27 декабря 2024

СИЛГОЙМАГИ ФАРНÆЙ КУД ИСФЕДАУА ЦАРД!..

10.06.2022 | 17:20

Нæ республики силгоймæгти Советæн æрæги ци æмбурд адтæй, уоми дзубанди цудæй нæ абониккон цардарæзти берæ ахсгиаг фарстати æма уони гъæугæ хузи райаразуни фæдбæл.

Дзубанди дæр ибæл нæййес, берæ гъуддæгути силгоймаги зундирахаст ахедгæдæр æй, берæ цæмæдæртæмæ хуæздæр исарæхсуй. Æ ацъагъуæдзийнæдти туххæй бæрзонд цæстиварди адтæй сауæнгæ нæ рагфидтæлтæмæ дæр. Уонæй нæмæ уой фæдбæл берæ дессаги таурæхътæ æрбахъæрттæй. Сæ еугурей ракой кæнуни равгæ нин нæййес, фал си еуей ба æримисдзинан.

Цæветтонгæ, недзаманти цардæнцæ тугъдцомахъ силгоймæгтæ – амазонкитæ. Скифтæ сæ нæлæстæгмаргутæ худтонцæ. Уомæн æма, цæуæт кæмæй уагътонцæ, еци лæгти, уæдта сæхецæй игурд биццеути дæр маргæ кодтонцæ. Сæ кизгутти ба ахур кодтонцæ тугъдон гъуддæгутæбæл.

Скифтæ сæ ку базудтонцæ, ка ’нцæ æма ци ’нцæ, уой, уæд сæ нихмæ тох кæнуни бæсти баунаффæ кодтонцæ амазонкитæмæ сæ лæхъуæнтæй барветун, цæмæй æрлимæн уонцæ: уомæн æма сæ еци тугъдон силгоймæгтæй гъудæй федар цæуæт – муггаг.

Скифти æрвист фæсевæд, сæ хестæртæ син куд байамудтонцæ, уотæ бакодтонцæ. Кутемæйти, е дæргъвæтийнæ дзубанди æй, уомæ гæсгæ ба ’й цубурæй зæгъдзинан: адтæй-нæ-адтæй, уæддæр амазонкитæ скифти лæхъуæнтæн иссæнцæ сæ бийнойнæгтæ.

Лæгтæн сæ уостити æвзаг исахур кæнун сæ бон нæ бацæй, фал уоститæ ба базудтонцæ сæ лæгти æвзаг. Æма кæрæдзей лæдæрун ку райдæдтонцæ, уæд лæгтæ загътонцæ амазонкитæн:

– Махæн ес ниййергутæ, есбон. Идарддæр уæхæн цард кæнун нæ бон нæбал æй, уомæ гæсгæ ба нæ фæндуй нæхеуæнттæмæ раздæхун æма нæ адæми ‘хсæн цæрун. Сумах дæр рацотæ, еунæг сумах уодзинайтæ нæ уоститæ, æндæртæ нин нæ уодзæнæй.

Уой фæдбæл син амазонкитæ равардтонцæ уæхæн дзуапп:

– Махæн нæ бон нæй уæ силгоймæгти хæццæ цæрун. Уомæн æма не ’гъдæуттæ, нæ цардиуагæ еу нæ ’нцæ… Мах фатæй æхсæн, арцитæ æхсæн æма бæхтæбæл догъи уайæн, силгоймаги куститæбæл ба ахур нæ ан. Уæ силгоймæгтæ ба, ке ранимадтан, еци гъуддæгутæмæ нæ арæхсунцæ, айдагъдæр æнхæст кæнунцæ силгоймаги куститæ, бадунцæ æхгæд уæрдунти, цауæн нæ кæнунцæ, æгириддæр некумæ цæунцæ. Гъе уомæ гæсгæ сæ хæццæ нæ бафедаудзинан. Кæд уæ фæндуй, цæмæй мах уæ уоститæ уæн, уæхуæдтæ ба раст адæймæгутæ, уæд уæ ниййергутæмæ фæццотæ æма уæ фæллойни хай рахæссетæ. Ку ‘рбаздæхайтæ, уæдта, цæй, æма хецæнæй нæхецæн цæрæн.

Аци таурæхъ бакæсгæй кадæр, ка ’й зонуй, бадес кæндзæнæй, гъома, нуриккон цардарæзти фæдбæл дзубандий ба недзамайнаг хабар ци ’рдигæй багъудæй. Еуемæй, уинетæ ’й, амазонкитæ куд дессаг исарæхстæнцæ скифаг сахъ лæхъуæнти сæхе уайæнти рауайун кæнунмæ; иннемæй ба, абони бустæги æндæрхузон уавæрти дæр силгоймаг берæ цæмæдæрти нæлгоймагæй зингæ рауон-циуондæр разиннуй. Уомæ гæсгæ ба, мæнæ ци æмбурди кой кæнæн, уоми æ радзубандий нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр комкоммæ куд баханхæ кодта, уотемæй, силгоймагæн Кавкази рагæй-æрæгæмæ дæр уæлдай устур кадæ адтæй:

– Силгоймаги усхъитæбæл нуртæккæ царди берæ уæзæ æрæнцадæй: хæдзари гъуддæгутæй уæлдай ма косгæ дæр кæнуй æма ма æхсæнадон царди ахсгиаг фарстатæ рæстмæ райаразуни гъуддаги дæр баргъонæй архайуй. Раст зæгъгæй, æз арази некæд адтæн, цæмæй силгоймаг æфсади службæ кæна, уобæл. Фал цардарæзтмæ ба алли доги дæр æхе аразигæнæг фæтки раргом уй, æма нуртæккæ берæ силгоймæгтæ сæхецæн аккаг кæнунцæ æфсæддон карнæ, равзурстонцæ Фидибæстæ гъæуай кæнуни дæсниадæ сæ ихæстæ нæлгоймæгтæй лæгъуздæр не ’нхæст кæнунцæ. Нуртæккæ æхсæнади медæгæ уавæр уотæ ’й, æма фулдæр силгоймагæй аразгæ ’й ирæзгæ фæлтæри гъомбæладæ дæр.

Нæ нуриккон фæсевæди туххæй дзоргæй, фиццагидæр, кæсун гъæуй, æ ниййергутæ си кæмæн ка ’нцæ, уомæ нæ, фал етæ сæхуæдтæ сæхе ци хузи æвдесунцæ æхсæнади, цæйбæрцæбæл сæхе ихæсгин кæнунцæ æхсæнадон ихæстæй, кутемæйти аразунцæ сæ карнæ. Уой фæдбæл дзоргæй, республики силгоймæгти Совети разамонæг Хабицти Ларисæ æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй, зæгъæн, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн æ дууæ фурти дæр абони архайунцæ тугъдон операций Украини.

Æма ма берæ æндæр ауæхæн дæнцитæ æрхæссæн ес. Хабицти Лариси хæццæ ма арази ан уомæй дæр, æма абони Донбасси сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, уонæй беретæн, æцæгæйдæр, равгитæ адтæй сæхе еци уæззау æма тæссаг гъуддагæй фæттиллеф кæнунæн – кæми сæ ниййергути фæрци, кæми ба æндæр цæйдæрти фæрци. Фал уæхæн миуæ сæ сæрмæ не ‘рхастонцæ, разиндтæй сæмæ лæгдзийнадæ, æма рæстзæрдæй æнхæст кæнунцæ се ’фсæддон ихæс. Æма син Хуцауæй еци корæги корæн, цæмæй сæ хæдзæрттæбæл исæмбæлонцæ цардæгасæй æма æнæгъигæдардæй.

Нур ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма Райгурæн бæстæн тæссаг ку уидæ, æндагон знæгтæ имæ ку æрбалæбориуонцæ, уæд æ сæрбæлтау тохмæ еци еузæрдиуонæй фæннæхстæр уиуонцæ нæ тохунгъон дзиллæ – хецауеуæггæнæги æви хумæтæг фæллойнæгæнæги цæуæт æнцæ, уой нæ нимайгæй. Зæгъæн, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ фронти тох кодтонцæ Советон Цæдеси уæлдæр разамонгути фурттæ дæр.(Уой туххæй æрмæг кæсетæ       6-7-аг фæрстæбæл.)

Æмбурди ци берæ фарстатæбæл цудæй дзубанди, уонæн сæ еугурей туххæй бæлвурдæй радзоруни равгæ нин нæййес, уомæн æма нин нæ редакцийæй уордæмæ неке байагурдтонцæ, цæмæдæр гæсгæ сæ нæ багъудан. Фал си уæддæр кæцидæрти кой ба ракæндзинан – иннæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæй сæ кутемæй базудтан, уотемæй. Еци æмбурди, дан, дзубанди рацудæй нæ маддæлон æвзаги уавæри фæдбæл, бæлвурддæрæй ба – цæмæй нæ республики Конституцимæ хаст æрцæуа уæхæн æййивддзийнадæ, кæцимæ гæсгæ дигорон æвзаг диалект гъæуама ма хунна, фал ин лæвæрд æрцæуа æвзаги статус. Аци фæндони фæдбæл ка радзурдта, уонæй кедæрти гъуди адтæй: ауæхæн фарстатæ æвæрд ке цæуй, е устур таси æфтауй æхсæнадæ. Æнæуойдæр, дан, бæрцæй армидзагæй æндæр нæ ан, æма уæхæн гъуддæгутæбæл дзоргутæ архайунцæ бустæгидæр нæ ниддехтæ кæнунбæл.

Аци хузи дзубандитæ бустæги æнæбунати ‘нцæ. Еуемæй, дигорон æвзаги сæрбæл ка дзоруй æма æ хуæздæр исонибонбæл ин ка архайуй, уони еугурæй дæр хилкъахгутæбæл æма нæ адæми дехтæгæнгутæбæл нимайæ, е æгириддæр раст нæй, е æримисгæ миуæ æй. Иннемæй ба, мæнæ бабæй фæстаг рæстæгути дигорон æвзаг æма литератури нихмæ, гъома, æгириддæр нæ некæми гъæунцæ, зæгъгæ, еци мæстæлгъæй ка дзоруй, еци къæсибадгутæн цæмæннæ бауайдзæф кæнунцæ? Уотемæй ба еци дзæнгæдацæгъдгутæ æцæгæй æнцæ хилкъахгутæ, нæ адæми кæрæдзебæл ардаугутæ.

Дигорон æвзаги статусбæл дзоргутæн ба уайдзæф нæ кæнæн – сæ гъуди зæгъуни барæ сæ ес, – фал сæ уотæ бафæрсуйнаг ан: нур дигорон æвзагæн Конституцимæ гæсгæ æвзаги статус ке нæййес, уой фуд æй, нæ маддæлон æвзагбæл ци еунæг газет «Дигорæ» æма еунæг журнал «Ирæф» уагъд цæуй, уони бæрцæй хъæбæр минкъий, ходуйнаги минкъий адæм ке рафинсуй, е? Мадта уотæ зæгъæн: дигорон æвзаги карнæбæл æцæгæйдæр ка тухсуй æма ин хуæздæр исонибон ке зæрдæ зæгъуй, етæ сæ еци уодиконд уотид дзубандитæ кæнуни разæй бал бавдесæнтæ уомæй, æма дзиллонæй рафинсæнтæ нæ дигорон газет æма журнал.

Æмбурди ма дзубанди рацудæй Задæлески Нанай туххæй – гъома, дигорон адтæй æви ирон, зæгъгæ. Уой фæдбæл дзубанди буцæугомау рауадæй, æма бабæй си райгъустæй уæхæн гъуди дæр: нæ адæми еудзийнадæн тæссаг ци фарстатæ ’нцæ, уонæмæ æвналун дæр нæ гъæуй. Еци гъуди, æвæдзи, бустæги раст нæй. Æхсæнади медæги ци дзубанди иситинг уа, уой цийфæнди ку гъос кæнай, цийфæнди тасæфтауæг ку хонай, уæддæр ин рæстæгæй-рæстæгмæ æнæфæззинæн нæ уодзæнæй, хе пайдайæн ардауæн миутæ ракъахгутæ алкæддæр разиндзæнæй. Уомæ гæсгæ ба, æхсæнади медæгæ ци æзгулигæнæг фарстатæ фæззиннуй, уонæбæл гъæуама дзоронцæ, кæрæй-кæронмæ сæ ка зонуй æма рæстдзийнадæ зæгъунгъон ка ’й, уæхæн ахургæндтæ æма специалисттæ, æндæра цидæр æмбурдти уотид радзорæ-бадзоритæ ба зæранæй уæлдай неци ’нцæ. Æма нæ зæрди ес, мæнæ уæлдæр ци фарстати кой ракодтан, уонæбæл бæлвурддæрæй æрдзорун.

***

Задæлески Нанай туххæй дзоргæй, Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти институти директор, историон наукити доктор Хъанухъуати Зæлинæ æ радзубандий уотæ загъта:

– Еу силгоймаги бон бацæй аланти байзайæггæгти багъæуай кæнун, уæд нуртæккæ мах бон нæ Иристони багъæуай кæнун нæ бауодзæнæй?..

Аци фарста æ бунати æй, фал ин мах ба циуавæр дзуапп ратдзинан.

 

БИЧИЛТИ Алетæ