ТУГЪДИ ГЪЕЗӔМӔРТТӔН НИФФӔРАЗГӔЙ
Устур Фидибӕстон тугъди ӕнзтӕй, ӕвӕдзи, 1942 анзӕй уӕззаудӕр нӕ адтӕй. Немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ еци ӕмпурсӕги ӕмпурстонцӕ нӕ Райгурӕн бӕсти еугур рауӕнтӕмӕ, дӕрӕн кодтонцӕ нӕ сахартӕ ӕма гъӕутӕ. Ӕрбахъӕрттӕнцӕ Цӕгат Иристонмӕ дӕр. Цифуддӕр знагӕн бантӕстӕй нӕ республики кӕцидӕр хай байахӕссун.
Уӕззау бӕнттӕ искодта Сурх-Дигори цӕргутӕбӕл дӕр. Уӕди цаути туххӕй Советон Цӕдеси Маршӕл Андрей Гречко (еци рӕстӕг е адтӕй Хонсар фронти 18-аг ӕфсади командӕгӕнӕг) ӕ имисуйнӕгти куд финста, уотемӕй аци гъӕу къохӕй-къохмӕ ист ӕрцудӕй авд хатти: уӕд ӕй байахӕссиуонцӕ фашистон ӕрдонгтӕ, уӕдта бабӕй ӕй исуӕгъдӕ кӕнидӕ Сурх Ӕфсад.
Нӕ рагфидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ, гъома, фудлӕг ӕма фудбон берӕ нӕ хӕссунцӕ. Немуцаг тогмондаг куйтӕ тард ӕрцудӕнцӕ Цӕгат Иристони зӕнхӕй. Иссӕребарӕ ‘й Сурх-Дигорӕ дӕр. Ӕма гъӕубӕсти багъудӕй сӕ царди хабӕрттӕ нӕуӕгӕй аразун. Уогӕ айдагъ сӕхе цардарӕзти гъуддӕгутӕбӕл нӕ адтӕй сӕ архайд – гадзирахаттӕй нӕмӕ ӕрбалӕборӕг знагӕй нӕ Фидибӕстӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр исуӕгъдӕ кӕнунбӕл идарддӕр ка тох кодта, нӕ еци номдзуд Сурх Ӕфсадӕн гъудӕй агъаз кӕнун: хуаллагӕй дӕр ӕма ма берӕ цӕмӕйдӕртӕй. Уой сӕрбӕлтау ба сӕ архайдӕн сӕйрагдӕр нисанеуӕг адтӕй: «Алцидӕр – фронтӕн, алцидӕр – Уӕлахезӕн!..»
Немуцаг лӕгсирдтӕ Цӕгат Иристони зӕнхӕй тард ку ‘рцудӕнцӕ, уӕд гъӕути цӕргутӕ ӕвӕстеуатӕй бавналдтонцӕ сӕ колхозтӕ исцардгъон кӕнунмӕ. Зӕгъунмӕ е ӕнцон ӕй, фал знаги фудмиутӕ син уоййасӕбӕл зӕран ӕрхастонцӕ, ӕма, еуемӕй, хӕдзарӕдти равгитӕ хъӕбӕр ӕгудзӕг адтӕнцӕ, иннемӕй ба косӕг къохтӕ дӕр ӕгириддӕр нӕ фагӕ кодта. Уӕддӕр ӕндӕр гӕнӕн нӕ адтӕй уӕди уӕззау уавӕрти, фронтӕн агъаз кӕнун гъудӕй, ӕма Сурх Дигори колхози разамунд берӕ раунаффӕ-баунаффити фӕсте ци бӕлвурд мадзӕлттӕ иснисан кодтонцӕ, уонӕй еу адтӕй: гъӕуи ӕригӕнттӕй дууӕ механизаторон бригади исаразун…
Еци фӕсевӕд уӕди хъазауатон рӕстӕгути куд кустонцӕ, уӕдта фӕстӕдӕр сӕ карнӕ куд рауадӕй, уой фӕдбӕл се ‘мгъӕуккаг ӕхсӕнадон уацхӕссӕг Секъинати Солтан дзубанди кодта уӕди рӕстӕги ӕригон механизатор Габети Абисали хӕццӕ.
– Абисал, нури ӕригон фӕлтӕртӕ комкоммӕ тугъди хабӕрттӕ, ӕвӕдзи, хуӕздӕр зонунцӕ, фал син, мӕнмӕ гӕсгӕ, уой дӕр лӕдӕрун кӕнун гъӕуй, ӕма нӕ Уӕлахез нӕ адӕмӕн бантӕстӕй фӕскъилдуни фӕллойнӕгӕнгути ӕхсӕвӕй-бонӕй уодуӕлдай архайди фӕрци дӕр. Гъе уомӕ гӕсгӕ мӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ абони зононцӕ, тугъди рӕстӕги се ‘мгарӕ ка адтӕй, еци хуӕрзӕригон биццеутӕ – ӕндӕр куд исхондзӕнӕ, тугъдмӕ ӕрветуни кари дӕр ка нӕма адтӕй, уони!.. – фронти знаги нихмӕ тохгӕнӕг хестӕрти ихӕстӕ сӕхемӕ райсгӕй, разагъди лӕгдзийнӕдтӕй куд ӕскъуӕлхтӕнцӕ, уой.
– Дӕ хӕццӕ арази дӕн… Еци рӕстӕг махбӕл цудӕй дууадӕс-цуппӕрдӕсгай ӕнзтӕ. Дӕсемӕй нӕ рарвистонцӕ райони центр Чиколамӕ, тагъд-тагъдӕй нӕ райахур кодтонцӕ трактор «ХТЗ»-бӕл косунбӕл. Уӕди машинон-тракторон станцӕбӕл немуцаг хуӕдтӕхгутӕ цалдӕр хатти бомбитӕ ӕркалдтонцӕ, бустӕги ӕй ниппурхӕ кодтонцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уоми нин фадуат нӕ адтӕй ахур кӕнунӕн, ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕ ахургӕнӕн бунат иссӕй Гъуцъунати Осмӕни хӕдзарӕ. Ахур ба нӕ кодтонцӕ арӕхстгин механизатортӕ Малхъарти Хасан ӕма Цӕукъати Осмӕн. Еузагъдӕй, еу ӕма инсӕй бонемӕ ни рауадӕй трактористтӕ.
– Абисал, ӕма уӕд дӕ хӕццӕ ма ка ахур кодта механизатори дӕсниадӕ райсунбӕл?
– Ку зӕгъун, адтан цалдӕр биццеуи: Секъинати Мазан, Диготи Абисал, Малити Геуӕрги, Будайти Баппай, Соскъити Гадзимӕт, Миндзайти Таймораз ӕма Дзусти Денис. Ахури фӕсте нин нӕ еугуремӕн дӕр равардтонцӕ ихӕлд трактортӕ. Фашисттӕ сӕ уоййасӕбӕл ниппурхӕ кодтонцӕ, ӕма цӕмӕй сӕбӕл косӕн адтайдӕ, уой туххӕй сӕ хъӕбӕр барӕвдзитӕ кӕнун гъудӕй. Ӕма хумӕтӕги нӕ фӕззӕгъунцӕ, адӕймаг дан, мадзалӕн конд ӕй, амӕлттӕ кодтан. Гъӕуи нӕмӕ пурхӕнттӕй байзадӕнцӕ еу-ӕхсӕрдӕс немуцаг ӕма нӕхе танкитӕ. Уонӕй ӕфтудтан, нӕ трактортӕн ка исбӕзтайдӕ, уӕхӕн еуӕй-еу хӕйттӕ, пайда си кодтан.
Фӕллойнӕ кодтан ӕхсӕвӕй-бонӕй, нӕ куст ба ӕнцонтӕй нӕ адтӕй, уӕлдай гъезӕмарӕ ба кодтан ӕхсӕвигон хумӕ кӕнгӕй. Трактортӕй еунӕгебӕл дӕр нӕ адтӕй цирӕгътӕ. Ӕма ами дӕр бабӕй ӕргъуди кодтан мадзал: хумӕтӕги фанарӕй рохсгӕнгӕ ни кадӕр трактори разӕй цудӕй, мах ба ӕ фӕдбӕл. Гъе уотемӕй хумӕ дӕр ӕма похци дӕр, тауни куститӕ дӕр кодтан.
Немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгутӕн сӕ фудмиутӕй еу е адтӕй, ӕма мах зӕнхӕй ледзгӕй ма сӕ фӕсте ниууагътонцӕ мӕлӕтхӕссӕг фидбилизтӕ – гъӕуи алфамбулайти исӕвардтонцӕ аллихузон минитӕ. Гъӕуи цӕргутӕй си кадӕртӕ бастъалдӕнцӕ… Мах дӕр, трактортӕбӕл косгӕй, куд нӕ тарстайанӕ уонӕбӕл исцурӕвӕрӕ унӕй – нӕ уодтӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, нӕ къохти хастан, кӕд ӕма куд фехӕлдзӕнӕнцӕ, уой ни неке зудта, еунӕг уой лӕдӕрдтан, ӕма нӕмӕ мӕлӕт хумгонди алли гӕппӕлӕй дӕр комкоммӕ кастӕй. Бӕргӕ гъӕуай кодтан нӕхе, фал уӕддӕр, гъулӕггагӕн, цӕмӕй тарстан, еци ӕнамонди цаутӕ дӕр ӕрцудӕнцӕ. Тургити Лаврентий тугъдӕй цӕфтӕй иссудӕй. Адӕм ке нӕ фагӕ кодта, уомӕй си колхози правлени ракурдта, цӕмӕй косун райдайа тракторбӕл. Ӕма лӕхъуӕн, кӕд ӕма ӕ цӕфтӕй ӕнхӕст нӕма исдзӕбӕх ӕй, уӕддӕр исарази ӕй, нӕ базийнадӕ кодта, е ‘мбал Гибизти Тайморази хӕццӕ исбадтӕй тракторбӕл. Ӕма… Минӕ сӕбӕл фехалдӕй, дууемӕй дӕр сӕбӕл адзал исӕмбалдӕй Силтанухъи будури. Лаврентий рохс ном имисгӕй ӕнӕзӕгъӕн нӕййес, ӕ мадӕ Госе ӕма ӕ дууӕ хуӕребӕл ци ӕнамонд хабар ӕрцудӕй, уой туххӕй дӕр. Немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгутӕ ма Цӕгат Иристони ку адтӕнцӕ, уӕд сӕ хуӕдтӕхгутӕ бомбитӕ еци калӕги калдтонцӕ мах гъӕубӕл дӕр. Госе ӕма ӕ дууӕ кизги сӕхе сӕ синхӕгти пъадвали бӕргӕ баримахстонцӕ еци бомбитӕй фӕййервӕзуни зӕрдтӕй, фал си еу бомбӕ уӕддӕр исӕмбалдӕй еци хӕдзарӕбӕл ӕма… Ӕртемӕй дӕр фӕммард ӕнцӕ…
– Раст загътай, Абисал, еци уӕззау рӕстӕгути хъӕбӕр зин адтӕй куд трактортӕ ӕма ӕндӕр гъӕугӕ гъӕууонхӕдзарадон техникӕн сӕхе, уотӕ уонӕн ӕййевӕн хӕйттӕ дӕр исамал кӕнун.
– Раст зӕгъис, ӕцӕгӕйдӕр е хъӕбӕр сагъӕссаг гъуддаг адтӕй. Хуарз ӕма нӕмӕ нӕ колхози еци рӕстӕг дессаги арӕхстгин курдонтӕ адтӕй – Цакъоти Слангерий, Гегути Цӕрай, Гобети Заурбег, Хохойти Хакъиассӕ, Бӕлоти Будзу ӕма Гобети Бекир. Етӕ нин хъӕбӕр агъаз кодтонцӕ, цӕмӕй трактортӕ ӕнӕкъулумпийӕй кустайуонцӕ, уой туххӕй. Ӕхсӕвӕ-бонӕ син нӕ адтӕй, цийфӕнди афони дӕр сӕмӕ нӕхе естӕй фӕдбӕл ку бахатианӕ, уӕд нин нӕ гъуддаг хъӕбӕр зӕрдиагӕй уайтӕккӕдӕр райаразиуонцӕ. Уонӕй, гъулӕггагӕн, абони не ‘хсӕн некебал ес, рохсаг уӕнтӕ, мах ба, сӕ кӕстӕртӕ, еудадзугдӕр хуарзӕй имисӕн, иронх дӕр сӕ некӕд фӕууодзинан.
– Куд фегъустон, уотемӕй уӕд уӕ хӕццӕ механизатори дӕсниадӕбӕл ахур кодтонцӕ кизгуттӕ дӕр…
– Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ адтӕй, мах фӕсте механизатори дӕсниадӕбӕл ахур кодтонцӕ нӕ гъӕуи фӕскомцӕдесон кизгуттӕй еу къуар: Зурати Маня, Тъурити Гамисӕ, Чихтисти Зӕлда, Секъинати Уарзетӕ ӕма Настя, Перисати Мӕдинӕ, Уазӕгти Веричкӕ, Бӕлоти Бидзирӕт ӕма иннетӕ. Уонӕй рауадӕй дессаги арӕхстгин механизатортӕ, ӕмхузон хуарз арӕхстӕнцӕ тракторбӕл дӕр ӕма комбайнбӕл дӕр косунмӕ. Берӕ ӕнзти дӕргъи фӕффӕллойнӕ кодтонцӕ колхозон будурти. Хъӕбӕр арфиаг си адтӕнцӕ колхози разамунд дӕр ӕма колхозонтӕ еугурӕй дӕр. Кизгуттӕн берӕ ӕнтӕстӕй, сӕ ихӕслӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кодтонцӕ дувӕрӕй, уой хӕццӕ ба ма сӕмӕ адтӕй еума хуарздзийнадӕ – ци куст син бабарӕ кӕниуонцӕ, уой ӕнхӕст кодтонцӕ лӕмбунӕг, хуӕрзгъӕдӕй, ӕгириддӕр сӕмӕ неци фауӕ ӕрхӕссӕн уидӕ, еузагъдӕй, нӕлгоймӕгтӕн дӕр ма уиуонцӕ дӕнцӕ.
– Фӕстугъд фиццаг анзи райони еугур хӕдзарӕдтӕн дӕр хъӕбӕр зин адтӕй будуйрон куститӕ – хумӕ бакӕнун, хуар байтаун – афойнадӕбӕл исӕнхӕст кӕнун. Фал, куд зонун, уотемӕй, сумах колхози, иннӕ колхозти хӕццӕ рабаргӕй, уалдзигон будуйрон куститӕ зингӕ рӕвдзӕдӕр цудӕнцӕ…
– Гъо, райони махӕй раздӕр неке рахецӕн кодта уалдзигон будуйрон куститӕ. Фал уӕддӕр ӕнцад не ‘рбадтан. Чиколай уӕд ӕртӕ колхози адтӕй, ӕма уӕлдай тухст уавӕри бахаудтӕнцӕ. Мах сӕмӕ цалдӕр тракторемӕй рандӕ ан фӕййагъаз кӕнунмӕ. Раст нӕхецӕн куд ӕнӕхийнӕй кустан, уотӕ нӕ синхӕнттӕмӕ дӕр. Ӕма куд сӕхе ӕновуд архайди, уотӕ мах агъази фӕрци дӕр еци колхозтӕ къурцдзӕвӕнӕй рацудӕнцӕ… Хъӕбӕр зӕрдиагӕй нин фӕййарфитӕ кодтонцӕ…
– Ӕма уӕхе колхози уӕ хъазаутон фӕллойнӕ цӕмӕй рабӕрӕг ӕй, гъома, цӕйбӕрцӕбӕр фӕрнӕйдзаг рауадӕй уӕ фӕззӕг?
– Мӕ бон ӕй уотӕ зӕгъун, ӕма нӕ фӕззӕг рауадӕй хъӕбӕр бӕркадгун. Мӕнӕуӕй, нартихуарӕй, картофӕй, сойнӕй нӕ паддзахадон ихӕслӕвӕрдтӕ ӕнтӕстгинӕй исӕнхӕст кодтан. Берӕ тиллӕгӕй байдзаг ӕнцӕ нӕхе хӕдзаради хуардӕнттӕ дӕр. Еузагъдӕй, гъӕздуг адтӕй нӕ фӕллойнӕбон.
Ме ‘мгӕрттӕ фӕстугъди уӕззау рӕстӕгути куд аразтонцӕ сӕ цардиуагӕ, уой имисгӕй мӕ фӕндуй нӕ абони кӕстӕртӕн уой зӕгъун, цӕмӕй сӕ хестӕрти фӕнзонцӕ. Уинун ӕй, нӕ абониккон фӕсевӕд дӕр арфиаг ӕнцӕ, сӕ берӕ лӕгигъӕдтӕй зӕрдӕ рохс кӕнуй, ес сӕмӕ арфиаг гъуддӕгутӕй фескъуӕлхунмӕ нифс ӕма разӕнгарддзийнадӕ. Ӕцӕг ма син уой зӕгъуйнаг дӕн, цӕмӕй фӕллойнӕ уарзонцӕ, уомӕн ӕма айдагъдӕр е ӕй лӕгамайӕг, царддӕттӕг, рохситауӕг ӕма ибӕл ӕригонӕй гъӕуама ӕхцул уонцӕ. Сӕ сӕрмӕ ма хӕссӕнтӕ ӕгустӕй бадун, мулкдзӕстӕ ун, хе фӕллойни фӕрци си алкедӕр ӕ карнӕ куд араза. Магоса мӕгур ӕй, ӕнамонд, исӕфт ӕма си ӕй ӕ сӕрмӕ маке хӕссӕд…
***
Редакцийӕй. Аци ӕрмӕги ци дессаги хъиамӕтгун адӕми кой цӕуй, уонӕй кадӕртӕ сӕ цӕргӕ-цӕрӕнбӕнтти механизатортӕй фӕккустонцӕ сӕ райгурӕн гъӕуи колхози, кадӕртӕ ба сӕ царди хабӕрттӕмӕ гӕсгӕ ӕндӕр рауӕнти кустонцӕ.
Нӕхецӕн ӕй ихӕсбӕл банимадтан, уони ӕримисун. Фиццагидӕр уомӕ гӕсгӕ, ӕма дзӕвгарӕ рӕстӕг ке рацудӕй, уой фудӕй ба син сӕ рохс нӕмттӕ сӕ хеуӕнттӕй уӕлдай, ӕвӕдзи, зонгӕ дӕр некебал кӕнуй. Уотемӕй ба нури фӕлтӕртӕ дӕр гъӕуама зононцӕ, нӕ Фидибӕстӕн ӕ тӕккӕ уӕззаудӕр рӕстӕгути ӕ сӕрбӕлтау уодуӕлдайӕй ка хъиамӕт кодта, еци хумӕтӕг фӕллойнӕгӕнгути. Уони дӕнцӕн ӕма рӕстзӕрдӕдзийнадӕ нури кӕстӕртӕн зундӕфтауӕг уодзӕнӕй, сӕ зундирахастбӕл хуӕрзӕрдӕмӕ бӕрӕг кӕндзӕнӕй…