22 декабря 2024

ФИНАНСТÆ

26.08.2023 | 19:45

Аци анзи фиццаг æмбеси  банктæ Цæгат Иристони юридикон æма  хецæн адæймæгутæн кредиттæ равардтонцæ 7,5 миллиард сомей бæрцæ – 46,6 проценти фулдæр, фари хæццæ рабаргæй.

Уæлдай сæрæндæрæй æфстуæттæ истонцæ гъæууонхæдзарадон, базарадон компанитæ, транспорт æма бастдзийнади къабази архайæг кустуæттæ. Кустуæтти æма хецæн адæймæгути кредитти бæрцæ 2023 анзи фиццаг æмбеси кæронмæ исирæзтæй 24,2 миллиард сомей уæнгæ. Зингæ хай – 57,4 проценти – æ исконди ахæссунцæ гъæууон хæдзаради æфстæуттæ, кæцитæ кредиттæ 5 проценти хæццæ есунцæ паддзахадон программити  бундорбæл аграрон-промышленнон комплекси агъазæй.