03 декабря 2024

ФИДИБÆСТÆ УÆЙÆГÆНÆГ ДÆР ЗНАГ ÆЙ!..

30.03.2024 | 21:17

Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй ка рацудæй, æма æ нихмæ фудракæндтитæ ка аразуй,  уони мæнгарддзийнади туххæй æ гъуди загъта æргомæй  Уæрæсей Президент Владимир Путин æрæги е ’мгустгæнгути хæццæ фембæлди рæстæг, «Уруссаг бархеуон корпус» (Уæрæсей Федераций нимад цæуй террористонбæл æма ’й барæ нæййес нæ бæсти территорий архайунæн), зæгъгæ, æхе ка исхудта æма уотемæй нæ бæсти арæнрæбун районти фудракæндтитæ ка аразуй, уой туххæй дзубанди ку рацудæй, уæд. Еци «æфсæддон арæзт» Владимир Путин исхудта, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нæ Райгурæн бæстæмæ æрбалæборæг знаги æмдзæхдон ка иссæй, еци инæлар Андрей Власови «æфсади» хузæн: «Еци æнаккæгтæ, еци уæйæгæнгутæ æма цифуддæртæ, Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй рацæугутæ нæ нихмæ тох кодтонцæ нацистти хæццæ еумæ, нуртæккæ дæр, гъулæггагæн, разиндтæй раст гъе уæхæнттæ, сæ нимæдзæ дзæвгарæ ’й, кæцитæ иссæнцæ нæуæг нацистти фарс…» Президент куд загъта, уотемæй нуртæккæ уруссаг бархеуон корпуси æма уой æнгæс тугъдон еугæндти рæнгъити ес 2,5 мин уæйæгæнæги-тугъдони æма си фулдæр цагъди цæунцæ…

Ци инæлар Власови кой рацудæй, уой илгъаг хабæрттæ, махмæ гæсгæ, зундгонд уодзæнæнцæ беретæн, уæлдайдæр ба хестæр фæлтæртæн. Фал сæ, ка ’й зонуй, нури кæстæртæ ба нæ фегъустайуонцæ, æма уомæ гæсгæ мухур кæнæн уой туххæй  æрмæг.

* * *

Инæлар Власов æцæгæйдæр Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй рацæуæг ке адтæй æма немуцаг-фашистон æрбалæборгутæн сæ хъозон ке иссæй, е кæд æма кæрæй-кæронмæ бæрæггонд æрцудæй, уæддæр еуæй-еу «историктæ» махмæ нæхе бæсти медæгæ дæр æма Нигулæни дæр архайунцæ уой сталинон режими нихмæ тохгæнæгæй равдесунбæл, аразунцæ си бæгъатæр. Фал куд ес гадзирахаттæй рацæуæгæн исрастгæнæн? Уой фæдбæл æ гъудитæ зæгъта стратегион æртасæнти Уæрæсейаг институти директор, отставки инæлар-лейтенант Леонид Решетников «Российская газета»-йи уацхæссæг Владимир Богданови хæццæ дзубанди кæнгæй.

– Фиццагидæр мæ базонун фæндун, дæумæ гæсгæ ба е куд æй, æма Власови гадзирахаттæй рацуд фæстаг рæстæги Уæрæсей, нигулæйнаг «æртасæн кустити» кой нæбал кæнун, растбæл банимайун ке фæлварунцæ? Нижегородский облæсти, кæми райгурдæй, еци гъæу Ломакиной ма ин музей байгон кæнун дæр кедæрти ке бафæндадтæй…

– Загъд «Райгурæн бæстæ уæйæгæнæг» нерæнгæ некема раййивта. Уомæ гæсгæ Власов Устур Фидибæстон тугъди историй æй федиссаг. Власовæн еугур фадуæттæ дæр адтæй, цæмæй историмæ бацудайдæ гадзирахаттæй рацæуæгæй нæ, фал аккаг уруссаг афицерæй. Сталин ибæл берæ рæстæги дæргъи æууæндтæй, рарвиста ’й Чан Кайшимæ æфсæддон гъуддæгути унаффæгæнæгæй. Власов тугъди райдайæни фиццаг бæнтти Киеви фалдзос тугъдтити æхе лæгъузæй нæ равдиста. Фал фæстæдæр тухст рæстæги ба æхе бустæги æндæрхузонæй, тæрсагæй равдиста, знаги фарс фæцæй. Алли æфсæддон разамонæг дæр, циуавæрдæр тухстаг уавæрти ку бахауй, уæд æй багъæуй, идарддæр ин ци кæнгæ æй, уой æ зундигъæдæмæ гæсгæ равзарун. Уæхæн хабæрттæ ахид æрцæуидæ. Æргъуди кæнайтæ уацари бахауæг инæлар Карбышеви. Власовæн æхе бафæндадтæй немуцæгтæн лæггадæ кæнун. Инæлар Карбышевæй ба туххæй агурдтонцæ сæ хæццæ æмгустадæ кæнун, мадта ма ’й Власов дæр æртасун кæнун равзурста. Фал Карбышев гадзирахатти бæсти равзурста гъезæмарæй мæлæт. Хонсар-Нигулæн фронти командæгæнæг инæлар Кирпонос æхе фехста, цæмæй уацари ма бахаудтайдæ. Нæ, советон дзурд «власовщина» иссæй гадзирахаттæй цæуни символ. Тугъди фæсте гъуддаг уомæ æрцудæй æма Власови æрвадтæлтæ сæ анкетити финстонцæ: «Родственником генерала-предателя не являюсь».

– Еу рæстæг кæмæдæрти фæззиндтæй уæхæн гъуди, гъома, гитлеронти фарс ке фæцæй, е æнæбари гъуддаг адтæй, гъома, æндæр гæнæн ин нæбал адтæй, уомæн æма, дан, е Волхови фронти ци дуккаг цæвæн æфсадæн командæ кодта, уой æртухсти бахаудтæй. Еуæй-еу историктæ ба уотæ дзорунцæ, гъома, дан, Власов уæхæн хузи тох кодта Сталини режими нихмæ.

– Уæхæн дзубандитæ æнæбундор æнцæ. Фиццагидæр, кæд дуккаг цæвæн æфсад æртухсти бахаудтæй, уæддæр куд тугъдон еуæг, уотæ знагмæ æхе нæ равардта, æ тугъдонтæй æма командиртæй беретæ уæззау уавæрти идарддæр тох кодтонцæ знаги нихмæ. Дуккагæй ба, уотæ ке дзорунцæ, гъома, дан, Власов «Уæрæсе иссæребарæ кæнуни сæрбæлтау æнæхуцау большевизми нихмæ тохгæнæг символ иссæй». Уæхæн талæни хæццæ дзубандитæ еугурæйдæр æнцæ Уæрæсей знæгти æримисгæ таурæхътæ. Уой дæр, цæмæй гитлерон Германибæл фæууæлахези гъуддагмæ нæ бæсти байвæрæн æрниллæгдæр уа, уой туххæй. Еу рæстæги мах нæ институти исаразтан дуйнеуон конференци, хундтæй «Коллаборационизм и предательство во Второй мировой войне. Власов и власовщина». Еци конференций радзубандигæнæг архайгутæй уотид гъавгæ дæр неке бакодта, фашистти фарс ка фæцæй, еци инæлар, дан, Гитлерæй испайда кæнгæй гъавта Советон хецаудзийнади нихмæ истох кæнун, зæгъгæ, уæхæн тезисбæл æрдзубанди кæнунмæ. Нæ Фидибæстæмæ æрбалæборæг знаги æмдзæхдон ка иссæй, етæ, гæрр, уой нæ лæдæрдтæнцæ, æма Гитлери æрдонгтæ Уæрæсе иссæребарæ кæнунмæ нæ цудæнцæ, фал æ фесафунмæ?!.

– Æма уæддæр уруссаг сæребарæгæнæг æфсади службæ кæнгæй æхе ка фегадæ кодта æма фæстæдæр советон уацари ка бахаудтæй, уонæй берети тугъди фæсте исраст кодтонцæ.

– Фиццагидæр, раст сæ не ’скодтонцæ, фал син амнисти искодтонцæ. Дуккагæй ба, амнистимæ сæ еугур нæ бахаудтæнцæ, айдагъдæр æфсæддон фудракæндти æма фехстити ка нæ архайдта, етæ. Власовæн æхецæн æма е ’фсади еуæндæс хестæр афицеремæн ба 1946 анзи 1 августи тæрхондонæ рахаста маруни тæрхон, ниййауиндзгæй. Власов курдта, цæмæй æй, куд афицери, уотæ ауиндзгæ ма ’ркæнонцæ, фал æхсгæ. Фал тæрхондонæ унаффæ рахаста: нæййес уæхæн афицер, фал ес Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй рацæуæг фудгæнæг.

– Æма уæддæр, ка ’й зонуй, инæлари царди нивæ уотæ хумæтæги нæй. Еуæй-еу историктæ куд зæгъунцæ, уотемæй Власов æй Мæску ервæзунгæнгутæй еу, айдагъ уой туххæй дæр хатири аккаг æй.

– Æз нуриуæнгæ дзурдтон, гъома, Власовæн фадуат адтæй æхе Райгурæн бæстæ гъæуайгæнæгæй  равдесунæн. Е бæгъатæрæй архайдта Киев гъæуайгæнæн тугъдтити. Историктæ куд зæгъунцæ, уотемæй Киеви бунмæ ци механизацигонд корпусæн командæ кодта, е немуцæгтæн устур зиантæ æрхаста, кæд фæстагмæ корпус искунæг æй, уæддæр. Еуæй-еу æртасгутæ зæгъунцæ, гъома, дан, нæ бæсти сæйраг сахар гъæуайгæнгæй дæр фескъуæлхтæй. Финсунцæ, гъома, дан, æ механизацигонд корпус Мæскуй бунмæ Солнечногорски бауорæдта Вальтер Модели танкон æфсади размæмпурст. Фал ами берæ хæццæ-мæццитæ ес. Гъуддаг уой медæгæ ’й æма Мæскуй бунмæ Власов командæ кодта корпусæн нæ, фал 20-аг æфсадæн, æ штаби хецау ба еци бæнтти адтæй Леонид Михали фурт Сандалов. Æфсадæн контрнимпурст е бацæттæ кодта. Власов æфсади фæззиндтæй нимпурсти рæстæг. Сандалови тугъдон искурдиадæн устур аргъ кодтонцæ Маршæл Г.К. Жуков, æфсади инæлар С.М. Штеменко æма æндæртæ. Уомæ гæсгæ, уотæ ку зæгъæн æма Власов Мæску ервæзунгæнгутæй еу адтæй, зæгъгæ, уæд е уодзæнæй æцæгдзийнадæ зулунмитæ кæнун. Л.М. Сандаловæн æ тугъдон над фæцæй 4-аг Украинаг фронти штаби хецауæй инæлар-болкъони цини.

– Æма мадта уæд Власови цæмæн уоййасæбæл рæститæ кæнунцæ?

– Æма айдагъ Власови рæститæ кæнунцæ? Фæстаг æнзти еуæй-еу нигулæйнаг бæстити фæззиндтæй бæрæг мæнгисторион фæткæвæрд: Европæ Сурх Æфсад е ’мцæдесонти хæццæ не ’суæгъдæ кодта, фал англисаг æма америкаг æфсæдтæ. Еци гъудибæл æууæндун кæнунцæ ирæзгæ фæлтæрти. Е нæ, фал ма Дуккаг дуйнеуон тугъд ке райдæдта, уомæй Гитлери хæццæ Мюнхени англисаг-французаг бадзурд нæ фудгин кæнунцæ, фал 1939 анзи исарæзт Молотов-Рибентропи пакт (федуд). Цæмæн уотæ кæнунцæ? Цæмæй фашизми нихмæ тохи ССР Цæдеси ахедундзийнадæ, цæйбæрцæ гæнæн ес, уойбæрцæ ниллæгдæргонд æрцæуа, тугъди разгилд уой фуд фæууа.

– Куд дæмæ кæсуй, психологон атакæ айдагъ нигулæйнаг фæсевæдбæл цæуй æви уæрæсейаг æхсæнадæбæл дæр?

– Цийфæнди ку уа, уæддæр уомæ цæттæ ун гъæуй. Хумæтæги, æвæдзи, фулдæрæй-фулдæр нæ кæнунцæ оккупацион территоритæбæл советон æфсæддонти фудмиути туххæй æримисгæ мæнгæ æрмæгутæ. Ке зæгъун æй гъæуй, тугъд тугъд æй, адтæй си мæрдкъахæни цаутæ дæр, сабур цæрæг адæми нихмæ æндæр фудракæндтитæ дæр. Æма айдагъ Сурх Æфсади æфсæддонтæ нæ кодтонцæ уотитæ. Зæгъæн, 1946 анзи америкаг æфсади оккупаций зони Германий территорибæл райгурдæй миллион «хузгин» сувæллонемæй фулдæр – уæхæн нимæдзитæ ес нигулæйнаг историкти кустити. Фал уæддæр кæнунцæ Сурх Æфсади æфсæддонти кой, дан-дунтæ сæбæл имисунцæ. Уотемæй ба хуарз зундгонд æй е, æма уæхæн хабæртти туххæй советон æфсæддонтæ карз æфхуæрд ке æййафтонцæ,  фудмиуæ бакæнгæй сæ кæми æрахæссиуонцæ, уоми сæ фехсуни уæнгæ дæр, æма уой кой ба кæнгæ дæр нæ кæнунцæ. Зæгъун гъæуй уой, æма Великобританий архивтæй фæццидæр æнцæ тугъди рæстæги еугур документтæ дæр. Дуккаг дуйнеуон тугъди англисæгти архайди туххæй официалон концепций нихмæ ка адтæй, етæ. Абони еунæг документ дæр нæбал иссердзинайтæ оккупацигонд территоритæбæл бритайнаг æфсæддонти фудракæндтити туххæй. Немуцаг архивти ба уæхæн документтæ ес.

– Уæрæсей æхсæнади æма фæсарæнти цæрæг уруссæгти ’хсæн нерæнгæ дæр ма буцæу дзубанди цæуй Дуккаг дуйнеуон тугъди рæстæг уорс эмиграци æхе кутемæй бавдиста, уой туххæй. Цæветтонгæ, дан, син фашистти хæццæ адтæй урух æмгустадæ.

– Е уотæ нæй. Уорсити змæлди фулдæр хай Гитлери фарс нæ адтæй. Уогæ, ке зæгъун æй гъæуй, адтæнцæ инæлæрттæ Шкуро, Краснов æма æндæртæ. Фал адтæй инæлар Деникин дæр, медбæстон тугъди æнзти бархеуон æфсади сæйраг командæгæнæг. Гитлеронти хъæбæр фæндадтæй сæхердæмæ ’й фæккæнун. Фал инæлар цæхгæр ралух кодта: «Инæлар Деникин службæ кодта æма кæнуй айдагъдæр Уæрæсейæн!.. Фæсарæйнаг паддзахадæн службæ нæ кодта æма нæ кæндзæнæй!..»

Владимир Путини ма еци фембæлди ку бафарстонцæ Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй рацæугутæ æма нæ нихмæ тохгæнгути туххæй, уæд æ дзуапп адтæй: «Махмæ маруни тæрхон æййивд æрцудæй, фал уæхæн гадзирахаттæй рацæугутæмæ ба нур дæр, уæдта исонибони дæр – нæ цæстдард уодзæнæй, куд нæ нихмæ тохгæнгутæмæ, уотæ. Уæхæнттæн хатиргæнæн нæййес!..»

Рæстæгæй-рæстæгмæ Уæрæсей раитинг уй дзубанди, цæмæй нæмæ нæуæгæй æнхæстгонд цæуа маруни тæрхон. Уой фæдбæл уæлдай карздæрæй дзорун байдæдтонцæ Мæскуй «Крокус Сити Холли» ци фудракæндæ арæзт æрцудæй, уой фæсте. Дзиллон хабархæссæг фæрæзнити дæр фæззиндтæй хецæн æрмæгутæ. Уонæй  еу мах дæр мухур кæнæн абони.