РÆСТВÆНДАГ КÆНÆ, БИЙНОНТИ АНЗ!..
Зундгонд куд æй, уотемæй Владимир Путини Указæй 2024 анз Уæрæсей нимад æрцудæй бийнонти Анзбæл. Æ нисан æй, цæмæй бийнонтæ æма нæ бæсти цæрæг адæмихæттити уодварнон хæзнатæ багъæуай кæнуни æма сæ идарддæри райрæзти фæдбæл паддзахадон политикæ бундорондæр æма æнтæстгиндæрæй æнхæстгонд цæуа. Укази куд амунд цæуй, уотемæй еци паддзахадон политики ба сæйрагдæрбæл гъæуама нимад æрцæуонцæ уодварни фæткон хæзнатæ, адæймаги царди ахсгиагдзийнадæ, сæребарæдзийнадæ æма бартæ, бийнонти федардзийнадæ багъæуай кæнуни ихæстæ.
Аци гъуддагмæ цæйбæрцæбæл агъазиау æргом æздæхт цæуй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма бийнонти Анз гъæугæ хузи рарветуни туххæй арæзт æрцудæй сæрмагонд дзуапдæттæг Комитет, æ разамонæг Уæрæсей Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Татьянæ Голикова, уотемæй. Хецæнæй оргкомитеттæ арæзт гъæуама æрцæуонцæ еугур регионти дæр. Уæдта си гъæуама арæзт æрцæуонцæ бийнонти Анз райдайуни фæдбæл цитгингæнæн мадзæлттæ.
Æма бийнонти Анз райдайуни фæдбæл кадгин мадзал арæзт æрцудæй Цæгат Иристони дæр. Арæзт ба æрцудæй Тæбæхсæути Балой номбæл паддзахадон академион театри. Кадгин уавæри ’й байгон кодта нæ республики разамонæг Сергей Меняйло. Архайдтонцæ ма си республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис, Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, Дзæуæгигъæуи администраций сæргълæууæг Милдзихти Вячеслав. Уордæмæ хунд æрцудæнцæ, республики ци берæ сувæллонгин бийнонтæ цæруй, бийнонти фарнæ кади хæццæ ка хæссуй, етæ дæр.
Мадзал игон кæнгæй Сергей Меняйло загъта:
– Алкедæр гъæуама æ зæрдæбæл дара æ фидтæлти уедæгтæ. Мах нæ хуæдбундордзийнадæ уæд багъæуай кæндзинан, æма, кæмæй рацудан, уой ку зонæн æма ’й ку нæ иронх кæнæн. Уомæ гæсгæ ба уæлдай устур æма ахсгиаг гъуддаг æй, Уæрæсей Федераций Президент уæхæн агъазиау æргом бийнонти фарстамæ ке даруй. Фиццагидæр зæрдæбæл уой дарун гъæуй, æма федар бийнонти ’хсæн гъомбæл кæнунцæ Фидибæстæбæл æновуд æма æ сæрбæлтау рæстуодæй архайæг, раст зундирахастбæл хуæст фæлтæртæ.
Бæласæ æ уедæгтæй куд федар æй, уотæ бийнонтæ дæр федар æнцæ сæ фарнæй, сæ муггаги анзфинститæй. Бийнонти медастæу хестæртæ сæ цæуæти ахур кæнунцæ уарзондзийнадæбæл, хæлардзийнадæбæл, кæрæдзебæл ауодундзийнадæбæл. Алли адæймагæн дæр дзурд «бийнонтæ» нисан кæнуй мади фæлмæн къохти рæвдуд, фиди рæстмæ фæдзæхститæ, ниййергути фæрци кæстæртæн сæ сабийдоги æнæмæтæ цард æма еугур хабæрттæ ’нцæ нæ цардарæзти еугур рæстæгути устурдæр хæзнатæ, кæцити фæрци цийфæнди уавæрти дæр уодзинан уæлахезон.
Цитгин мадзал рауадæй зæрдæмæдзæугæ, никки ба ма уомæй дæр, æма ’й сæ рæсугъд аййевадæй исфедаун кодтонцæ нæ республики аййевæдти зундгонд архайгутæ. Ка си архайдта, етæ ба зæрдиагæй загътонцæ: «Рæствæндаг кæнæ, бийнонти Анз!..»
НÆКÆСИ
Фæстаг æнзти берæсувæллонгин бийнонти нимæдзæ Уæрæсей фæффулдæр æй 26 процентей бæрцæ, ци сувæллæнттæ си гъомбæл кæнуй, уони нимæдзæ ба 30 процентей бæрцæ. «Е хуарз бæрæггæнæн æй!..», – загъта Уæрæсей Президент Владимир Путин, æрæги ци Еугуруæрæсеуон форум «Хеуонтæ – уарзонтæ» арæзт æрцудæй, уоми æ радзубандий. Уоми ма уотæ дæр загъта: «Номхундæй бийнонтæ гъæуама уонцæ еугур паддзахадон политики бæрæгастæу. Мах архайгæ дæр уобæл кæнæн, цæмæй уотæ уа!..»