ÆРДЗÆ ÆМА АДÆЙМАГ
14.10.2023 | 13:02
Аст æригон гъæддаг гали (зубри) бабæй æрæги рауагътонцæ Цæгат Иристони гъæдти. Æрбаластонцæ сæ Мæскуй облæсти фæдзæхст рауæн Приокско-Террасныйæй. Нæкæси, нæ республики гъæдти уæхæн галта рауагътонцæ нур цуппæрæймаг хатт (2010 æма 2012 æнзти – æстдæс, 2018 анзи ба – дæс). Зæгъун гъæуй уой, æма еци цæрæгойтæ рагæйдæр дзæвгарæ адтæнцæ Иристони гъæдти, сауæнгæ нæ рагфидтæлти доги дæр. Æнæгъæнæ Уæрæсей ба нуртæккæ ес æдеугурæй 2355 гъæддаг гали. Нæуæг ке ’рбаластонцæ, еци гъæддаг галтæ бал еу мæйи бæрцæ фæууодзæнæнцæ карантини уагæбæл æхгæд бунати, уой фæсте ба сæ рауадздзæнæнцæ Æрæдони æма Ирæфи цæугæдæнтти ’хсæн гъæдти.