21 декабря 2024

КЪОФИЙ ХÆЦЦÆ – НАЦИОН ГАЗЕТТÆ ДÆР

10.02.2024 | 22:08

Нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни æма æ идарддæри райрæзти  гъуддаги фæдбæл хуарз хъæппæрес равдиста Дзæуæгигъæуи администраци – сахари къофи кæци рауæнти уæйæгонд цæуй, уонæми фæззиндзæнæнцæ республикон газеттæ: «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Слово», «Дигорæ». Уой туххæй бадзурд бафинстонцæ къофи цумæн бунæтти хизти разамонгутæ æма «Уæрæсей почтæ». Газет ке багъæуа, е æй аци рауæнти есдзæнæй лæвар, уой туххæй хæрзтæ сæхемæ райстонцæ къофи цумæн бунæтти хецæуттæ.

«Старбарс»-и къофи цумæн бунæтти хизи хецау Хетæгкати Тæирбеги гъуди уæхæн æй:

– Хестæр фæлтæрæн е æхцæуæн уодзæнæй, газеттæ кæсун хъæбæр берæ уарзунцæ. Æма мæнæ аци мадзали фæрци ба, нæ зæрдæ дарæн, кæдимайди ба æригæнттæ дæр фехцулдæр уиуонцæ нæ национ мухур кæсунбæл.

Нерæнгæ бал нæ национ прессæ парахат кæнунæн фæббæрæг кодтонцæ къофи цумæн фондз бунати: Дзæуæгигъæуккаг гъæунги 45/1, Къостай проспект 172-аг хæдзарæ, Чкалови гъæунги 6-аг хæдзарæ, Гугкай-фурти гъæунги 18-аг хæдзарæ, Павленкой гъæунги 75-аг хæдзарæ. Кæд газеттæ сæ кæсгути иссеронцæ, уæд прессæ парахат кæнуни бунæттæ фæффулдæр уодзæнæнцæ.

«Старбарс»-и разамунди фæндæй сæ менютæ финст æнцæ нæ маддæлон æвзагбæл, къофи цумæн бунæтти фегъусуй национ музыкæ. Сахари ма фæззиндтæй цалдæр музыкалон бадæни, уони исконд уотæ арæзт æй, æма си  изæлуй национ зартæ. Къофий аргъ уотæ хъазар дæр ку нæй – æдеугурæй сæдæ соми.

Аци хабар фегъосун кодта Дзæуæгигъæуи администраций пресс-службæ.