АУОДУНДЗИЙНАДÆ
27.01.2024 | 14:24
Дууæ хаттемæ хæстæг фæффулдæр уодзæнæй, Беслæни теракти гъигæдард ка баййафта, еци адæмæн сæхе дзæбæх кæнуни туххæй санаторитæ æма курорттæмæ фæццæунæн син ци æхцай фæрæзнитæ лæвæрд цæудзæнæй, уони бæрцæ. Кæд уой туххæй нуриуæнгæ анзмæ уагъд цудæй 30 миллион соми, уæд амæй фæстæмæ ба еци нимæдзæ хъæртдзæнæй 58 миллионемæ. Нæ республики разамонæг Сергей Меняйло уой фæдбæл куд загъта, уотемæй равгæ уодзæнæй алли анз дæр санаторитæмæ 519 адæймаги æрветун – раздæри хæццæ рабаргæй, 183 фулдæр. Е æй Уæрæсей Президент Владимир Путини фæрци, уомæн æма сæрмагондæй байхæс кодта гъигæдард адæмæн 2030 анзей уæнгæ æхцай фæрæзнитæй агъаз фæффулдæр кæнун.