ХУАРЗ ХАБАР – ЗÆРДРОХСГÆНÆГ
Æрдзон газ кæронбæттæн уагæй уадзуни программæмæ гæсгæ аци анз Цæгат Иристони бауадздзæнæнцæ æртæсæди æма инсæйæй фулдæр хæдзаремæ. Еци гъуддаг фарæ нæ республики æнхæстгонд цудæй æнтæстгинæй – газ уагъд æрцудæй 1,4 мин хæдзарей арæнти уæнгæ. Бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ хаст æрцудæй нæ бæсти еци гъуддаги раздзæугути номхигъдмæ.
* * *
Сахар Беслæни 2004 анзи ци уæззау фудракæндæ ’рцудæй, уоми фæммард æнцæ 334 адæймаги, уонæй – 186 сувæллони. Еци æверхъаудзийнадæ цæмæй иронх ма уа, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ дуйней дзиллитæ къæрцгъос уонцæ æма сабур цард ихалгути фудвæндитæн нихкъуæрд дæттонцæ, уой нисанеуæгæй нæ бæсти разамунд рахаста унаффæ Беслæни Дуйнеуон культурон гъомбæладон центр исаразуни туххæй. Æ исаразуни еумæйаг аргъ æй 200 миллион сомемæй фулдæр. Нуртæккæ уой арæзтадæ фæуунтæбæл æй, æнæгъæнæй гъæуама исцæттæ уа аци анзи апърели.
* * *
Нуртæккæ сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, еци тугъдонтæн хуæдтолгити æййевæн хæйтти тукани хецау Антон Гурин балæвар кодта, внедорожник ке хонунцæ, уæхæн хуæдтолгæ. Зæгъун гъæуй, æма аци адæймагæн ес еудадзугон бастдзийнадæ нæ тугъдонти хæццæ, берæ цæмæйдæрти син фæййагъаз кæнуй, зæгъæн, айразмæ дæр син рарвиста аллихузон æфсæддон фæрæзнитæ æма гъæугæ дзаумæуттæ. Арфиаг уо, Антон!..
* * *
Дзæуæгигъæуи Туйгъанти Махарбеги номбæл аййевадон музейи байгон æй камерон равдист «Иронхуати байзайæг нæмттæй». Экспозици æвдесуй, иронхуати берæ рæстæгути æма берæ фæлтæрти ке карни хабæрттæ нæ зонунцæ, уæхæн дууæ адæймагей цардвæндаг æма се ’сфæлдистадæ. Фæсарæнти парахаттæй ке куститæ ’вдистонцæ (фал син сæ райгурæн бæстæ Советон Цæдеси цæрæг адæм аккаг аргъ не ’скодтонцæ), еци дууæ адæймагемæй еу æй скульптор Дмитрий Цаплин. Дуккаг æй дзиллитæй феронхуæвæг дæсниæдтæ багъæуайгæнæг хузæгæнæг Мæлтъизти Ольгæ.
Равдисти фæууинæн ес Дмитрий Цаплини арæзт цуппар скульптури æма Мæлтъизти Ольги арæзт еуæндæс дорин сорæти.