30 декабря 2024

ТАУЙНАГ ХУАРЗ МÆРИ РАТТУЙ БÆЛДТАГ ТИЛЛÆГ!..

10.02.2024 | 22:15

Уæрæсей 1999 анзæй фæстæмæ алли анз дæр 8 феврали бæрæггонд цæуй нæ фидибæстон науки Бон. Аци бæрæгбони фæдбæл аллихузон цитгингæнæн мадзæлттæ арæзт æрцудæй Цæгат Иристони дæр. Сæрмагонд кадгин æмбурд адтæй Уæрæсей наукити Академий Дзæуæгигъæуи наукон центри. Æрæмбурд си æнцæ Цæгат Иристони наукон æхсæнади алли къабæзти архайгутæ. Уонæн райарфæ кæнунмæ ’рбацудæнцæ нæ республики разамунд, хецаудзийнади берæ къабæзти минæвæрттæ. Сергей Меняйло æ радзубандий уæлдай æхцæуæнæй баханхæ кодта, нæ ахургæндтæ сæ хъазауатон архайдæй цæйбæрцæбæл агъаз кæнунцæ нæ бæсти размæцудæн. Уони фæллойнæ айдагъ абони пайдайæн нæй, фал уомæй федар бундор æвæрд цæуй исонибони наукон æскъуæлхтитæн.

Æмбурди  ахургæндти устур къуар хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ республики Сæргълæууæги Арфи финстæгутæй, Парламенти, наукæ æма ахуради Министради, наукон центрти Кади гæгъæдитæй.

Аци кадгин æмбурди размæ ба Дзæуæгигъæуи наукон центри ахургæндтæн адтæй фембæлд дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ. Зæгъун гъæуй уой, æма нæ фидибæстон науки æртæсæдæ анзей бæрæгбони хæццæ ма исеу æй еума зæрдтагон цау – дæс æма инсæй анзи исæнхæст æй Уæрæсей наукити Академий Дзæуæгигъæуи наукон центрбæл дæр. Æма, гъай-гъайдæр, дзубанди цудæй центри къабæзти архайгæй ци бантæстæй, уобæл. Дзубанди ма си рауадæй, нæ науки исонибон циуавæр уодзæнæй, уобæл дæр. Е хъæбæр сагъæссаг æй – фæсевæд уоййасæбæл тулаваст нæбал æнцæ наукон архайдмæ. Уой фæдбæл дзоргæй педагогон наукити кандидат Верæ Абатурова загъта:

– Дзубанди дæр ибæл нæййес, Уæрæсей разамунд аллихузон мадзæлттæ ке аразуй æригон ахургæндтæн фæййагъаз кæнунæн, уобæл. Сæрмагонд паддзахадон программи фæрци фæстаг цалдæр анзей дæргъи 6 æригон ахургондей бийнонтæн лæвæрд æрцудæй фатертæ. Уомæй уæлдай  ма син ес фадуат аллихузон гранттæ райсуни еристи архайунæн. Уоми рамолунцæ дугай кенæ  фулдæр миллион сомей бæрцæ.

Нæ республики спортмæ устур æргом здæхт цæуй. Алли турнирти, чемпионатти æма олимпиадити ка фæууæлахез уй, уони цитгинæй-цитгиндæр искæнунцæ. Æз уотæ нæ зæгъун, æма не спортсментæн кадæ кæнун нæ гъæуй. Фал гъæуама уотæ цийнæ кæнæн нæ ахургæндти æнтæстдзийнæдтæбæл дæр. Скъолай олимпиадитæ рамолун, уæлдæр ахуради гъуддæгути фескъуæлхун, кандидатон æма докторон диссертацитæ ниффинсун æма сæ багъæуай кæнун спортивон чемпинатти фæууæлахезтæй дæлдæр нæ лæуунцæ. Æма  уæд цæмæннæ гъæуама цитгин кæнæн, ахурадæ æма науки устур  æскъуæлхтдзийнæдтæ ке къохи бафтудæй, уони? Республики ирæзт айдагъ спорт æма туризмæй нæй, фал, фиццагидæр, æргом раздахун гъæуй ахурадæ æма наукæмæ.

… Дзурддзæугæ лæгтæй кæддæр еу куд загъта, уотемæй бæзгæ тауйнаг барæуадзæ тиллæг хуарз мæри раттуй. Æма наукæ дæр бæзгæ тауйнаги хузæн æй, уой дæр хуарз мæрæ, гъома, аккаг уавæртæ гъæуй, æма уæд æнæмæнгæ ратдзæнæй, ци барæуадзæ тиллæгмæ си æнгъæлмæ кæсæн, уой…