ЗӔРДИ АУИНДЗӔНТӔЙ АДТӔ ЕУ
ЕЛБИЙТИ ЛЕРМАНИ ИМИСГӔЙ
Сосӕни мӕйи 22-аг бон. Аци бон мин сӕумӕй фегъосун кодтонцӕ дӕ марди хабар. Ӕмир ризт никкодта мӕ бауӕр, ме ‘взаг мӕ коми нӕбал тастӕй, мӕ байуантӕ ӕрвдзӕф бӕласи калд никкодтонцӕ. Туххӕйти ма уидтон мӕ развӕндаг.
Адӕм тӕвди идӕф кӕнунцӕ, мӕн уодбӕл ба ехин зӕйӕ лӕдӕрсӕнтӕ кӕнуй, адӕргӕй ниндзуг дӕн.
– Лермани туххӕй ӕ кири рази дууӕ загъди ку зӕгъисӕ, – сӕхе мӕмӕ бахадтонцӕ дӕ хеуонтӕ…
О, мӕгур мӕ бон, ӕма кӕцӕй ӕрхӕссон уӕхӕн нифс, уӕхӕн хъаурӕ. Куд батасдзӕнӕй ме ‘взаг дӕуӕн «Фӕррохсаг уо…», зӕгъун. Нӕ, уой бӕсти ӕдзӕмӕй, гобийау лӕудзӕнӕн мӕрдадзи. Ниххатир мин кӕнӕнтӕ. Ниххатир мин кӕнӕ ду дӕр ме ‘гуппӕгдзийнадӕ. Аци бон ӕй мӕ царди ӕгудзӕгдӕр ӕма унгӕгдӕр бӕнттӕй еу. Мӕ гъости ба дудзигъӕрӕй азӕлунцӕ кедӕр гъарӕнги дзурдтӕ: «О, Лерман! Мӕгурдӕр фӕууӕд, ду кӕмӕн адтӕ ӕма ду кӕмӕн нӕбал дӕ!..» Е, ӕвӕдзи, мӕн кой кӕнуй…
Фал, зӕгъай, куд ибӕл ӕууӕндон, куд зӕгъон, Лерман мин нӕбал ӕй, зӕгъгӕ. Зӕрдӕ ауиндзӕнтӕбӕл баст ӕй ӕма си ду сӕ тӕккӕ рӕбунггагдӕртӕй еу ку адтӕ, уӕд.
Дӕ уоди рӕсогдзийнадӕ – сауӕдонӕй рӕсогдӕр, дӕ зӕрди гъар хъӕрттӕй ӕнккӕтебӕл дӕр.
Мӕ кӕстӕртӕ мӕмӕ зунд байамонунмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, мӕхуӕдӕг ба зунд райсун ӕнгъӕлдзау дӕуӕй ку адтӕн. Уогӕ ба ми ци нифс адтӕй дӕуӕй, ци федар цӕгиндзӕ мин адтӕ.
Еунӕг къуӕре мӕмӕ ӕнӕ ӕрбадзоргӕ ку некӕд адтӕ, уӕд ми нур дӕхе куд фӕййеуварс кодтай?
Уотӕ уарзӕг уоди хецау уогӕй, ци хъӕбӕр ӕверхъау хузи цӕуис аци мӕнгӕ дуйнейӕй.
Ци гӕнӕн ес… Мӕ царди бӕнттӕ мӕхе барӕ ку уайуонцӕ, уӕд ма мин ци байзадӕй аци дуйнебӕл цӕрунӕн, уой дӕ хӕццӕ дууӕ рӕстӕмбеси бӕргӕ бакӕнинӕ. Фал…
Нӕбал ковун Хуцаумӕ, – ӕгӕр берӕ ӕнӕраст тӕрхӕнттӕ имӕ ес. Нуртӕккӕ ковун мӕрдти Барастӕрмӕ: «Уӕлӕбӕл ин Хуцауи цӕстӕ ци рохсдзийнадӕй нӕ бахай кодта, еци рохс дзенетӕй ин Ду уӕддӕр мӕрдти бӕсти бахай кӕнӕ».
Цӕуис ни абони, фӕндараст дӕ кӕнӕн. Дӕ зӕрдӕ куд рохс адтӕй уӕлӕбӕл, уотӕ райдзаст уӕд мӕрдти бӕсти дӕ бунат…
Кӕддӕр Лермани номбӕл ниффинстон ӕмдзӕвгӕ. Бауайдзӕф мин кодта: «Ӕз уой аккаг нӕ дӕн», – зӕгъгӕ. Нур ӕй газеткӕсгути размӕ хӕссун.
НОМЕРӔН
(Елбийти Лерманӕн)
Дӕ еу ракаст дӕр фӕлмӕн хор ӕй,
Ӕдӕ лӕфинттӕй уӕфт ӕцӕг.
Дӕуӕн Дигорӕ нифси морӕ ‘й,
Дӕуӕн дӕ дзиллӕ – зӕрди цӕг.
Ӕрдзӕн ӕнтӕст дӕ ӕ кӕдзоси,
Дӕ цард изӕдти ‘мбал бӕргӕ ‘й.
Цума ниллӕги уӕд ци коси,
Ци си феронх дӕ адӕргӕй?..
Ӕй дӕ бунат дӕуӕн бӕрзонди, –
Кӕмӕ нӕййес, нӕ, рӕдӕхсӕн.
Ду уӕхӕн уоди хецау уогӕй, –
Ӕгӕр ӕвгъау дӕ ӕ зӕнхӕн.
КОЛИТИ Витали