ЖУРНАЛИСТТИ ФӔЛЛОЙНӔ арфиаг ӕй!..
Куд ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей, уотӕ Цӕгат Иристони дӕр 13 январи бӕрӕггонд ӕрцудӕй нӕ фидибӕстон цитгин бӕрӕгбӕнттӕй еу – мухури Бон. Уой фӕдбӕл нӕ республики Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав аци къабази косгутӕн зӕрдиагӕй райарфӕ кӕнгӕй, баханхӕ кодта:
– Республики мухури еугур косгутӕн дӕр арфӕ кӕнун, Цӕгат Иристони аллибони царди фарстатӕмӕ зӕрдиаг граждайнаг зӕрдирахаст ке дарунцӕ, уой туххӕй. Уой фӕрци ӕхсӕнадӕ ӕнтӕстгиндӕрӕй косуй фӕрнӕй ӕнхӕстдӕр исонибони сӕрбӕлтау ахсгиагдӕр фарстатӕ лух кӕнунбӕл. Коронавируси пандемий рӕстӕг дӕр журналисттӕ архайунцӕ бӕрнон ӕма хъӕппӕресгинӕй – уой туххӕй дӕр син арфӕ кӕнун.
Бӕрӕгбон арфитӕ ӕма лӕвӕрттӕй федауй
Ӕрӕги 13 январи Дзӕуӕгигъӕуи Национ музейи Битарти Вячеслав Кади гӕгъӕдитӕй ӕма сӕрмагонд премитӕй исхуарзӕнхгин кодта нӕ республики дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити ӕнтӕстгиндӕр архайӕг журналистти. Ӕ арфи радзубандий Битари-фурт загъта:
– Иристони журналистикӕ гъӕздуг ӕй кадгин нӕмттӕй. Ӕхцӕуӕн мин ӕй, абони дӕр нӕ республики цардгъон ке ’нцӕ нӕ аллихузон газеттӕ ӕма журналтӕ, иннӕ дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ, ка си косуй, етӕ ӕновудӕй архайунцӕ сӕ размӕвӕрд ихӕстӕ ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕст кӕнунбӕл. Сӕрустур ан, ке нӕмӕ ес патриоттӕ ӕма искурдиадӕгин фӕсевӕд, ӕма хуарз ӕй, нӕ журналисттӕ уони цард ӕма архайди хӕццӕ ке зонгӕ кӕнунцӕ нӕ дзилли.
Уотӕ ’й мӕнӕ нури тӕссаг санитарон-эпидемиологон уавӕри рӕстӕги дӕр. Ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл ка бацӕфстӕй, еци нӕуӕг хуӕцгӕ незӕй ӕнӕгъигӕдардӕй нӕ байзайдӕй нӕ республикӕ дӕр. Еци азари ка бахаудтӕй, уонӕй, гъулӕггагӕн, беретӕ бастъалдӕнцӕ, сӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕнцӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, хъӕбӕр уӕззау уавӕр исӕвзурдӕй, фал зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма аци тӕссаг рӕстӕги нӕ нифс нӕ расастӕй, алцидӕр арӕзт цӕуй, цӕмӕй адзалӕй фӕййервӕзӕн ӕма нӕ цард ӕдасӕй ӕ кеми бацӕуа. Ӕма еци еугурадӕмон архайди сумах, журналисттӕ дӕр, айтӕ нези нихмӕ тохгӕнгути ӕмрӕнгъӕ, архайдтайтӕ ӕма архайетӕ абони дӕр Иристони цӕргутӕмӕ уавӕри фӕдбӕл ӕнӕмӕнгӕ зонуйнаг хабӕрттӕ афойнадӕбӕл хъӕртун кӕнунбӕл.
Журналистти ахсгиаг фӕллойнӕн ба гъӕуама кадӕгонд цӕуа. Ӕма уомӕй нӕ республики журналисттӕ ӕнӕргъудигонд нӕ фӕуунцӕ.
Анзи дӕргъи дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити берӕ аллихузон ӕрмӕгутӕ мухургонд цудӕй мӕнӕ ауӕхӕн ахсгиаг фарстати фӕдбӕл: «Кадӕ ӕма намус»-и, «Цитгин Уӕлахези зӕрдӕбӕлдарӕн бони», «Еудзийнадӕ» ӕма «Федӕн»-и, цӕмӕдессагдӕр ӕрмӕгутӕ ка бацӕттӕ кодта, еци журналистти нӕ республики Сӕргълӕууӕг исхуарзӕнхгин кодта Кади гӕгъӕдитӕ ӕма премитӕй.
Етӕ ‘нцӕ: Зухъуати Жаннӕ, Скъиати Ларисӕ, Баллати Ритӕ, Махъоти Мӕдинӕ, Губурти Зӕлинӕ, Къӕбулти Иринӕ, Бӕззати Алинӕ, Рӕмонти Зӕлинӕ, Цхурбати Миланӕ, Наталия Фрейберг, Дзугати Нелли, Милдзихти Анжелӕ, Рӕмонти Тамерлан ӕма Къомайти Лидия.
БОНИ ФӔТКИ – ДЗИЛЛОН ИНФОРМАЦИЙ ФӔРӔЗНИТИ АРХАЙДИ ФАРСТАТӔ
Уӕрӕсейаг мухури Бони Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеславӕн фембӕлд адтӕй нӕ республики мухури ӕма дзиллон коммуникацити гъуддӕгути Комитети сӕрдар Фидарати Юрийи хӕццӕ.
Сӕ дзубандий рӕстӕг фиццагидӕр каст ӕрцудӕй аци ведомстви евгъуд анзи архайди бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ, уӕдта ӕрдзурдтонцӕ Цӕгат Иристони дзиллон информаций фӕрӕзнити къабази идарддӕри райрӕзти туххӕй райаразуйнаг фарстатӕбӕл.
Цӕгат Иристони разамонӕг куд баханхӕ кодта, уотемӕй Фидарати Юрий дзӕвгарӕ рӕстӕг бакуста журналистики ӕма ин ӕ еци агъазиау фӕлтӕрддзийнадӕ ӕ нури кусти хуарз агъазгӕнӕг фӕрӕзнӕ ӕй. Битари-фурт Комитети сӕрдарӕн райарфӕ кодта, мухур ӕма дзиллон коммуникацити къабази паддзахадон политики уагӕвӕрдтитӕ царди рауадзунбӕл зӕрдиагӕй ке архайуй, уой туххӕй.
Куст идарддӕр гъӕуама ци фарстатӕбӕл цӕуа, уонӕй еу ӕй журналистти кадртӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг. Уобӕл архайгӕй ба сӕрмагонд ӕргом ӕздахун гъӕуй, нӕ маддӕлон ӕвзагбӕл ка дзора ӕма финса, уӕхӕн арӕхстгин специалистти цӕттӕ кӕнун. Еци фарстабӕл архайд цӕуй Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл паддзахадон университети. Фал ӕй гъӕуй никкидӕр фӕййахедгӕдӕр кӕнун.
Дзиллон информаций фӕрӕзнити идарддӕри райрӕзти туххӕй ӕнӕмӕнгӕ ци мадзӕлттӕ исаразун гъӕуй, уонӕбӕл дзоргӕй, Битари-фурт загъта уӕхӕн фӕндон, цӕмӕй еугур еци мадзӕлттӕ хаст ӕрцӕуонцӕ сӕрмагонд программӕмӕ.
Еци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ уой зӕгъун гъӕуй, ӕма 2020 анзи, декабри Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ирӕзтади Агентади ци урух ӕмбурд адтӕй, уоми ӕрдзурдтонцӕ республики дзиллон информаций фӕрӕзнити райрӕзти фӕдбӕл программи проектбӕл.
Документи лӕмбунӕг хигъд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ журналистти кадртӕ цӕттӕ кӕнуни, дзиллон информаций фӕрӕзнити редакцити техникон ефтонгдзийнадӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн фарстатӕ.
Фембӕлди кӕронбӕттӕни Фидарати Юрий зӕрдиаг арфӕ ракодта республики Сӕргълӕууӕгӕн, къабази идарддӕри райрӕзтмӕ ӕ цӕстӕ лӕмбунӕг ке даруй, уой туххӕй.