27 декабря 2024

ХУАРЗ УНАФФÆН МА ХУАРЗ ÆНХÆСТГÆНÆГ ДÆР ГЪÆУЙ!..

03.02.2024 | 16:33

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой разамундæй адтæй Хецауади иуонгтæ æма муниципалитетти разамонгути алликъуæреуон радон аппаратон æмбурд.

Дзубанди цудæй нæ республики ахсгиагдæр фарстатæбæл. Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег куд фегъосун кодта, уотемæй абони уæнгæ хуæнхон территорити зæйтæ ракæлуни цаутæй тæссаг æй æма аци фарстамæ ведомствити ’рдигæй еудадзуг гъæугæ цæстдард ес.

Гъæууон цæрæнбунæттæ æрдзон газæй ефтонгкæнуйнади фæдбæл дзубандий рæстæг куд рабæрæг æй, уотемæй аци фарста нерæнгæ лухгонд нæма æрцудæй Ирæфи райони Кæлух æма Дзинагъай. «Газпром Межрегионгаз Владикавказ»-и генералон директор Хъодзати Алан куд балæдæрун кодта, уотемæй Ирæфи райони æнæмæнгæ баййевун гъæуй, æ дæргъæ 1,5 километри кæмæн æй, гази еци хæтæл.  Еци гъуддаг конд ке нæма ’рцудæй, уой фудæй Дзинагъамæ газ нæ хъæртуй:

– Гази хæтæл æй райони администраций бæрни. Æ исаразуни проекти еуæй-еу рæдудтитæ уагъд ке ’рцудæй, уæдта коми дорти зæйтæ ахид ке ’рацæунцæ, уой фудæй æнæ газæй байзадæнцæ Дигоргоми хуæнхаг объекттæ. Ци æгъдауихæлдтитæ исбæрæг кодтан, етæ нин къулумпи кæнунцæ нæ архайд.

Сергей Меняйло аци æнæмæнгæ лухкæнуйнаг фарстай фæдбæл æмбурди архайгутæн зæрдæ байвардта, Мæскуй ке фембæлдзæнæй Уæрæсей Федераций «Газпром»-и директорти совети Сæрдар Алексей Миллери хæццæ. Аци анз гази фарста амунд хуæнхон территорити нивæбæлгонд гъæуама æрцæуа.

Æмбурди ма дзубанди рацудæй, Алагири райони дон æма Фиййагдони æнæзакъонæй зæнхитæй пайда кæнуни фарстатæ æнæлухгондæй ке лæуунцæ, уобæл дæр. Республики Сæргълæууæг куд загъта, уотемæй Фиййагдони цæргути гъастмæ ведомствитæ сæ цæстæ кæд æрдардтонцæ, уæддæр еци зæнхитæ æрахæсгутæй еуей-еуетæ  сæ арæзтадæ идарддæр кæнунцæ хуæнхаг фæхстæбæл. Æма æ загъд адтæй:

– Нæ республики есбойнади министрадæн ихæс кæнун, айдагъ Фиййагдони нæ, фал ма æндæр  рауæнти дæр æнæзакъонæй ци 50 зæнхи хæйттæ æрцудæнцæ ахæст, еци адæймæгутæбæл прокуратурæмæ гæгъæдитæ бацæттæ кæнун, исаразун объектти инвентаризаци дæр. Æма ма æ загъдмæ бафтудта:

– Кæд æма кæмæй балхæдтонцæ еци зæнхитæ, уой туххæй си байагоретæ бадзурди фæдбæл гæгъæдитæ. Цæгат Иристони хуæнхти фæхстæ дæр ма байахæстонцæ. Дзæуæгигъæуи дони станцæмæ хæстæг гъæди дæр 65 хаййи дæр иурст æрцудæнцæ. Бацæттæ кæнетæ прокуратурæмæ гъæугæ гæгъæдитæ æма аци æнæзакъон миутæн барадон хатдзæгти хæццæ кæрон искæнæн, багъæуаги  сæбæл уголовон гъуддæгутæ дæр исараздзинан.

Махæн, мухури косгутæн ба, уæлдай æхцæуæн е æй, æма Сергей Меняйло аци æмбурди Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæн сæрмагондæй бафæдзахста республикон газеттæ рафинсуни гъуддагмæ гъæугæ æргом раздахун, æма, ци гæнæн æма амал ес, уомæй син фæййагъаз кæнун, байархайун сæ тиражтæ фæффулдæр кæнуни гъуддаги.