НÆ АБОНИ ÆНТÆСТДЗИЙНÆДТÆ – НÆ РАЗМÆЦУДИ НИСАНТИ ФЕДАР БУНДОР
Раздæр ма куд игъосун кодтан, уотемæй 7 декабри Мæскуй адæмон хæдзаради æнтæстдзийнæдти Еугуруæрæсеуон центри равдист-форум «Уæрæсе»-й фæлгæти адтæй Цæгат Иристони Бон.
Еци бон цæгатиристойнаг экспозиций иуазгутæн адтæй равгæ урух æма цæмæдесаг бæстæзонæн, ахурадон, культурон æма региони инвестицион гъомусбæл дзорæг программæ фæууинун.
Цæгат Иристони Бони нисангонд мадзæлттæ 7 декабри арæзт æрцудæнцæ сæуми 9 сахаттемæй ба изæри 21 сахаттей уæнгæ. Æма регионалон стендтæй уæлдай ма мадзæлттæ цудæнцæ цалдæр павильоней фæзуати.
Бæрæгбони программæ райдæдта презентаций мадзалæй, æма си Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло радзурдта республики абони цард æма æнтæстдзийнæдти, уæдта нæ региони идарддæри райрæзти нисанти туххæй.
Бони программи цæмæдесагдæр мадзæлттæй еу, æнæмæнгæ, иссæй нæ фидтæлтиккон æгъдæуттæмæ гæсгæ арæзт киндзæхсæвæр. Еци бон адæмон хæдзаради æнтæстдзийнæдти еугуруæрæсеуон Центри сæ цард байеу кодтонцæ нæ дууæ æригон æмзæнхони – Хетæгкати Константин æма Хъарданти Анжеликæ. Фæстæдæр Константин æма Анжелики къайадæ исфедар кодтонцæ Мæскуй ЗАГС-и косгутæ.
Уой фæсте павильонти цудæнцæ цалдæр тематикон лекций. Уони фæрци нæ экспозиций иуазгутæ базонгæ ’нцæ Цæгат Иристони туристон гъомуси, Уæрæсей цардарæзти еугур къабæзтæмæ дæр берæ рæстæгути дæргъи агъазиау æвæрæнтæ бахæссæг иристойнæгти, Нарти кадæнгити хъайтарти туххæй хабæртти хæццæ.
Республики Бони рæстæги равдисти арæзт æрцудæй Сергей Меняйлой пресс-конференци дæр. Региони разамонæг дзуæппитæ равардта дзиллон информаций федералон æма регионалон фæрæзнити минæвæртти фарстатæн.
Еци бон ма арæзт æрцудæй берæ æндæр аллихузон мадзæлттæ дæр: нæ национ къеретæ æма æндæр хуæруйнæгтæ кæнуни, уæдта цилле сæрбæттæнтæ бийуни мастер-къластæ, адæмон промыслити компанитæ æма хецæн армæйдæснити кустити равдист-æрмукъа, фембæлдтитæ зундгонд спортсментæ æма исфæлдистадон косгути хæццæ.
Ке зæгъун æй гъæуй, Иристони экспозиций иуазгутæн зæрдæмæдзæугæ адтæй туристон балцæгтæ рамолуни фадуат. Бæрæгбони архайæг адæми нимæдзæй æвзурст æрцудæнцæ цалдæр уæлахездзауи. Етæ фæстæдæр лæвар рабалци кæндзæнæнцæ Цæгат Иристонмæ, базонгæ уодзæнæнцæ æ адæми хуæдбундор культурæ æма æгъдæутти хæццæ, бабæрæг кæндзæнæнцæ республики цæмæдесагдæр æрдзон рауæнтæ.
Республики Бони мадзæлттæ сæ аййевадæй исфедаун кодтонцæ адæмон кæфтити паддзахадон ансамбль «Алан»-и, зартæгæнгути къуар «Алани»-й, Дзæуæгигъæуи Гергити Валерийи номбæл аййевæдти колледжи адæмон инструментти ансамбли, адæмон кæфтити мæскуйаг ансамбль «Алани» æма æндæр исфæлдистадон коллективти иуонгтæ, нæ национ аййевади зундгонддæр архайгутæ.
Нæ республики Бон исфедудта уомæй дæр, æма си нæ номдзуд æмзæнхонти хæццæ архайдтонцæ Цæгат Иристони нури æма раздæри разамонгутæ дæр: Дзасохти Александр, Мамсурати Таймораз, Битарти Вячеслав æма Сергей Меняйло.