26 декабря 2024

УӔЛӔНХАСӔН ГӔРӔНТӔ АРАЗУНВӔНДӔ НЕРӔНГӔ НӔМА ЕС

03.12.2020 | 15:26

Коронавируси незӕфтауӕги нихмӕ тохи фӕдбӕл Уӕрӕсей Федераций оперативон штаби минӕвари дзубандимӕ гӕсгӕ, амунд нези туххӕй нӕуӕг гӕрӕнӕвӕрӕн мадзӕлттӕ бӕсти федар кӕнунмӕ нӕ гъавунцӕ.

– Еу кенӕ иннӕ региони эпидемион уавӕр нимайгӕй, субъектти сӕргълӕугутӕ гӕрӕнӕвӕрӕн мадзӕлттӕ исфедар кӕнунцӕ. Нуртӕккӕ федералон ӕмвӕзадӕбӕл уӕлӕнхасӕн гӕрӕнӕвӕрӕн мадзӕлттӕ федар кӕнунмӕ нӕ гъавӕн, – загъта амунд штаби минӕвар.

Гӕнӕн ес, ӕма нези нихмӕ нӕуӕг гӕрӕнӕвӕрӕн мадзӕлттӕ федаргонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ, федералон хецауади минӕвари фӕнзгӕй, ӕрӕги «Интерфакс» уӕхӕн хабар фегъосун кодта.

Уӕрӕсей ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министр Михаил Мурашкой дзубандимӕ гӕсгӕ, бӕсти исӕвзургӕ уавӕр нимад ӕй ӕндӕгъдбӕл, фал медикти унаффитӕ кӕми ӕнхӕст кӕнунцӕ, еци регионти уавӕр къӕпхӕнгай хуӕздӕр кӕнуй.