27 декабря 2024

АУОДУНДЗИЙНАДÆ

03.02.2024 | 22:02

Нæ республики сæдæ бийнонтæй фулдæр райсдзæнæнцæ цæрæнуатон субсидитæ. Еци гъуддаг ци программæмæ гæсгæ арæзт цæуй, уой медес уæхæн æй, æма паддзахадæ æхуæдæг бафедуй фатери аргъæн æ еу хай, æма уой туххæй фæрæзнитæ лæвæрд цæунцæ субсидити хузи. Феддони бæрцæ аразгæ ’й, бийнонтæ цал æнцæ, уомæй: æригон лæг æма уосæ сæ сувæллæнтти хæццæ райсдзæнæнцæ 35 проценти æ аргъæй, æнæсувæллонгин бийнонтæ – 30 проценти. Уосæ кенæ лæгбæл гъæуама 35 анземæй фулдæр ма цæуа. Уомæй уæлдай бийнонтæ гъæуама нимад цæуонцæ, сæ цæруни фадуæттæ фæххуæздæркæнуйнаг кæмæн æнцæ, уæхæнттæбæл. Фарæ сæ цæруни уавæртæ уæхæн хузи фæххуæздæр кодтонцæ 93 æригон бийнонти.