ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ
Сæйгитæй уæлбарон ка ’й, уони гъæугæ хуастæй ефтонг кæнунæн аци анз республикæн радехгонд 880 миллион сомей уæлæнхасæн ма лæвæрд æрцудæй 97 миллион соми. Льготон хуастæ дæттунæн куст æнхæстгонд цæуй 38 сæрмагонд рауæнеми. Идарддзæф гъæутæмæ ба сæ хъæртун кæнунцæ медицинон косгутæ.
* * *
Цæгат Иристони социалон фонди хайади фæрци аци анзи фиццаг æмбеси санаторон-курортон дзæбæхкæнуйнадæ райстонцæ 223 уæлбæрнон адæймаги. Еци нисанæн дехгонд æрцудæй 3,5 миллион соми.
Республики æма æндæр рауæнти санаторитæмæ рарвистонцæ тоги зелдохи, эндокринон системи, уолæфæнти, нервити æма æндæр незти хæццæ сæйгити. Цæгатиристойнæгтæ се ’нæнездзийнадæ фæффедардæр кодтонцæ Стъараполи, Краснодари крайти æма Хъирими.
Лæвар балцæгтæ райстонцæ сæйгитæмæ еудадзугдæр ка зелуй, еци адæм дæр. Дзæбæхгæнæн бунатмæ æма фæстæмæ хæдзарæмæ иссæун æй лæвар. Санаторон-курортон дзæбæхкæнуйнади æмгъуд æй 18 бони, инвалид сувæллæнттæн – 21 бони, астæу æма сæримагъзи незти хæццæ адæмæн ба – 42 бони.
* * *
Ахури нæуæг анзи Цæгат Иристони скъолатæмæ æрвист æрцæудзæнæй маддæлон æвзагбæл финст киунугутæ – æдеугурæй 5113 экземпляри. Етæ уодзæнæнцæ нæ национ аййевадон литератури классикти æма нуриккон финсгути уадзимистæ.
Нуриккон техникон фæрæзнитæй ефтонггонд цæугæ берæфадуатгин культурон центр рæхги архайун байдайдзæнæй Ирæфи райони. Уой фæрци фæззиндзæнæй равгæ идарддзæф цæрæн рауæнти дæр аллихузон культурон мадзæлттæ аразунæн.
* * *
Паддзахадон экспертизæ Дигорай культурон райрæзти центри арæзтади проектон гæгъæдитæн аразий дзуапп равардта.
Проектмæ гæсгæ, центри дууæуæладзугон азгъунсти уодзæнæй 400-бунатон концертон зал, уæдта административон æма техникон рауæнтæ. Уомæй уæлдай, 50 мин киунуги фонди хæццæ райони библиотекæн культурон райрæзти центри рахай кæндзæнæнцæ зал.