19 апреля 2024

ТЕМУР-АЛСАХЪ

11.11.2021 | 10:37

Цæгат Иристони адæмон артист БИТЪÆТИ Роберт кинонивæ «Темур-Алсахъ»-и хестæри роли.

Малити Геуӕргий уадзимистӕ сӕ уӕлтӕмӕнадӕй цӕмӕдессаг иссӕнцӕ аййевади иннӕ къабӕзти архайгутӕн дӕр: кӕцидӕртӕмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцудӕй зартӕ, спектакльтӕ… Берӕ ибӕл нӕма цӕуй, уотемӕй ба нӕ зундгонд ӕмзӕнхон Хъамболти Марати проекти фӕрци фӕззиндтӕй телекинонивӕ «Темур-Алсахъ». Архайунцӕ си нӕ бӕсти ӕма не ‘мзӕнхон зундгонддӕр артисттӕ.

Абони мухур кӕнӕн Малити Геуӕргий поэмӕ, еци телекинонивӕй ист къарти хӕццӕ.

 

Фиццаг хай

 

I

Ледзгӕй гъӕди хурфи аууон,

Тундзуй Ирӕфмӕ Хӕзнидон.

Пихсӕй ӕхгӕд ӕма ӕдзӕр,

Дӕттуй хӕстӕгмӕ нидӕн гъӕр.

Хӕтуй ханси медӕг ӕдас

Хӕстӕг донгӕнттӕмӕ цъӕх арс.

Йесгӕд ӕд хуали бонигон

Кӕд ӕвеппайди цауӕйнон

Хӕссуй и донмӕ и над-над

Йе стонг, йе ‘донуг, ӕ фӕллад

Рӕубес донгӕрони пихсӕй

Ӕваст фесхъӕтӕг уй тӕссӕй…

Кӕлуй Ирӕфмӕ Хӕзнидон, –

Уомӕн гӕмӕхи ӕ билгон,

Хӕстӕг гъӕдбунмӕ гъӕу лӕудтӕй, –

Нур дӕр зӕгъунцӕ, – Кет хундтӕй.

II

Йеухатт хорбадӕни и Кет

Студта уӕлфингӕ берекет.

Кодта хебари бӕрӕгбон,

Кодта мийнасӕ ӕ фӕндон.

Ивулд бӕгӕни ӕд арахъ,

Цудӕй ӕ цийнӕ идтӕг сахъ.

Рӕнгъӕй уагътонцӕ гагидау…

Уӕд ӕвеппайди цавддорау

Бӕхгин сӕ сӕргъи фӕссӕгъдӕй.

Ӕмбурд йе ‘тингӕй фӕууӕгъдӕй.

– Корун, байгъосетӕ мингий, –

Зӕгъуй ӕмбурдӕн Аузбий, –

Се ‘лдар кӕсӕгӕн Дзасболат

Истуй гъӕугони ӕд ӕфсад.

Сумах – кетонти и ӕлдар

Хонуй абони хъалондар.

Хъалон – ӕд рӕвдзӕ саргъи бӕх,

Кизгай – рӕсугъд ӕма дзӕбӕх.

Кӕд уой дӕдтайтӕ барвӕндӕй,

Уӕд уодзинайтӕ цох зинтӕй.

Фал кӕд нӕ уайтӕ коммӕгӕс, –

Зонетӕ уой, – зӕгъун уин ӕз,

Уӕд гъӕу ке ‘ссердзӕнӕй ӕфхуард,

Унгӕг ке суодзӕнӕй уӕ цард.

Ӕнгъуд изӕрмӕ… Цӕй, хуӕрзбон,

Цӕттӕ кӕнетӕ уӕ хъалон!

Дзуапп нӕ райсгӕй, фӕддунд ӕй

Бӕхгин уайтагъддӕр и унгӕй.

Ситинг ӕй уӕд мед адӕм загъд, –

Дзуапп гъӕуй ӕлдарӕн тагъд.

Ӕнцӕ Дигорӕ хецмӕрез,

Ӕлдар хуннуй сӕмӕ стур нез.

Гъенур цийни усми ӕ кой

Уонӕн ку ‘йхалуй, ку, се ‘нцой…

III

Кӕсуй и гъӕумӕ Дзасболат,

Зилдӕй истуй ибӕл ӕфсад.

Сӕ бӕхтӕ хъал ӕма тӕлтӕг,

Хуррутт кӕнунцӕ игъӕлдзӕг.

Идӕнттӕ, сӕргътӕ, думетонг

Ӕнцӕ ӕвзестӕй фур йефтонг.

Нӕййес уони ‘хсӕн мӕгур лӕг,

Ӕй си алке дӕр тухгӕнӕг.

Уонӕй алке дӕр ӕй уӕздан.

Адтӕй сӕ догӕ, сӕ дзаман!

Уӕд ӕристадӕй ӕд лӕдзӕг

Уӕлдор сӕ размӕ ӕрвист лӕг.

Ӕ сӕр сиргъувгӕй фур бӕрзонд,

Зӕгъуй ӕлдарӕн и зӕронд.

– Ӕз дӕн кетонтӕй мийнӕвар,

Нӕ ан, зӕгъунцӕ, мах цагъар.

Хонӕн нӕ сӕртӕ нӕ фӕндон,

Ӕлдар ма ‘горӕд ни хъалон.

Мах иуазӕгбӕл ӕхцул ан.

Кӕд иуазӕг дӕ – цӕттӕ ан

Дӕуӕн дӕттунмӕ фусунау

Кӕрдзин ӕд цӕнхӕ, ӕд ӕгъдау.

Кӕд тухгӕнӕг дӕхе хонай,

Уӕд ду гъӕуама уой зонай,

Ке ан кетонтӕ ӕверхъау,

Мӕлӕт ке райсдзинан фӕлтау.

Ӕлдар нийвадӕй, зуст кӕнуй,

Сиргъувуй йе ‘хсӕ ‘ма зӕгъуй:

– Мӕнӕн мӕ фӕндӕ, мӕ тӕрхон

Федар ку ӕнцӕ, куд ӕндон.

Мӕн дзурд ӕййевгӕ некӕд ӕй,

Мӕн Кет ма ‘рветӕд ревӕдӕй.

Хъалон – ӕд рӕвдзӕ саргъи бӕх,

Кизгай – рӕсугъд ӕма дзӕбӕх.

Гъеуой кӕд н ‘айтӕ дӕттуйнаг,

Уӕд мин уӕ сӕртӕ додоййаг.

Ӕлдар, цит, йе ‘хсӕ ниттелуй,

Мӕстӕй ӕ билтӕ ӕууелуй…

– Де ‘взист ниууадзӕ, уо, ӕлдар,–

Зӕгъуй ӕнцойнӕ мийнӕвар,-

Хилӕй федауцӕ хуӕздӕр ӕй.

Де ‘взист кетонтӕн ӕгӕр ӕй.

Уӕд дин зӕрдесгӕ мӕ лигъз дзурд,

Ӕлдар, ма саразӕ лӕбурд!

Зуст фӕгъгъӕр кодта Дзасболат:

– Ниууо, фӕлтауги, цӕй, ӕнцад!

Уӕлдай ма дзорӕ, уо, кеттаг,

Конд уа гъӕуама мӕ гъуддаг!

Ӕлдар ку ‘ргъазуй ӕ бӕхбӕл,

Зӕнхӕй фесхъеуй, цит, гӕппӕл.

Кеттаг и гъӕумӕ фӕццӕуй, –

Уой Кет йе ‘мбурди ку хезуй.

IV

Хор фӕййаууон ӕй… Ӕрхӕццӕ ‘й

Изӕр уайтагъддӕр и хуӕнхтӕй.

Цӕфсуй уӕлгъӕдӕ сурх ӕхсед, –

Йе ‘мбурд нӕма ‘йхалуй и Кет.

Уӕд нигъгъӕр кодта, ни, уосай:

– Уо, Кет, ку фӕдтӕ ӕнирай!

Ӕлдар йеу кизги фӕххӕссуй, –

Фӕдес, зианбӕл ка тухсуй!

Уо, ци фӕцайтӕ, уо, фӕдес,

Кӕд ма и Кети лӕгтӕ йес!

Ӕмбурд фегуппӕг ӕй тухуаст,

Ӕрвдзавд фӕцӕй цума ӕваст.

Ка ӕ бунати къех истуй,

Ка и гъӕунги фӕлледзуй,

Ӕ топп ӕ къохи, уотемӕй, –

Йеунӕг, ӕвӕдзи, сӕдемӕй.

Ка си фестадӕй сонт тӕрхъос,

Ниццӕй и къуми къуругъос,

Ка цурд фелвасуй ӕ хъӕма, –

Гъӕуама знаги бадӕма!..

V

Фӕсгъӕу йеу рауӕн устур хард

Цудӕй изолти кӕрзӕвард.

Зиндтӕй хӕрдӕбӕл унгӕг над, –

Уобӕл ку сраст ӕй Дзасболат.

Бӕхбӕл ӕд кизгӕ – ӕд хъалон,

Хиццаг куд н ‘адтӕй, куд, бӕлццон!

Фӕсте – уӕздантӕ рӕнгъитӕй

Цудӕнцӕ харди бӕхгинтӕй.

Ӕлдар уӕлхардмӕ исхӕццӕ ‘й,–

Ӕваст ӕ размӕ лӕг фӕцӕй.

Ӕлдар фӕрсуй ӕй: – Уо, лӕгай,

Ка дӕ, кӕмӕй дӕ – знаг ма уай?

– Ӕз дӕн кетонтӕй фӕдесон, –

Кӕсай дӕхемӕ, уо, кӕсгон!

Фергъувд ӕй топп, ӕма цӕфӕй

Ӕлдар ку расхъиудтӕй бӕхӕй.

Ӕваст фенсарӕнцӕ ӕфсад,

Катай фестадӕй син сӕ над.

Къуӕрдгай фӕцӕнцӕ и уӕлхард,

Лӕудтӕй сӕ размӕ лӕги мард.

Кеттаг се ‘схъӕртмӕ фӕддунд ӕй,

Кизгай и гъӕумӕ фӕллигъдӕй.

VI

Уайтагъд ӕхсӕвӕ ӕрхӕццӕ ‘й,

Ӕфсад фӕндагбӕл ниррӕнгъӕ ‘й,

Ӕлдар фӕцӕй син хӕсгӕ мард,

Цӕун гъӕуй сӕ фур идард.

Дуйне ӕнцойнӕ сӕ фалдзос,

Ӕнкъард кӕсуй сӕмӕ мӕйрохс.

Йеу дзурд, йеу хъипп си нӕ цӕуй…

Айдагъ изоли уг кӕуй…

Фал ка ‘й, фӕндагбӕл ка ледзуй?

Ӕнцой ӕ бӕхи нӕ уадзуй.

Ӕй йе Кӕсӕгмӕ гъӕргӕнӕг.

Исон фегъосдзӕнӕй Кӕсӕг

Ӕд цъел, ӕд мелӕ фуд хабар –

Фӕцӕй Дигори мард се ‘лдар…

 

Дуккаг хай

VII

Ду бафӕрсай гъӕуама мӕн,

Ка ‘й, кӕмӕй адтӕй и лӕхъуӕн,

Уӕлхард ка скодта хъазауат,

Коййаг исцӕй нин нур ке фат?..

Темур-Алсахъ худтонцӕ уой, –

Цӕрӕд муггагмӕ нур ӕ кой…

Мулкӕй мӕгур, нифсӕй идзаг,

Худта алке дӕр уой лӕггаг.

Алсахъ, – йеу загъдӕй, гъе уотӕ ‘й…

Адтӕй и кизгӕ Сеойтӕй.

Рӕсугъд, ӕвзонг ӕма гъӕздуг,

Гурӕй федауцӕ ‘ма индтуг,

Цӕститӕ – ирд ӕма сӕнтсау,

Ӕрфбун зиндтӕнцӕ ӕхсӕвау…

Гъардта зӕрдитӕмӕ тухуаст

Уонӕн сӕ уиндӕ, сӕ фӕккаст.

Ӕй уӕхӕн силӕ хецмӕрез, –

Исуй фӕстагмӕ зӕрди нез.

VIII

Фӕсгъӕу кетонтӕн йес ӕмбурд, –

Цӕуй изолмӕ сӕ гъӕр дзурд…

(Идарддӕр 32-аг фарсбӕл)

Сӕ йеу хестӕртӕй загъд хӕссуй:

– Темур-Алсахъ, нур анз цӕуй,

Кӕдӕй Сеойти Дигизай

Ду ӕ зӕронд фидӕй курдтай,

Фал йе не ‘скодта уӕд аккаг

Дӕу исесунмӕ хӕстӕггаг…

Худта мӕгур, ӕвӕдзи, дӕу.

Уинис гъенур, – абони гъӕу

Ӕмбурд ӕрцӕнцӕ дӕу туххӕй.

Кӕнӕн нӕ арфӕ ӕмдзухӕй…

Дзиллӕн сӕ кадӕ ‘ма сӕ нифс

Нур дӕ тӕрнихбӕл ду хӕссис.

Ӕлдар – фудгол ӕма ӕзнаг –

Фӕцӕй дӕ фӕрци исӕфтдзаг…

Нӕй хаст дӕ фӕрци Дигиза,

Нур дин гъӕуама исбӕзза

Йе уодӕнбалӕн барвӕндӕй…

Ӕ дзурд зӕгъӕд Сеой-фурт, цӕй!

Уӕлдорӕй уӕд фестадӕй лӕг,

Ку ‘рсадзуй зӕнхи ӕ лӕдзӕг,

Бунмӕ ӕ закъӕ ӕрсӕрфуй,

Кӕсуй Алсахъмӕ ‘ма зӕгъуй:

– Кизгай хъалони хаст цудӕй,

Алсахъ ӕ хъаурӕ, ӕ нифсӕй

Байста фӕстӕмӕ знагӕй уой, –

Цӕрӕд ӕд кадӕ нур ӕ кой…

Фӕууӕд мӕ кизгӕ нур йе ‘нкъай,

Донмӕ ‘й ку не ‘нтъохун, уоххай!

Рӕвдзӕ ‘й ӕмбурдӕн ӕ зӕгъддаг, –

Исцӕй Сеой-фурт арфиаг.

Ка ин ӕ къохмӕ ӕвналуй,

Ка ин ӕ ходӕ исесуй.

Уӕд фӕццӕйгъосӕй и булгъахъ, –

Дзоруй кетонтӕмӕ Алсахъ:

– Цӕуй нур анз фулдӕр, ай-гъай,

Курдтон Сеойти Дигизай,

Фал аргъ не скиндӕй уӕд мӕнӕн.

Нур ма дзубанди ӕй цӕмӕн?

Алсахъ нӕ уайдӕ уӕд Алсахъ,

Нур ма ку райсидӕ и халхъ.

Цӕфстӕй зӕрди буни и уарзт,

Фехста изолмӕ уой фуд маст.

Ай-гъай, нистъалдӕй нур ӕлдар,

Фал дӕн цӕй туххӕй ӕз лӕгмар?

Ӕз нӕ уодӕнсун ӕлдайрад…

Цӕттӕ ‘й дӕттунмӕ мӕ цурд фат

Нихкъурцц ӕлдартӕн ӕдӕрсгӕй, –

Йетӕ цӕгъдунцӕ нӕ мӕстӕй,

Лӕкъун кӕнунцӕ нин нӕ цард…

Зин, ӕнӕ бӕрцӕ ӕй се ‘фхуард, –

Ӕз нӕ хӕссун мӕ сӕрмӕ уой.

Додой ӕлдартӕн нур, додой!

Мӕнбӕл сиййевдзи ӕй и хор,

Мӕн маке хонӕд нур уосгор…

Цӕрӕд ӕд фарнӕ Дигиза, –

Ӕдас, ӕнцойнӕ ирӕза.

Мӕнӕн ма кӕнтӕ уой лӕвар,

Ӕз дӕн ӕлдартӕй нур тогдар…

Фӕрсӕй кӕсуй мӕмӕ адзал…

Ӕнцӕ ӕрмӕст мӕнӕн ӕмбал

Мӕ топп, мӕ кард ӕма мӕ бӕх.

Зӕнхӕн ӕ сау, арвӕн ӕ цъӕх, –

Мӕнӕн игъауги нӕбал йес, –

Ӕз дӕн хӕлхъой ӕма фӕдес! –

Темур-Алсахъ фӕцӕй ӕ дзурд.

‘Дзинӕг кӕсуй имӕ ӕмбурд.

Адӕм фӕцӕнцӕ ӕвеллон.

Уомӕн неке сцӕй дзуапгъон…

IX

Лигъдӕй афонӕ бон-бонгай.

Медгъӕу кетонтӕ сабургай

Сӕ куст кодтонцӕ, фал уӕддӕр

Ӕдас ку н’ адтӕй сӕ къӕсӕр…

Гъонгӕс гъӕди хурфӕй йеу бон

Уидта изолмӕ сӕумигон, –

Фӕндаг байдзаг ӕй бӕхгинтӕй.

Тӕрсунцӕ мӕргътӕ сӕ уиндӕй.

Тумугъ цудӕнцӕ тар мегъау,

Сӕ уинд нимӕттӕй ӕй сӕнтсау.

Йе Дзасболати фурт Ахъбад

Цӕуй и Кетмӕ ӕд ӕфсад.

Ахъбад йе ‘фсадӕн – финдздзӕуӕг.

Ӕ бӕх – бӕрзонд ӕма тӕлтӕг.

Ку ‘ргъазуй лигъзи хаттӕй-хатт,

Ругӕй райдзаг уй уӕд и над.

Цӕуй и Кетмӕ тогагор.

‘Дзинӕг кӕсуй имӕ и хор.

X

Рӕфтӕй йеу мингий фӕккиудтӕй.

Ӕфсад гъӕугони ӕрлӕудтӕй.

Лӕууй сӕ размӕ гъӕу ӕнцад.

Мургъуз кӕсуй имӕ Ахъбад.

Медгъӕу йеу ӕстуф нӕ цӕуй.

Айдагъ йеу куй си гъӕр неуй,

Ӕ нифс тохунмӕ нӕ хӕсгӕй,

И гъӕу ӕд цъелӕ фӕллигъдӕй.

Ахъбад ӕ билтӕ ӕууелуй,

Роцъо зулунмӕ ӕрдауй,

Кӕнуй цӕститӕй дзингало,

Скъӕруй цума си сурх пеллон.

Ӕлдар йе ‘фсадӕн гъӕр загъта:

– Фунук гъӕуама Кет феста!

Рӕстӕг ма ‘йсафӕн лӕуунбӕл,

Цӕйтӕ, ӕндзаргӕ и гъӕубӕл!

Гъӕдау фесхустӕнцӕ ӕваст

Бӕхгинтӕ лигъзи ‘ма ӕмраст

Цӕунцӕ гъӕумӕ тумугъӕй.

Ахъбад хонуй сӕ мургъузӕй.

XI

Цӕфсуй и гъӕу, инод нӕруй,

Цирен пеллонтӕ ӕскъӕруй…

Фӕздӕг, ӕвзаргӕ фурзин тох,

Кӕнуй фӕйнердӕмӕ зелдох,

Тундзуй цъӕх арвмӕ тузмӕгӕй…

Йеуварс ӕнцойнӕ уӕлбӕхӕй

Кӕсуй сугъдӕрдӕмӕ Ахъбад,

Зилдӕй истуй ибӕл ӕфсад…

XII

Йе ка ‘й, йе ка ‘й – бӕхбӕл мед арт,

Ӕргъувд ӕ къохи ӕхсаргард,

Уадау бӕхгинтӕмӕ тӕхуй, –

Ӕхе ӕлдарбӕл ниццӕвуй…

Гъе, ӕвеппайди уотемӕй

Фӕсзард и цъеутӕ къуаремӕй

Пихсбун ку сбадунцӕ цъӕхбӕл,

Цӕргӕс бӕрзондӕй уонӕбӕл

Ӕхе зувгӕнгӕ ниццӕвуй,

Нихтӕй йеуебӕл ӕрцӕфсуй.

Ӕнцӕф фӕцӕнцӕ дууемӕй.

Сӕр фӕххецӕн ӕй, уотемӕй

Бӕхӕй ку фесхъиудта Ахъбад.

Алсахъ нӕ фехалдта ӕ бадт.

Айдагъ фесхъиудтӕй ӕ йеу гъос,

Тогӕй нийгъӕндӕн ӕй ӕ рос…

Ӕ раз райдзаг ӕй бӕхгинтӕй,

Тохуй сӕ хӕццӕ цъинггитӕй.

И тох ситинг ӕй. Тог кӕлуй.

Йеу къуар си тоги ӕвдулуй…

Зӕлланг кӕнунцӕ кӕрдтӕ карз,

Фал тагъд Алсахъмӕ кедӕр арц

Уӕд фӕрсаууонӕй ӕргъузтӕй, –

Алсахъ ку ‘рхаудтӕй рӕхустӕй…

XIII

Хор ниннигулдӕй. ‘Хсед цӕфсуй.

Йефстагмӕ ирдгӕ ӕрдумуй.

Хӕссуй изолти сугъдӕсмаг.

Не змӕлуй гъӕуи адӕймаг…

Кӕсӕг авд марди йефхӕсгӕй,

Уайтагъд фезолӕнцӕ гъӕуӕй.

Айдагъ байзадӕй ма йеу мард,

Мед къох федар ниндарг ӕй кард.

Йе ӕй Алсахъ… Ӕнцад лӕууй.

Ӕ тог аллирдигӕй кӕлуй.

Йе нӕбал фестдзӕнӕй, нӕбал, –

Хуссуй ӕносмӕ ӕнигъал.

Ӕ тар будурти рӕдзӕхсгӕй,

Ӕхсӕвӕ гъӕумӕ ӕрхӕццӕ ‘й.

Гӕлдзуй и мардмӕ ӕ пӕлӕз,

Цума кӕнуй ин тӕфирфӕс.

XIV

Йе ка ‘й, – талинги ка цӕуй,

Ӕррӕстӕ мардмӕ ка гъузуй?

Ӕ къах Алсахъмӕ ке хӕсса?

Йе ӕй Сеойти Дигиза…

Абони тохмӕ и гъӕдӕй

‘Дзинӕг и кизгӕ фӕлгӕстӕй…

Уӕлмард талинги нур кӕуй.

Тъинггай цӕстисуг рӕдӕдзуй.

Стӕй-астмӕ марди ӕртохгӕй,

Цӕсгон дауй ин ӕ къохтӕй.

Темур-Алсахъ, Темур-Алсахъ,

Нур дин и кизгӕ ӕнӕ хахъ

Уӕлмард ӕргон кӕнуй ӕ уарзт.

Фал цӕмӕн адтӕ ду хеваст?

Ду фудӕнӕнги Дигизай

Фӕсвӕд иронхи ниууагътай…

Фал йе не ‘сфӕлхӕттӕй уӕддӕр,

Даруй гъӕбеси нур дӕу сӕр.

Ӕнцӕ зӕрдитӕ муггаггай, –

Цӕй, гъаст ма ‘рхӕссӕ, уо, кизгай…

XV

Сӕумӕй кетонтӕ дзӕндӕлӕй

Цудӕнцӕ гъӕумӕ мӕтъӕлӕй…

Фудгол ку рандӕ ‘й, ку, бӕргӕ,

Фал куд кӕнонцӕ ма цӕргӕ?

Сӕ гъӕу ӕд бунтӕ ниссугъдӕй,

Алсахъ – се ‘хсарӕ – мард фӕцӕй…

Лӕудтӕй ӕ цори кизги мард, –

Рӕсагъд ӕ реуи фиййаугард.

Йе ӕй Сеойти Дигиза,

Хуӕрзмӕ ‘й игъосӕг имиса…

Лӕууй уӕлгоммӕ йе ӕнцад,

Цӕсгон ӕнвӕйнӕ мӕрдивад.

Мӕрдтӕн кетонтӕ ӕмбурдӕй

Рохсаг загътонцӕ ӕмцъухӕй…

XVI

Тундзуй Ирӕфмӕ Хӕзнидон.

Уинуй фалдзоси и бӕлццон

Йеу къуар уобайтӕ гъенур дӕр, –

Сӕ йеу иннетӕй ӕй хуӕздӕр.

Уой медӕг арфи дууемӕй,

Хӕрнӕгъ ӕрцӕнцӕ, уотемӕй

Нур Дигиза ӕма Алсахъ.

Йеумӕ лӕуунцӕ ӕнӕ халхъ.

Цӕруй сӕ хӕццӕ калм-зӕрин

Цӕрдӕг, гъиггаг ӕма зӕрдгин…

Йескӕд хебари кӕд тӕрхъос,

Телгӕй фӕйнердӕмӕ ӕ гъос,

Хӕстӕг уобаймӕ ӕрцӕуй, –

Уӕд калм фӕдеси скъотт кӕнуй.

Ӕваст нисхъӕтӕгуй и сирд,

Тӕссӕй нийдайуй йе лӕуирд.

Архайунцӕ си ССР Цӕдеси адӕмон артисттӕ Василий Лановой ӕма Людмилӕ Чурсина, Уӕрӕсей адӕмон артисттӕ Аристарх Ливанов, Александр Михайлов, Дмитрий Харатьян, Александр Панкратов-Черный, Уӕрӕсей ӕскъуӕлхт артисттӕ, зартӕгӕнгутӕ Зарӕ, Цӕрикъати Феликс ӕма Александр Носик, Цӕгат Иристони адӕмон артисттӕ Битъӕти Роберт, Мурасти Тимур, Цӕгат Иристони ӕскъуӕлхт артист Дзабити Геуӕрги ӕма ӕндӕртӕ.