй троцкист Фæрнион æхуæдæг дæр. Фал кой дæр не ’скодта, æхуæдæг дудзæсгон æма гадзирахаттæй партий нихмæ куд архайуй, уой туххæй».
Æмбурди радзурдта Кодзурти Гæбæла дæр, ЛИТО-ий сæргълæууæг:
– Мах нур Днепропетровски троцкистти туххæй дзорæн, фал ами, нæхе ’хсæн, таунæги ка исбадтæй, уоци троцкистти фæдбæл ба кæд райдайдзинан дзорун?!
Æма Кодзури-фурт фæрсæгау бакастæй æмбурди президиум æрдæмæ. Облнацрауагъдади директор Булацати Сергей ин дзуапп равардта:
– Партий горком нин уой туххæй нецима бафæдзахста, æма мах уомæ гæсгæ неци дзорæн.
«ХЪУЫСТИ МÆ ЗАРÆГ КЪÆДЗÆХТÆМ, АРЫДТА ХÆХТÆН СÆ ХЪÆР…»
Кæд Фæрнион æма æндæр бунæттон «троцкисттæбæл» æмбурди дзубанди нæ цудæй, уæддæр Кларини уаци хахурти фæсте финсгути Цæдес Къостай æ рæнгъитæй рацох кодта. Уой туххæй 1936 анзи 4 сентябри газет «Пролетарий Осетии»-йи финста, В.Д., зæгъгæ, æ ном ка баримахста, уæхæн: «Фиццаг сентябри Цæгат Иристони финсгути Цæдеси адтæй еумæйаг æмбурд. Æмбурд байгъуста, финсгути Цæдеси сæрдар Боцити Барон, ССР Цæдеси сæйраг Тæрхондони æфсæддон коллегий троцкистон-зиновьевон террористон центри гъуддаги фæдбæл тæрхони туххæй ци доклад искодта, уомæ. Еци æнаккаг профессион бандитти къуар рамардта адæми уарзондæр хъæболæ, революций æхседгæ трибун Сергей Мирони фурт Кирови æма цæттæ кодта террористон акт фæллойнæгæнгути уарзон фæтæг æмбал Сталин æма уой еузæрдиуон æмкосгути нихмæ.
Финсгути æмбурд устур разæнгардæй исæмбалдæй æфсæддон коллегий тæрхонбæл, цæмæй дуйнеуон контрреволюций æрра куйтæ – троцкистон-зиновьевон центри архайгутæ æхст æрцæуонцæ, уой туххæй. Æмбурд æркастæй Цæгат Иристони советон финсгути рæнгъитæмæ æма еузæрдиуонæй æ рæнгъитæй ратардта троцкист Фæрнион Къостай. Е æ уадзимисти бунти ласæгау ласта троцкистти контрреволюцион буржуазон-националистон контрабандæ.
Æмбурд ма никкидæр финсгути Цæдесæй рагæлста троцкист Дзести Кудзæги, е дæр æ радзурдти троцкистон контрабандæласгутæй æй. Финсгути рæнгъитæй тард æрцудæнцæ троцкист Жажити Сардион æма, дууæ хатти фæскомцæдесæй троцкизми туххæй гæлст ка ’рцудæй, буржуазон националист – Къосирати Сæрмæт…»
9 сентябри ба аци газети Бесати Т. æма Епхити Т. сæ уаци финстонцæ: «Фæстаг бæнтти куд исбæрæг æй, уотемæй Цæгат Иристони советон финсгути Цæдеси берæ рæстæги дæргъи æнаккагæй архайдтонцæ троцкисттæ, социализми цифуддæр знæгтæ – Фæрнион Къоста, Дзести Кудзæг, буржуазон националист Къосирати Сæрмæт… Советон финсгути Цæдеси иуонгтæй беретæ зудтонцæ, сæ фарсмæ троцкисттæ æнаккагæй ке архайунцæ, уой, фал син афойнадæбæл агъаззаг нихкъуæрд нæ равардтонцæ… Фæрнион, ниххатир кæнæн кæмæн нæййес, уæхæн троцкист – æгъатирæй тох кодта партий генералон амундтити нихмæ… Æ фулдæр «уадзимистæ» æма, фæстаг рæстæги ке ниффинста, уонæми дæр бæрæг-бæлвурдæй фæууинæн ес, аци илгъаг троцкист дудзæсгон политикæбæл хуæст ке æй, уой. Цъухи дзурдæй, партий гъуддæгутæбæл еузæрдиуон цæмæй уæн, уомæ седтæй, æцæгдзийнадæй ба сæ нихмæ æнауæрдгæй хуæстæй. Уæхæн адтæй Фæрниони тактикæ, уогæ уæхæнттæ адтæнцæ троцкистон-зиновьевон æстегъгути лагери бандиттæ сæ еугурдæр… Еци æнаккаг, контрреволюционертæ сæхецæн астъонæ исбидтонцæ финсгути Цæдеси, æргомгонд æрцудæнцæ æма сæ Советон финсгути Цæдеси рæнгъитæй ратардтонцæ. Фал нæ финсгути облæстон организаци гъæуама æ куст æвæстеуатæй æма цæхгæрмæ уотæ райараза, цæмæй амæйфæстæмæ советон финсгути ’хсæн бунат ма уа троцкисттæн, уорсгвардионтæн, адæми знæгтæн…
Тæккæ еци бон «Рæстдзинад» дæр ниммухур кодта æнæном автори уац «Троцкисттæ литератури куд ниннигъулдæнцæ», уой туххæй. Ами дæр фагæ фæцæнцæ «троцкист æма контрреволюционер» Къоста Фæрнионæн, «троцкист» Жажити С., «буржуазон националист» Къосирати С. æма иннетæн, етæ «фæстаг бонмæ сæ гъар бунæттæ не ’суæгъдæ кодтонцæ». Дууæ боней фæсте 11 сентябри «Рæстдзинад»-и фæззиндтæй уац «Æмбуд либералтæ – знаги фарслæугутæ». Уомæн ба æ автор æхе баримахста дамугъати фæсте: М.А. Мæнæ цитæ финсуй: «Троцкистон-зиновьевон контрреволюцион элементтæ литературон фронти сæхецæн гъар бунат ке иссирдтонцæ, уой туххæй мах финстан «Рæстдзинад»-и. … Æркæсæн, мадта нур ка косуй рауагъдади æма типографий? Аци партион организаций адтæй троцкист, партий фудæзнаг Фæрнион… Еци æмбурди (гъома, 16 августи. – Ред.) Фæрнион дæр радзурдта. Æмбурд уомæн æ «ходæ» исесуни бæсти унаффæ рахаста. Ихæсгонд уæд Фæрнионæн, цæмæй фарсбæл газети куст фæттухгиндæр кæна… Фал ами еунæг Фæрнион нæ архайдта. Рауагъдади тæлмацгæнæгæй куста Дзести Кудзæг. Е 1928 анзæй фæстæмæ нимад адтæй, куд активон троцкист-контрреволюционер. 1928 анзи Дзеси-фурт æма нур рауагъдади хецау Булацати С. еумæ кустонцæ «Рæстдзинад»-и редакций. Булацати С. хуарз зудта Дзеси-фурти цъамар цæсгон, фал æй уæддæр кустмæ райста. Уомæй уæлдай ма уосæ ку ракурдта майи мæйи, уæд æй къохбæлхуæцæг дæр искодта… Рауагъдади абони уæнгæ дæр ма косуй буржуазон националист Тогузати Г. Е уæхæн лæг æй æма фиццаг паддзахади хецауадæн æ къелтæ æстæрунмæ цæттæй лæудтæй. Нур дæр Советон хецауадæ æ зæрдæмæ нæ цæуй… Рауагъдади хæццæ æргом баст адтæй буржуазон националист Къосирати С. дæр. Е цæстфæлдахæн миути фæрци рауагъдадæй æхцатæ цъирдта…»
Лæги цæсгон иссодзуй цъуххæсгути дзурдтæй, фал дессаг: цæйбæрцæ илгъагдæр дзурдтæ дзорунцæ «троцкисттæ» æма «буржуазон националисттæ», уотæ етæ ба лæгæн хъазардæр кæнунцæ, уойбæрцæ син лæг ба тæрегъæд дæр кæнуй – цитæ бавзурстонцæ, ци нæдтæбæл сæ рарвистонцæ мæлæтмæ… Гъо, фал идарддæр, нæхе уорамгæй фæлгæсæн.
«НЕ ‘СТÆРЫН БАРВÆНДÆЙ, ГОМДЗЫХÆЙ БАРДЖЫНТÆЙ ИСКÆЙ ДÆЛФАД…»
Газет «Рæстдзинад»-и 1936 анзи 15 сентябри Хъайтухъти С. нимухур кодта уац «Уæхæн «разамунд» дæттуй Орджоникидзей горком ВКП (б)». Уоми финсуй: «… Партион документтæ æййевгæй Горком арф не ’сбæрæг кодта типографий организаций хекритикæ ке нæййес, хаттæй-хатт ба æлхъивд ке цудæй, е (Курленко), нацрауагъдади æма типографий медæгæ троцкисттæ, буржуазон националисттæ, меньшевиктæ æма æндæр знаг адæмтæ сæхецæн федар астъонæ ке искодтонцæ, е (Фæрнион, Дзеси-фурт, Тогузи-фурт, Колий-фурт, Бобчинский æма æндæртæ). Горком не ’сæргом кодта, еци знæгтæмæ æмбуд либералон цæстингасæй ке кастæнцæ парторганизаци, уæдта рауагъдади æма типографий разамунд, уой. Тогузи-фурт, Колий-фурт æма æндæр знæгтæ ци контрреволюцион куст кодтонцæ, уой нæ равзурста типографий парторганизаци, равдиста политикон хъæрæудзийнадæ. Фал Горком дæр хъæбæр уæлæнгæйтти рацудæй, æма еци гъуддæгутæмæ гæсгæ знæгтæ нуриуæнгæ пурхгонд не ’рцудæнцæ…»
Еу феппайуйнаг: ирон æвзаг, мæгур, нæ кумдта хахуртæ финсун, фал æй уæддæр фудæздухтитæ кодтонцæ.
«Пролетарий Осетии» 22 сентябри, Сталини дзурдтæ, «революцион цурддзæстæдзийнадæ æй, нуртæккæ большевикти тæккæ ахсгиагдæр ка гъæуй, уæхæн менеуæг», зæгъгæ, арæхстгай седтæй Цæгат Иристони партион организацимæ «по-большевистки организовать эту бдительность на всех участках, еще больше укрепить связь с массами, до конца вырвать корешки контрреволюционной мамсуровщины, вести решительную борьбу с троцкистко-зиновьевским охвостьем, буржуазными националистами, шовинистами, против гнилых либералов и примиренцев к врагам партии».
«МА УÆД НЕМÆ САЙÆГ, – КУСÆМ, УТ ХЪÆДДЫХ…»
Фæйнердæмæ цъифкалæн ка кодта, адæмæн æцæг знæгтæ, етæ адтæнцæ, æвæдзи, сæхуæдтæ дæр лæдæрдтæнцæ æма зудтонцæ: берæ газеттæй æнæгъæнæ уацтæ лухгонд æнцæ, берæ уацти бунмæ ба автори муггæгтæ дæр ихæлд æнцæ.
1937 анзи 3 мартъий ÆК (б) П ЦК Пленуми И.В. Сталин доклад искодта: «Партион кусти гъæуагæдзийнæдтæ æма троцкистон, æндæр дудзæсгæнтти бунисæфт фæккæнуни мадзæлтти туххæй». Уоми амудта, зæгъгæ, нуриккон троцкизми нихмæ тохи нур зæронд фæрæзнитæ, дискусситæ нæ гъæунцæ, фал гъæунцæ нæуæг фæрæзнитæ, бундзарæй къахуни æма дæрæн кæнуни фæрæзнитæ». («Пролетарий Осетии», 1937 анзи 30 мартъий). Пленумæн æ кæронбæттæни дзубандий ба никки карздæрæй байагурдта: «…Дууæ дзурди фудгæнгути, диверсантти, шпионти æма æндæрти туххæй. Æз уотæ гъуди кæнун, æма нур алци дæр лæдæрд æй, нури фудгæнгутæ æма диверсанттæ, цийфæнди турусай аууон ку кæнонцæ сæхе, троцкистон уа æви бухаринон, уæддæр косгути змæлди рагæй нæбал æнцæ политикон тагæ æма уонæй ке рауадæй æнæпринципон æма æнæидейон профессион фудгæнгутæ, диверсантти, шпионти, лæгмарти бандæ. Лæдæрд æй е дæр, æма еци господати, куд косæг къласи знæгтæ, куд нæ бæстæбæл гадзирахаттæйцæугутæ, уотæ æгъатирæй дæрæн æма бундзарæй исафун ке гъæудзæнæй. Е бæлвурд æй æма ибæл изолдæр тæрхонтæ нæбал гъæуй», («Пролетарий Осетии», 1937 анзи 2 апърел). 18 апърели ба аци газети Ф. Белоусов финста: «Берæ рæстæги дæргъи Цæгат Иристони советон финсгути Цæдеси правлений бæстæ зманстонцæ æхсист троцкисттæ Фæрнион, Дзеси-фурт, адæми знæгтæ, буржуазон националисттæ Къосирати С., Абайти Ш. Уони æнæмæтæ правлени, æ сæрдар æмбал Боцити Б. нæ раргом кодта, фал бæрнон организацитæ…» Троцкист Фæрнион «коммунистти, æригон райдайгæ авторти уадзимистæ къæхти буни кодта…»
Аци газет 1 майæй фæстæмæ хундтæй «Социалистическая Осетия». Æ ном раййивта, æ уагæ – нæ. 9 майи ами мухур æрцудæй финсгути æмбурди туххæй игъосункæнуйнаг. Æмбурди «Рæстдзинад»-и нæуæг редактор Галати С. загъта:
– Сауæнгæ фæстаг бæнтти уæнгæ финсгути Цæдеси сæйрагдæр позицитæ ахæстонцæ буржуазон националист Къосирати, уæдта троцкисттæ Фæрнион æма Дзеси-фурт. Сæ рæвдауæн авдæнæ иссæй Хонсар Иристони журнал, æ редактор буржуазон националист Бекъой-фурт кæмæн æй, е. Фæрнион æма Дзеси-фурт литератури архайдтонцæ «Малусæг»-и турусай буни – буржуазон-националистон контрреволюций турусай буни. Кæддæр буржуазон националист Къосирати Сæрмæт æма троцкист Къоста Фæрнион кæрæдзебæл сæ сæтæ калунæй нæ аурстонцæ, фал си 1934 анзи е феронх æй æма финсгути Цæдесмæ бабурунмæ кæрæдземæн агъаз кодтонцæ. Басæттун ибæл гъæуй, кæмидæрти æз дæр фудгин дæн…
«ЧИ ‘МБÆРСТА ЦАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆ? ЧИ ЗЫДТА АДÆМОН УАГ?..»
Фæрнион, Кудзæг, Æрнигон, Сæрмæт уæдмæ ахæстдони бадтæнцæ, фал сæ уæддæр уобæл нæ уагътонцæ, мухури сæ фудкой нæ сабур кодта: «Советон финсгути устур ихæс» 1937 анзи «Мах дуг»-и æртиккаг номери раздзурд, циуавæрдæр Губейи уац («Социалистическая Осетия», 19 июни), ами ма Галати С. уац 16 июли…
Сахари дуккаг партконференций горкоми секретарь Шарикян æ дзуаппон доклади Къосирати Сæрмæти, Фæрнион Къостай æма Дзести Кудзæги исхудта «троцкистон æнаккæгтæ, знæгтæ», облæстон 9-аг партконференций резолюций Сæрмæт æма Фæрниони рахудтонцæ «гермайнаг-фашистон шпионтæ» («Социалистическая Осетия», 1937 анзи 22 майи æма 26 июни).
Цæгат Иристони АССР-и Сæйраг тæрхондонæ 1937 анзи 7 августи Фæрнионæн истæрхон кодта 7 анзи ахæстдони фæббадун. 27-аг августи 1937 анзи «Æртей» унаффæмæ гæсгæ фехстонцæ Къосирати Сæрмæти, ахæстдони бадтæй Къоста Фæрнион, фал сæ уæддæр æнцад нæ уагътонцæ.
«Буржуазон националист Къосирати, троцкистон бандиттæ Дзеси-фурт, Мартиросов, Дзасохи-фурт, Дарчий-фурт, Дзагури-фурти хæццæ еумæ кодтонцæ фудгæнгути куст…Троцкистон-бухаринон шпионтæ минкъий фидбилизтæ не ’рхастонцæ, минкъий цъумур миутæ нæ фæккодтонцæ финсгути Цæдеси дæр. Советон финсгути правлений фудæй архайдтонцæ Фæрнион æма Дзеси-фурт, буржуазон националисттæ Къосирати æма Абайти Шамил. Еугур еци знæгтæбæл сæ армæ дардтонцæ Галай-фурт æма Боцити Барон. Финсгути Цæдеси иуонг Нигер æппæлдтæй троцкист Дзеси-фуртæй, аци æлгъистаг знаги исхудта «хуæздæрти æхсæн хуæздæр финсæг», – финста æнæном автор газет «Социалистическая Осетия»-йи 18 сентябри. Дууæ боней фæсте бабæй нæуæгæй: «Буржуазон националисттæ, ирон адæми знæгтæ сæ къохтæмæ федарæй æрбайстонцæ идеологон фронти ахсгиаг хай, рауагъдади гъуддаг. … Ами дзæвгарæ рæстæги редактортæ æма тæлмацгæнгутæ сæхе искодтонцæ Къосирати, Фæрнион, Тогузи-фурт æма æндæртæ. Еци цъамар æнаккæгтæ еугур мадзæлттæй дæр архайдтонцæ, цæмæй мухури контрреволюцион хæлæфæй финст уадзимистæ уадзонцæ. Уотæ рауадæй сæ гъуддаг ирон адæми уæйæгæнгутæн, фашистти фарсхуæцгутæ Къосирати, Дзеси-фурт, Фæрнион æма æндæрти «уадзимистæн»… Буржуазон националисттæ, ирон адæмбæл гадзирахаттæйцæугутæ Къосирати, Фæрнион, Дзеси-фурт æма æндæртæ сæхецæн рауагъдади гъар фусун уомæн иссирдтонцæ, æма уони фарс хуæстæнцæ æма сæ гъæуай кодтонцæ ÆК (б) П Цæгат Иристони обкоми раздæри секретартæ», – финста циуавæрдæр М. Никитин. Уой æвзагæй дзурдта æнæном автор дæр æ уац «Финсгути рæнгъитæ искæдзос кæнæн буржуазон националисттæй», зæгъгæ, уоми. («Социалистическая Осетия», 1937 анзи 24 сентябрь).
Тогойти Данели дæр æрахæстонцæ, зæгъгæ, Фæрнион ку фегъуста ахæстдони, уæд уотæ бакодта: « Цитæ цæуй, цитæ? Иристони хуæздæр адæми æхсунцæ…» Данел æхуæдæг ба æ уац «Возрожденная Осетия»-йи Къосирати æма Фæрниони исхудта «гермайнаг-фашистон шпионтæ» – («СО», 3 июль). Фал нæмæ е дæр уойбæрцæбæл цæмæдесаг нæ кæсуй, уомæн æма æндæр царциатæ дæр цудæй уæди рæстæги: беретæ сæ амæттæгти халæ рахуардтонцæ.
Газет «Социалистическая Осетия» 21 декабри ниммухур кодта Шестаков С.Д. уац «Цитгин Сталин куд ахур кæнуй, уотæ косæн». Е дæрæнтæ кæнунбæл æгириддæр нæ ауæрдуй: «… Райсæн фронти (гъома, идеологон – Т.Ю.) уæхæн хай, куд литературæ æма мухур. Еци ахсгиаг хай адæми знæгтæ берæ рæстæги дæргъи равардтонцæ æлхæди хузи буржуазон-националистон фæсдзæуинттæн, етæ ами исаразтонцæ буржуазон-националистон пропагандæ… Аци хаййи буржуазон-националистон фæсдзæуинттæ, тæккæ фиццагдæр ба уæхæн реакцион буржуазон националист, куд Къосирати, Иристони советон финсгути Цæдес, зæгъгæ, уæхæн кустуати аууон исаразтонцæ литератури адæми знæгти филиал… Ецирдигæй Фæрнион, Дзеси-фурт, Малити Г., Тогузи-фурт æма иннетæ сæхуæдтæ дæр фагæ æнцæ – етæ нæ фæллойнæгæнгути «исамондгун» кодтонцæ уæхæн «шедевртæй», куд «Уади унæр», «Фембæлдмæ» æма уотæ идарддæр. Аци «скъолагонд» фæсевæди зундирахаст маргигъæстæ кодта, литературæн цæттæ кодта контрреволюцион буржуазон-националистон кадртæ… Нæ республики фæллойнæгæнгути агъазæй пролетарон диктатури оргæнтæ батухстæнцæ буржуазон-националистон банди «рыцæртæбæл», æма сæхеуон сæхе фæууодзæнæй…»
Шестаков æма Къубалти Александри кой дæр кæнуй. Уæдмæ бал Къосирати Сæрмæт æма Къубалти Александрæн «сæхеуонтæ сæхе фæцæнцæ» – æнæ тæрхонæй сæ фехстонцæ, Дзести Кудзæг æма Малити Геуæргийæн даргъ æмгъудтæ ахæстдони фæббадуни тæрхон искодтонцæ, Фæрнион æма ма Æрнигонæн еци уаци фæсте райзадæй 9 æма 15 бони цæрун. 1937 анзи 28 декабри Цæгат Иристони АССР Медгъуддæгути адæмон комиссариати «Æртей» унаффæмæ гæсгæ Фæрниати Солтий фурт Къостайæн фехсуни тæрхон рахастонцæ æма ’й дууæ боней фæсте фехстонцæ.
Газет «Социалистическая Осетия» 20 декабри финста, зæгъгæ, паддзахади æдасдзийнади хестæр лейтенант Шестаков С.Д. æй «бæгъатæр чекист, партий еузæрдиуон иуонг, социализми бæсти æууæндгин хъæболæ, æ цитгин кустæн æхе ка иснивонд кодта, уæхæн». 24-аг декабри ба газет нæуæгæй игъосун кодта, зæгъгæ, Шестаков æма е ’мбæлттæй еуцалдæремæн лæвæрд æрцудæй Сурх Стъалуй ордентæ – «фæнзуйнагæй, сæхебæл æнауæрдгæй паддзахадон ихæс ке исæнхæст кодтонцæ», уой туххæй. Рацæудзæнæй ма еуминкъий рæстæг, уæдта Шестаков исуодзæнæй Медгъуддæгути адæмон комиссари хуæдæййевæг æма Цæгат Иристони АССР Сæйраг Совети депутат. Уæдмæ 1939 анзи 27 августи нæуæг игъосункæнуйнаг: Партий Цæгат Иристони обкоми бюрой унаффæмæ гæсгæ партий рæнгъитæй гæлст æрцудæнцæ… Самуил Дмитриевич Шестаков куд адæми знаг». Уæдта, æвуд адæми ке исафта, уой туххæй ин æхе дæр фехсдзæнæнцæ.
«ДИДИНÆГ БАМПЫЛДИС МАЛЫ ЦУР, НАЛ УЫД ЙÆ КОЙ ДÆР, ЙÆ ХЪÆР…»
Зæронд Солтий æ фурти туххæй кумæ нæ цудæй, ке нæ фарста, фал ин аллирауæну дæр дзурдтонцæ, æ гъуддæгутæмæ ин нæуæгæй æркæсун нецæмæн гъæуй, раст тæрхон ин искодтонцæ, зæгъгæ. Е ба æууæндтæй æ фурти дзурдтæбæл, æрахæссуни размæ ин ке загъта, уонæбæл: «Мæн туххæй газетти ци финсунцæ, е раст нæй. Ма сæбæл æууæндæ». Фæстагмæ Солтийæн загътонцæ, Къоста ахæстдони фæссæйгæ ’й æма рамардæй, зæгъгæ. 50-аг æнзти, Къубалти Александри, Æрнигони æма æндæрти нæмттæ кæдзос кæнун ку райдæдтонцæ, уæд Солтий дæр республики прокурор Климентьевмæ æ гъаст бахаста. Е ба Сæйраг тæрхондони Президиуммæ ниффинста: «… Фæрниати Къостай зулун кодтонцæ æвдесæнтæ Неткачев В.Ф., Мамити Г.А., Мамити М.Т., Ловкис Н.Г., Собесский Д.А., Кошелев И.С., Гæмæхарти А.М., Райков М.И. æма Лекти М.Г. дзурдтæмæ гæсгæ. Фал аци æвдесæнти дзурдтæ Фæрниони антисоветон архайдбæл дзорæг нæ ’нцæ, уомæн æма си, ка баруагæс уа, еунæг уæхæн æвдесæн дæр нæййес, Фæрнион антисоветон агитаци куд кодта, уомæн.
Ахæстдони ку дзурдта, Иристони хуæздæр лæгти æхсунцæ, зæгъгæ, – Бутати Хъ, Къосирати С., Барахъти Г., Тогойти Д. æма æндæртæй, уæд е антисоветон агитаци нæй, уомæн æма еци адæм еугурæйдæр реабилитацигонд æнцæ, æвудæй син тæрхонгонд ке ’рцудæй, уой туххæй.
… Æ гъуддаги æгириддæр уæхæн æрмæг нæййес, Фæрнион националистон къуар исаразта æма е литературон косгути ’хсæн контрреволюцион куст кодта, зæгъгæ, уобæл ка дзоруй. Æ гъуддаг æвзурст цудæй, уголовон-процессуалон кодекси домæнтæ гумери хузи ихалгæй».
Цæгат Иристони Сæйраг тæрхондони Президиум 1958 анзи 6 мартъий Фæрниати Солтийи фурт Къостай туххæй тæрхон раййивта, æ архайди фудракондæй ке неци адтæй, уой бундорбæл.