НАЦИОН ПРОЕКТТÆ
19.08.2023 | 18:03
Цæгат-Кавказаг федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвари хуæдæййевæг Максим Владимиров нæ республики косæг балций уогæй, уотæ загъта: «Национ проекттæ царди рауадзунбæл Цæгат Иристони ци куст æнхæстгонд цæуй, уой фæдбæл æрхæсдзæнæн мæнæ ауæхæн нимæдзтæ: национ проектти уагæвæрдмæ гæсгæ 2023 анзи нисангонд куститæн июли кæронмæ æнхæстгонд æрцудæй сæ 92 проценти. Республики идарддæри социалон-экономикон райрæзти мадзæлттæн фиццаг кезуй национ проектти фæлгæти 2023 анзи нисангонд цæуй 9 миллиард сомемæй фулдæр исхарз кæнун. Еци проектти уагæвæрдмæ гæсгæ нуртæккæ республики арæзт æма бундорон æгъдауæй цалцæггонд цæунцæ социалон æма инженерон инфраструктури 150 объектемæй фулдæр.