НИСАНТÆ
16.09.2023 | 15:24
Нæ республики агъазиаудæр кустуат «Электроцинк» æхгæд кæд æрцудæй, уæддæр ни, æвæдзи, алкедæр расагъæс кæнуй: «Идарддæр ба ци?..» Зундгонд куд æй, уотемæй фæстаг рæстæги заводи хецау адтæй Урали хуæнхон-металлургон комбинат. Æма ’й е, Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æ телеграмм-канали куд фегъосун кодта, уотемæй нæ республикæн рауæйæ кодта 144 сомебæл. Уой фæдбæл гъæугæ куст æнхæст кæнун кæронмæ фæхъхъæртуй. Сагъæссаг фарста – клинкер (кустади уæлдæйттæ) ци бауодзæнæнцæ? Куд зæгъунцæ, уотемæй æй урайлаг комбинат æнæгъæнæй дæр фæлласдзæнæй.