«ВЕТЕРАНТÆ ГЪÆУАМА НÆ УОЗÆЛД БАНКЪАРОНЦÆ»
«Устур Фидибæстон тугъди Уæлахези кадæн нисангонд гъуддæгутæ гъæуама конд æрцæуонцæ бæрзонд æмвæзадæбæл», – уæхæн ихæс комитет «Уæлахез»-и иуонгти размæ исæвардта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло.
Бæрæгбонмæ нисангонд гъуддæгути туххæй радзурдта Хецауади Сæрдари хуæдæййевæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Тугъанати Ларисæ. Æ дзубандимæ гæсгæ, пъланмæ хаст æрцудæнцæ системон гъуддæгутæ æма аллихузон акцитæ. Дзæуæгигъæуи, районти гъæуама арæзт æрцæуонцæ патриотон акцитæ, физкультурон-спортивон гъæзтитæ, кадгин митингтæ, мемориалтæбæл деденгутæ исæвæронцæ, «Лæгдзийнади уроктæ» искæнонцæ, концерттæ равдесонцæ.
Æ радзубандий 58-аг æфсади ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Игорь Гвозденко куд фæббæрæг кодта, уотемæй Дзæуæгигъæуи уодзæнæй æфсæддон парад, Мæздæги дæр æфсæдтæ рæнгъгай рацæудзæнæнцæ æфсæддон кадгин марши. «Æнæмæлгæ полк» уодзæнæй онлайн хузи.
Сергей Меняйло куд байамудта, уотемæй гъæуама ветерантæ банкъаронцæ уозæлд, бæрæг уа, кæми баддзæнæнцæ, е.
«Мах парад нæхецæн нæ кæнæн, фал адæмæн. Парадмæ ветеранти гъæуй исласун, уой фæсте ба сæ сæ хæдзæрттæбæл исæмбæлун кæнун. Медицинон косгутæ гъæуама сæ рази уонцæ», – загъта Сергей Меняйло.
Сæ цубур радзубандити фæсевæди гъуддæгути Комитети сæрдар Джусойти Руслан æма культури министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Къубалти Эльбрус фæббæрæг кодтонцæ, аци фарстати хæццæ баст гъуддæгутæбæл куд косунцæ, уой. Цæгат Иристони идарддæр цалцæггæнæн куститæ кæнунцæ тугъдон циртитæбæл. Культурон бунтæ гъæуай кæнун æма сæ пайда кæнуни комитети сæрдар Æгайти Эмилия куд радзурдта, уотемæй аци анз базелдзæнæнцæ 8 æнсувæрон циртемæ.
Ахурадæ æма науки министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Людмилæ Башарина фæббæрæг кодта лæгдзийнади уроктæ, тугъдон намуси историон информацион автобусон тур «Историй адæймаг-2021»-и агорæн-æртасæн кустити туххæй конкурс æма æндæр гъуддæгутæ искæнуни фарстатæ. Республики разамонæг куд загъта, уотемæй скъолати æргом æздахун гъæуй хуæрзæгъдаудзийнади-патриотон гъомбæладæмæ. Скъолати гъæуама фæззиннонцæ стендтæ тугъди бæгъатæрти нæмттæ æма муггæгти хæццæ. «Уæлахези бæрæгбон еугур бæстæ æма республики цæргути еу кæнуй, цæмæй бæрзонд æмвæзадæбæл рацæуа, уомæ нæ хъауритæ исаразæн», – байамудта республики разамонæг.
***
Цæгат Иристони Хецауади æмбурди дзубанди кæнгæй, республики арæзтадæ æма архитектури министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Моргуати Константин куд фегъосун кодта, уотемæй Устур Фидибæстон тугъди дууæ архайæги æма еци адæймæгути 18 бийнойнаги, уæдта дууæ ветерани райсдзæнæнцæ цæрæнуати уавæртæ фæххузæнондæр кæнунæн 25 миллион сомемæй фулдæрей бæрцæ субсидитæ. Еуемæ инсæй адæймагемæй ци æхцай бæрцæ хауй, е уодзæнæй 1,3 миллион соми.
***
Нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло «Уæрæсей Æнæмæлгæ полк»-и æнхæстгæнæг комитети сæрдар Артем Хуторскийи номæй диплом равардта аци æзмæлди цæгатиристойнаг регионалон хайади разамонæг Бокоти Эльбрусæн.
Хуæрзеуæг æй, хайадæ фарæ «Æнæмæлгæ полк онлайн» искæнунмæ ци бавæрæн бахаста, уой туххæй. Бокой-фурт куд радзурдта, уотемæй фарæ республикон полк онлайн хузи исфедар кодтонцæ, национ телеуинунадæ «Осетия-Иристон»-и фæрци æй равдистонцæ. «Республики цæргутæ æрбарвистонцæ 3 мин къари, бакустан сæбæл, аци анз дæр уæхæн хузи байархайдзæнæнцæ», – балæдæрун кодта Бокоти Эльбрус.
Сергей Меняйло ин райарфæ кодта, проектмæ устур байвæрæн ке бахаста, уой туххæй.