26 декабря 2024

ЗÆРДÆН НАДАМОНÆГ ЗУНД КУ УА…

14.10.2023 | 12:35

Хетæгкати Къостай карни хабæрттæ, æруагæс ни кæнуй, хуарз зондзинайтæ, фал нæ абони, æ райгурдбæл 164 анзи ке æнхæст кæнуй, уомæ гæсгæ нæ фæндуй уонæй кæцидæрти æримисун – бæлвурдæй, æ адæймагуарзондзийнадæ, æ зæрдхæлардзийнадæ ин ка æвдесуй, уæхæн цаутæ. Махмæ гæсгæ, е бунати уодзæнæй, уомæн æма нæ абони цардарæзти æгæр искунæг æнцæ хумæтæг адæймагдзийнадæ, кæрæдзей сагъæстæ лæдæрун æма кæрæдзебæл ауодундзийнадæ.

 

Къостай ка зудта, уони имисуйнæгтæмæ гæсгæ ин дессаги тæрегъæдгæнагæ зæрдихатт адтæй. Берæ æхцатæ имæ ку адтайдæ, уæддæр сæ, æвæдзи, байурстайдæ мæгуртæн, нæхъæртондзийнæдтæ ка æвзурстайдæ, уонæн. Еухатт, дан, Нари гъæуæй Дзанайти Садулли хæццæ ранæхстæр æй сахармæ. Сæ балций хабар игъæлдзæгæй бæргæ кодтонцæ, фал… Еуцæйбæрцæдæр ку рауадæнцæ, уæд сæ разæй рауидта еу силгоймаги – бæгънæг, бугъзуртæ дарæси, пурхитæ дзабуртæ ибæл. Æ рагъи ба согти устур æргъон. Къоста æй ку рауидта, уæд æ игъæлдзæгдзийнадæ уайтæккæдæр фæццидæр æй, еци æрхæндæгæй нийнæфтæй:

– Цума кæд фæййервæздзæнæнцæ нæ хуæнхаг адæм аци гъезæмарæ цардæй?

Силгоймаги ку баййафтонцæ, уæд  Къоста бавналдта Садулли къохмæ, бауорамун кодта бæх, мæгур бæлццони æргъон ибæл исæвардта, уæдта æ дзиппити райагурдта æма имæ ци фæстаг фондз соми адтæй, уони имæ балæвардта, дæхецæн си ести дарæс балхæнæ, зæгъгæ.

Аци цау уомæ гæсгæ æримистан, æма, кæдимайди ба Къостай бафæнзиуонцæ, абони æ равгитæ кæмæн амонунцæ, етæ  æма агъаз кæниуонцæ тухст уавæрти ка бахаудтæй, уонæй кæмæндæрти. Телевизормæ уи ка фæккæсуй, етæ ’й уинунцæ, еугур каналтæбæл дæр еудадзуг æвдесунцæ, сæ сувæллæнттæй уæззау сæйгæ ка ’й, еци тæрегъæд сувæллæнтти æма сæ ниййергути, кæцитæ сæ фуртухстæй корунцæ, цæмæй син уæддæр еуцæйбæрцæдæр фæййагъаз кæнонцæ, уони сæ незтæй фæййервæзун кæнунæн. Æма, баруагæс уи уæд, ка син фæййагъаз кæнуй, уæхæнттæ минкъий нæ разиннуй, уой дæр, сæхуæдтæ дæр æхцай фæрæзнитæй кадаваргомау ка ’й, фулдæр уæхæнттæ. Нæ бонгинтæ, еугурадæмон есбойнадæбæл æдзæсгонæй фæххæлæф кæнгæй, мулкгинæй-мулкгиндæр ка иссæй, етæ ба?.. Уонæй дæр, ка ’й зонуй, кадæртæ цидæр къапеккитæ исаккаг кæнунцæ хуæрзауодæнæн, кæмæндæрти цæмæйдæрти фæййагъаз кæнунцæ. Еумæ райсгæй ба си уоййасæбæл неци ададзуй…

Æвæдзи, зæгъдзинайтæ, цæлæмбуд æнцæ æма сæ уоййадæбæл ниууадзæн. Гъо, бæргæ сæ ниууадзун æнгъезуй. Гъо, сæ мæрддзæстæдзийнадæ уоййасæбæл зæранхæссæг нæй, фал зæрани-зæран хæссæг ба е æй, æма сæ алæмæти мулкитæ рæстуод фæллæнттæй нæ бакустонцæ, фал сæ «бамбурдтæ» кодтонцæ нæ еугурадæмон есбойнадæй фæддавгæй. Æма сæ еци миуæ ба æгудзæг кæнуй айдагъ хумæтæг адæми цардиуаги уавæртæ нæ, фал нæ паддзахади гъомусадæ дæр. Æхсæнадæмон клуб «Валдай»-æн æрæги ци æмбурд адтæй, уоми Уæрæсей Президент Владимир Путин куд фегъосун кодта, уотемæй нæ бæсти гъæуайкæнуйнади æма æдасдзийнади фæдбæл хæрзтæ дууæ хатти фæффулдæр æнцæ (раздæри æртæ процентемæ хæстæг уогæй, иссæнцæ æхсæз процентемæ хæстæг). Еци гъуддаг æнæмæнгæ гъæугæ ке æй, уобæл дзубанди дæр нæййес. Фал еци радехгонд фæрæзнитæ сæ нисанеуæги фæдбæл æнæгъæнæйдæр харзгонд æрцæунцæ? Е ба хъæбæр секкаг æй, уомæн æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити хъæбæр ахид фæззиннунцæ, нæ бæсти гъæуайкæнуйнадæ æма æдасдзийнади фæдбæл паддзахадон бюджетæй ци æхцатæ дехгонд æрцæуй, етæ куд фæххæлæттаг унцæ, уой туххæй игъосункæнуйнæгтæ – еци æхцатæ ке барæ  бакæнунцæ, етæ си æдзæстхезæй давунцæ миллионтæ æма миллиардтæ… Уæхæн хабæрттæ уоййасæбæл берæ ’нцæ, æма сæ нимад дæр нæ фæууодзинан.

Уотемæйти ба дин паддзахадон бюджети бон кутемæй исуа хумæтæг адæми цардиуагæ уæддæр еуцæйбæрцæдæр фæззæрдæмæдзæугæдæр кæнун: пенситæбæл бафтаун, пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ индексаци кæнун, фæллойнæгæнгутæн аккаг мизд федун…

Уогæ еци еугур фарстатæ сæ гъудий дæр нæ ’нцæ, адæми фæллойнæй арæзт хæзнадзийнæдтæ сæхердигæй ка фæккодта, уонæн. Къостай хузæн си неке батæрегъæд кæндзæнæй, æгудзæг цардæй ка евгъуйун кæнуй æ бæнттæ, уонæй ескæмæнти.

Сæ дзиппитæй ке неци исесдзæнæнцæ, е уотæ фæууæд, сæ еци цæлæнбуддзийнадæ син ниххатир кæндзинан, фал син цæмæн гъæуама хатир кæнæн уой ба, æма сæ фурзудæй нин нæ уотемæй дæр гæвзук дзиппитæ ке ревæд кæнунцæ: продуктти, хуасти, цæрæнуатон-коммуналон, медицинон лæггæдти æма æндæр, цæрунæн æнæмæнгæ гъæугæдзийнæдти æргътæ бæрзондæй-бæрзонддæр кæнгæй.

Еу загъдæй, уони туххæй нæй нæ рагфидтæлти зундамунд: «Зæрдæн надамонæг зунд ку уа, уæд адæймаг æцæгæй амондгун æй!..» Уомæн æма  уонæмæ айдагъдæр сæхе уоди сагъæс ес. Æма уомæй цæйбæрцæбæл  азумгин æнцæ адæми размæ, уой, æвæдзи, сæхуæдтæ дæр лæдæрунцæ, æма рагацау сæхецæн сæ цæуæти хæццæ  фæсарæнти римæхсæнтæ аразунцæ. Фал кæдимайди ба син сæ миутæ нæ ниттайдзæнæнцæ, сæ тæрегъæдтæ сæбæл æртæфсдзæнæнцæ… Уогæ уой рæстæг æвдесдзæнæй…


ИСТОРИОН ÆВДЕСÆН

Номдзуд денгизон балхон Федор Ушаков, цуппар æма дууинсæй анзи Уæрæсейæн фæхъхъазауат кæнгæй, берæ алæмæти лæгдзийнæдтæй зундгонд æй. Зæгъæн, ци æртæ æма дууинсæй тугъдон балций исаразта, етæ ин еугурæйдæр уæлахезон рауадæнцæ.  Уæхæн æнтæстдзийнæдтæ дуйней  еугур денгизон раздзæугутæй неке къохи бафтудæнцæ. Æма сæрустур уомæй нæ адтæй, фал æ наутæй еунæг дæр нæ бастъалдæй, æ дæлбарæ адæмæй знагмæ уацари еунæг дæр нæ бахаудтæй.

Æ иннæ лæгдзийнадæ. Æ тугъдон лæгдзийнæдти туххæй ин ци æхцатæ исаккаг кæниуонцæ, уони æнæгъæнæйдæр байуаридæ  цæф тугъдонтæн. Тугъдонтæй ка фæммард æй, уони седзæргæстæ æма седзæртæн, уæдта сахартæ хуæрзвадуат кæнунæн.

Нуртæккæ Уæрæсей ес адмирал Ушакови номерæнæн аргъудгонд 35 киристон аргъауæндони…

Куд уæмæ кæсуй, нуриккон æфсæддон балхонтæй еске рабарун æнгъезуй номдзуд адмирали хæццæ? Уогæ ку рабарæн, уæд баууæндетæ хатдзæг не ’мдогонти пайдайæн нæ уодзæнæй…