26 декабря 2024

«АЛАН» – НÆ АЙЙЕВАДИ ИРД СТЪАЛУТÆЙ ЕУ, НÆ ДЗИЛЛÆ СИ УÆЛДАЙ СÆРУСТУР ÆЙ!..

16.03.2024 | 20:34

Нæ номдзуд исфæлдистадон коллектив – адæмон кафти паддзахадон академион ансамбль «Алан» – алкæддæр устур цæстиварди адтæй æма нерæнгæ дæр æй дзиллити ’хсæн айдагъ нæ республики нæ, фал нæ Фидибæсти дæр æма сауæнгæ фæсарæнти берæ  рауæнти дæр. Бундор ин æвæрд æрцудæй 1938 анзи, æма уæдæй абони уæнгæ æ кадæ бæрзондæй-бæрзонддæр кæнуй, иссæй берæ аллихузон аййевадон æркæстити уæлахезон, гастролон балцити адтæй дуйней берæ паддзахæдти.

Уомæ гæсгæ си Иристон сæрустур   æй, е бæлвурдæй рабæрæг æй, æрæги ин æ 85-анзон юбилейи фæдбæл Тæбæхсæути Балой номбæл Ирон академион театри агъазиау цитгингæнæн мадзал арæзт ке ’рцудæй, уомæй дæр. Архайдта си æма номдзуд коллективæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Мадзали ма архайдтонцæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, культури министр Фидарати Сослан, паддзахадон æма æхсæнадон къабæзти минæвæрттæ, кадгин иуазгутæ уæрæсейаг алли регионтæй.

Дæ карни дин уæлдай зæрдæхцæуæндæрæй ци ес, зæгъгæ, мæ ку бафæрсайтæ, уæд, нæ Исфæлдесæгæй арази, берæ аллихузон, æцæгæйдæр ма мин хъæбæр зæрдтагон ка ’й, уæхæн цаутæ æма хабæрттæ æримисинæ. Уонæн сæ фиццæгти хæццæ – нæ номдзуд исфæлдистадон коллектив, Цæгат Иристони зар æма кафти ансамбли (уæди рæстæгути нури «Алан» ма уотæ хундтæй) ци рæстæг фæдтæн, уой. Е адтæй евгъуд æноси 60-аг æнзти дуккаг æмбеси. Уордæмæ мæ кафæгæй ку райстонцæ, уæд, баууæндетæ, уотæ цийнæ кодтон, цума мæнæй амондгундæр адæймаг а дуйнебæл нæ адтæй.

БАЙТИ Альбинæ æма ХАСИТИ Алик кафунцæ «Хонгæ».

Уæдиккон ансамбль ци æма куд адтæй, уой ка гъуди кæнуй, етæ мæ æгæрдæр ма балæдæрдзæнæнцæ. Уойбæрцæбæл бæрзонд адтæй æ кадæ, уойбæрцæбæл тухгин коллектив адтæй, æма имæ уотæ æнцонтæй нæ бахаудтайсæ – еци фарста кæмæй аразгæ адтæй, уони гъæуама айдагъ дæ арæхстдзийнадæй деси ма бафтудтайсæ, фал ма уотид уодиконди федауцæ менеугутæй дæр хайгин адтайсæ.

Уомæ гæсгæ куд нæ цийнæ кодтайнæ, æгайтима мæмæ уæхæн амонд æрхаудтæй, æма исдæн аци номдзуд коллективи иуонг. Уæлдай цийнаг ба ма мин е адтæй, æма сценæмæ кафунмæ ке рацæуинæ Торчинти Бексолтани (адæм æй уарзонæй Пигу худтонцæ), Сопойти Бариси, Дзабрати Хазбийи (гъуди æй кæндзинайтæ æ «Хъæмати хæццæ кафт»-мæ гæсгæ), Чихтисти Гамиди, Хæникъати Петри, Бæгиати Николайи æма ма берæ æндæр номдзуд кафгути хæццæ. Уæди рæстæгути уони æнæгъæнæ Иристони ка нæ зудта, уæхæн адæймаг, æвæдзи, нæ разиндтайдæ – нæ фæррæдуйдзæнæн, нæ дзиллæ сæ изæдтæбæл нимадта, зæгъгæ, ку зæгъон, уæд уомæй дæр.

Еци рæстæг нæ номдзуд кафгути æмрæнгъæ сценæбæл исæрттивтонцæ нæ искурдиадæгин кафгути нæуæг фæлтæр – Байти Альбинæ, Гониати Зойæ, Карсанти Тамарæ æма Дилярæ, Касати Галинæ, Хабæти Людæ, Тотойти Хъазбег, Хасити Алик, Хъанухъти Морат, Цъæхилти Æхсарæ, Созайти Герой, Карсанти Сослан, Гæззати Олег, Баллати Коля, Дзбойти Къоста, доулист Джагайти Тенгиз… Мæ рæстæги ансамбли аййевадон разамонгутæ ба адтæнцæ Торчинти Бексолтан, уæдта Уарзиати Хаджисмел…

Советон Цæдеси адæмон артисткæ АДИРХАТИ Светланæ æма ансамбль «Алан»-и номдзуд кафæг ПЛИТИ Нодар.

Цæмæй лæдæрд уа, цæйбæрцæбæл цийнаг мин адтæй, аци ансамбльмæ мæ ке райстонцæ е, уой туххæй ма еума хабар ракæндзæнæн. Мæ сабийдогæй ма ’й хуарз гъуди кæнун, ансамбль нæмæ Чиколамæ концерт равдесунмæ ку ’рцæуидæ, уæд е æнæгъæнæ гъæубæстæн дæр дессаги бæрæгбон исуидæ – уойбæрцæ адæм æрæмбурд уидæ культури Хæдзарæмæ, æма си, куд фæззæгъунцæ, къах ниввæрæн дæр нæ уидæ, кæмæндæрти ба залмæ бацæуни фадуат дæр нæ фæууидæ. Мадта силгоймæгтæй ба беретæ уордæмæ цудæнцæ сæ хунти хæццæ, ерис кодтонцæ, иуазгути си ка хуæздæр фæххинцдзæнæй. Гъе уойбæрцæбæл берæ уарзтонцæ нæ дзиллæ нæ адæмон ансамбль, æ кадæн ин кадæ кодтонцæ. Уотæ Иристонæй еуварсдæр рауæнти дæр ансамбль нæ Фидибæсти дæр æма фæсарæнти дæр исфæлдистадон балцити кæми уидæ, уоми дæр хъæбæр бæрзонд цæстиварди исуидæ. Мæнæ немуцаг газет «Майлерг цайтунг» 1995 анзи куд финста: «На публику произвели ошеломительное впечатление воинственные энергичные танцы, блистательно исполненные мужской группой осетинского ансамбля танца «Алан». Сила и элегантность, быстроты, ловкость и грация, прекрасное исполнение танца были встречены бурными овациями зрителей, большую часть, которых составляла молодежь». Уæхæн гъудитæ бакæсæн уидæ, ансамбль «Алан» исфæлдистадон балцити кæмити уидæ, ецирдигон мухури фæрæзнити.

Æма мæ балæдæрдзинайтæ, цæйбæрцæбæл цийнаг мин адтæй, еци коллективи иуонг ке исдæн, еци хабар, уæдта абони уæнгæ дæр цæйбæрцæбæл зæрдæхцæуæнæй имисун, ци рæстæг си фæдтæн, уой. Гъе уомæ гæсгæ ба «Алан»-и 85-анзиккон юбилей нимайун мæхе зæрдтаг бæрæгбонбæл.

Аци коллективи алкæддæр адтæй рæсугъд æгъдæуттæ æма фæткитæ хæссæг. Уонæн сæ сæйрагдæртæй еу ба е адтæй, æма ами бæлвурдæй зудтонцæ ансамбли анзфинсти хабæрттæ æма цаутæ, устур цæстиварди си адтæнцæ æ бундорæвæргутæ, уой размæ си ка архайдта, уони нæмттæ.

Æма мæн дæр фæндуй мæ абони раздзубандий цубурæй уони кой ракæнун.

Кафт æма зари къуæрттæ Иристони зиннун байдæдтонцæ евгъуд æноси 30-аг æнзти райдайæни. Етæ сæ аййевадæ æвдистонцæ аллихузон æркастити. Еци къуæрттæ кæд хехъæппæресадон адтæнцæ, уæддæр сæ аййевадон арæхстдзийнадæ ба уойбæрцæбæл цæмæдесаг адтæй, æма еу уæхæн æркасти фæсте фæззиндтæй фæндæ, цæмæй арæзт æрцæуа профессионалон коллектив. Еци æхсицгон гъуддаг арæзт æрцудæй 1938 анзи, гъе уæд фæззиндтæй Цæгат Иристони кафти æма зари ансамбль (нури «Алан»-и бундор). Фиццаг разамонæг ин адтæй зундгонд композитор Кокойти Тæтæрхъан.

Ансамбль нæ дзиллæ хумæтæги нæ худтонцæ адæмон – равзурдæй адæми æхсæнæй. Райдайæни ин æ сæйрагдæр хузи ихæсгонд цудæй айдагъдæр адæмон исфæлдистадæ гъæздугдæр кæнун æма æй дзиллитæмæ рæсугъддæрæй, федауцæдæрæй хæссун. Уогæ æцæгæй ба уотæ рауадæй, æма коллектив куд баргъондæр кодта, уотæ æхемæ иста фулдæр æма вазуггиндæр ихæстæ æма, куд рабæрæг æй, уотемæй сæ тæккæ хуæздæр хузи æнтæстгинæй æнхæст кæнунмæ арæхсгæ дæр кодта.

Ансамбль арæзт ку ’рцудæй, уæд имæ райдайæни бакодтонцæ, уой размæ аййевадон хехъæппæресадон къуæртти æхе искурдиадæгиндæрæй ка æвдиста, еци лæхъуæнтæ æма кизгутти. Анзи фæсте «нæуæгигурд» коллектив рандæй Украинæмæ æ фиццаг исфæлдистадон балций. Хъæбæр ибæл бацийнæ кодтонцæ уоми, устур аргъ ин искодтонцæ.

Æнæмæнгæ зæгъун гъæуй абони уой дæр, æма коллективи фиццаг къахдзæфтæ баст æнцæ нæ аййевади хестæр фæлтæрти зундгонд минæвæртти нæмтти хæццæ – уонæй адтæнцæ композитортæ Аликкати Ахполат, Кокойти Тæтæрхъан, Евгений Колесников æма иннетæ. Етæ берæ байархайдтонцæ ансамбли репертуар фæххуæздæр æма фæгъгъæздугдæр кæнунбæл. Хъæбæр зæрдиагæй бакустонцæ ирон зартæбæл, сæхуæдтæ дæр ин финстонцæ нæуæг зартæ, цæгъдтитæ, кæфтитæн музыкæ.

Фæстæдæр ансамбли фарсмæ æрбалæудтæнцæ æма ин æ алли къахдзæфæн дæр агъаз кодтонцæ композитортæ Гурдзибегти Заурбег, Кокойти Аслан, Хаханти Дудар, Плити Христофор, Гæбæрати Илья æма Кулиев Леонид, поэттæ Плити Грис, Гулути Андрей, Хъайтухъти Геор, Дарчити Давид, Муртазти Барис æма æндæртæ.

Рæстæги цудмæ гæсгæ коллектив сæрæндæр, арæхстгиндæр кодта е ’сфæлдистадон архайди. Гъæздугæй-гъæздугдæр кæнгæ цудæй æ репертуар. Уотемæй ансамбль цубур рæстæгмæ иссæй, æ бон цийфæнди исфæлдистадон ихæс дæр æнхæст кæнун кæмæн æнтæстæй, уæхæн федар, сæрæн æма дæсни коллектив. Уæхæн зин æма вазуггин исфæлдистадон ихæстæ æнхæст кæнунæн ба гъудæй æнхæстгæнгутæ – искурдиадæгин, зæрдæргъæвд, профессионалон æгъдауæй дæсни кафгутæ, зартæгæнгутæ. Гъудæй, айдагъдæр еске амунддзийнæдтæмæ гæсгæ архайунæй æндæр ка нецæмæ арæхса, уæхæнттæ нæ, фал гъæугæ хуарз хъæппæресдзийнадæ бавдесунмæ тулаваст ка уа, адæмон исфæлдистади хæзнатæ никки хъæбæрдæр исæрттевун кæнун æма никки рæсугъддæрæй, никки аййевдæрæй равдесуни мадзæлттæ æримисун æ бон кæмæн уа, уæхæн разамонгутæ. Æма рагъомбæл æй ансамблæн æхе ’хсæн цубур рæстæгмæ уæхæн искурдиадæгин, арæхстгин адæм – Битарти Заурбег, Сопойти Барис æма æндæртæ.

Ансамбли фиццаг æнтæстдзийнæдтæ, е ’рттевгæ æскъуæлхтдзийнæдтæ баст æнцæ хестæр фæлтæри хæццæ. Етæ ба æнцæ – сцени федауцæ Тогузати Наталья, Хъесати Маринæ,Торчинти Бексолтан, Сопойти Барис, Сугати Георги, Сланти Æхсарбег, Дзеранти Виктор, Цæболти Къоста, Плити Грис æма æндæртæ. Цал æма цал хатти æркæсун кæниуонцæ етæ аййевадæуарзагæ адæми сæхемæ! Цал æма цал хатти син кодтонцæ дæргъвæтийнæ æрдзæф Мæскуй æма Казани, Бакуй æма Тбилисий, Ташкенти æма Норильски, Берлини æма Кабули театрти æма агъазиау концертон фæзуæтти!..

Ивулд дон æ билтæй куд ракæлуй, уотæ нæ ансамбль дæр, æ райгурæн зæнхи арæнти сæрти рахезгæй, æ адæми аййевадæ дуйнейæн бавдесуни зæрдтæй хæссун байдæдта иннæ æнсувæрон адæмтæмæ. Кæми ба нæ балæудтæй еци æнзти дæргъи исфæлдистадон искурдиадæгин коллектив! Кæмити ба нæ барохс кодта æ цæмæдесаг аййевадон арæхстдзийнадæй, æ дæсни кафт æма зарунæй дзиллити зæрдитæ! Æвæдзи, нæ бæсти берæ нæбал байзадæй уæхæн рауæнтæ, ирон аййевади минæвæрттæ кæми нæ адтæнцæ, сæ адæмæн син кадæ кæми не ’скодтонцæ. Мæску æма Ленинград, Донбасс æма Поволжье, Гурдзи æма Азербайджан, Цæгат Кавкази республикитæ æма Идард Цæгат, Сибир æма Идард Хорискæсæн, Прибалтикæ æма Астæуккаг Ази… Сауæнгæ ма Германи, Исланди, Афганистан, Швеци æма ма берæ æндæр фæсарæйнаг паддзахæдти дæр ма!

Æма аллирауæн дæр адæм сæ цæстæ æривæриуонцæ нæ кафгутæбæл, сæ дессаги арæхстдзийнадæбæл. Игъустонцæ ирон фæлмæн, зæрдæмæгъаргæ æма рæсугъд зартæмæ. Зали бадæг æнæзонгæ адæммæ сценæй радумидæ цъетети сатæг ирдгæ, райгъусидæ сæмæ хуæнхаг сауæдæнтти сур-сур, басодзидæ сæ хебæлхуæцгæ уарзæнтти æнгас…

Ансамбль аййевади бæрзæндтæмæ цæмæй исхизтайдæ, еци гъуддаги ин хъæбæр агъаз кодтонцæ республики разамунд, аллихузон организацитæ. Æнæмæнгæ сæрмагондæй æримисун гъæуй, ансамблæн æ уæларвон цитгиндзийнади бæрзæндтæмæ цæугæй арæхстгин раздзæуæгæй æма дæсни надамонæгæй ка фескъуæлхтæй, уони дæр – етæ ба адтæнцæ алли рæстæгути æ аййевадон разамонгутæ Гурдзибегти Геуæрги, Темирати Давид, Къæбойти Жаннæ, Байти Альбинæ, Уарзиати Хадзисмел, Цъебойти Лидæ, Магкати Юрий, хореографтæ – аййевади æскъуæлхт архайгутæ, раздæри Цæдеси æнсувæрон республикитæй берети минæвæрттæ Владимир Захаров, Реваз Чохонелидзе, Аминæ Дильбази, Иосиф Слуцкер, Илья Гафт, Михаил Мурашко, се ’мварс ба нæхе Касати Хъасболат. Хъæбæр ин фæййагъаз æнцæ номдзуд композитор Вано Мурадели, балетмейстертæ С.Корень, И. Арбатов æма æндæртæ.

Нæ ансамбли туххæй номдзуд адæймæгути дзубандитæй еуеми мæ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй дессаги медесгун гъуди: «Иристонæн æ адæми уодиконд æма зæрдихатт, æфсармæ æма ездондзийнадæ равдесунæн ма цидæр радзорæ-бадзоритæ цæмæн гъæунцæ ауæхæн кафти рази!..» Дзубанди кафти рази!..» Дзубанди цудæй нæ номдзуд «Симд»-и туххæй, кæций æмцъухæй «самый красивый и изящный, божественный» рахудтонцæ хореографий классиктæ Игорь Моисеев, Илья Арбатов, Борис Кригер, номдзуд Махмуд Эсамбаев. Кæсæг – Балхъари адæмон поэт Кайсын Кулиев ба уотæ загъта: «Даже если бы осетины создали только один танец «Симд», они бы были великой нацией!..» Дес ибæл кодта сауæнгæ французаг балетмейстер Серж Лифарь дæр. «Алан»-и кафтмæ гæсгæ ирон адæми культури туххæй уотæ загъта: «Только по одному танцевальному шедевру можно определить высокую культуру народа, которому принадлежит этот танцевальный праздник».

Цæгат Иристони раздæри зар æма кафти ансамбли, абони ба уой фæдон адæмон кафти ансамбль «Алан»-и хæццæ æ карнæ баст кæмæн æй, ами амонд ке фæцæй, уонæй алкедæр æхе байвæрæн бахаста ансамбли исфæлдистадон æгъдæуттæ æма фæткитæмæ, æхе æрмдзæф, фал сæ уæддæр еу ба кодта еумæйаг менеуæг – ирон кафт рæстуодæй уарзондзийнадæ.

Коллективи исфæлдистадон надбæл адтæй къулумпитæ дæр, ке зæгъун æй гъæуй, фал зингæ-зингæ иссæнцæ æ æ æнтæстдзийнæдтæ. 1977 анзи адæмон кафти Еугуруæрæсеуон æркасти ансамблæн арфиагæй æрдзæф кодта жюрий сæрдар, гениалон кафтæвæрæг Игорь Моисеев, е æхуæдæг дæр берæ хуæрзти бацудæй Иристони аййевади райрæзти гъуддаги. Æма нæ кафгутæн уæд хумæтæги нæ исаккаг кодтонцæ фиццаг къæпхæни диплом.

Абони дæр «Алан» рæстæги хæццæ æмдзо кæнуй, æ домæнтæмæ гæсгæ æ репертуар цæмæйдæрти æййевуй, æййевунцæ архайгутæ дæр фæлтæргай. Нæ æййевуй айдагъдæр æ нисан – ирон кафти аййевадæ парахат кæнун, кафти фæрци нæ адæми уодварни гъæздугдзийнадæ æвдесун. Сæ уæззау куст, хедкалæн репетицитæ адæм нæ уинунцæ, айдагъдæр уинунцæ син сæ рæсугъд кафт æма уой уиндæй адæймагбæл базуртæ базайуй, зæрдæ æхе исесуй уæларвмæ. Æностæмæ цард дин уа, уод бæрзондгæнæг нæ адæмон кафт!

Цæгат Иристони адæмон кафти паддзахадон академион ансамбль «Алан» – Адæмти Хæлардзийнади орденæй хуарзæнхгин, фæсевæди æма студентти Еугурдуйнеуон æхсæзæймаг æма фарæстæймаг фестивальти, Еугуруæрæсеуон æркаст-конкурси уæлахездзау, Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон премий лауреат, фондз континентей Фестивали сугъзæрийнæ майдани хецау, преми «Сугъзæрийнæ Аполлон»-и лауреат – абони устур бунат ахæссуй, куд Уæрæсей, уотæ æнæгъæнæ дуйней хореографион аййевади, барохс си унцæ аййевадæуарзгути зæрдитæ, адæм ибæл куд æновуд æнцæ, куд уæлмонц уарзтæй æй уарзунцæ, е нæ нидæн кæнуй. Уомæн, æма артисттæ, музыканттæ сæ уодæй арт цæгъдунцæ кафти аййевади сæрбæлтау – адæми зæрдрохсæн. Хуарзæн кæрон нæййес, зæгъгæ, фæззæгъунцæ.

Нæ адæмон музыкæ æма кафти рæсугъддзийнадæбæл рагæйдæр дес кодтонцæ Иристонмæ æрбацæуæг бæлццæнттæ, уони хæццæ Михаил Глинка, Михаил Лермонтов, Александр Пушкин. Кадгин уруссаг композитор æма пианист Сергей Танеев ирон цæгъдтитæй цалдæр финсгæ дæр никкодта. Композитортæ Петр Мамулов, Дмитрий Аракилидзе, Виктор Долидзе ирон адæмон музыкалон аййевадæ равзурстонцæ бундоронæй, деси сæ æфтудта æ рæсугъддзийнадæй, зæлти гъæздугдзийнадæй. Долидзе уæлмонцæй финста: «Какое море звуков, мелодии, юмора! Не верилось, что такие модулятивные мелодии таятся в недрах народа… Не один гениальный композитор позавидует подобным танцам».

Ансамбль «Алан» æй, нæ адæмæн, республикæн устур кадæ æма ном ка кæнуй, еци исфæлдистадон коллектив. Нимад æй, айдагъ Иристони нæ, фал еугур Кавкази адæмти культури алæмæти хæзнабæл. Е уотид æнтæстгин исфæлдистадон коллектив нæй – берæ урухдæр æй æ ахедундзийнадæ. «Алан» адтæй æма æй аййевади кæдзос ковæндонæ, культури федар мæсуг, нæ адæми уоди хай, нæ фидтæлти истори, цардиуагæ, æгъдæуттæ æма дуйнелæдæрундзийнадæ ’вдесæг.

Æцæгæйдæр уотæ ке æй, е бæрæг адтæй, æрæги Дзæуæгигъæуи куд исцитгин кодтонцæ нæ номдзуд ансамбль æ 85-анзон юбилейи фæдбæл, уомæй дæр.

ДЕДЕГКАТИ Ермак, ансамбль «Алан»-и раздæри архайæг