27 декабря 2024

ХАЦЦОНИ АРГЪ

13.01.2024 | 13:33

Дзæуæгигъæуи еууатон фатери хаццони рæстæмбес аргъ нуртæккæ æй 20,4 мин соми (гъома, анзи дæргъи ибæл бафтудæй 32,2 проценти).

Аци хабар фегъосун кодта федералон портал «Мир квартир». Анзмæ дууæуатон фатери аргъбæл бафтудæй 24,3 проценти, æртæуатон фатери аргъбæл ба – 8,3 проценти.

Риэлторти дзубандимæ гæсгæ, Дзæуæгигъæумæ цæуæг туристти нимæдзæ ке фæффулдæр æй, е цæрæнуати хаццони аргъбæл фæббæрæг æй. Фатерти хецæутти изол æмгъудон хаццони бæсти бæлццæнттæ равзарунцæ суткæгай хаццон.