27 декабря 2024

КЪÆРЦГЪОС УОТÆ, АРДАУÆН МИУТÆБÆЛ МА АРАЗИ КÆНЕТÆ!

30.03.2024 | 21:22

Уæрæсей алли регионти цæрæг скъоладзаутæ террористон акт искæнуни туххæй  æбæрæг адæмæй есунцæ фæдзæхститæ. Уой туххæй æ телеграм-канали игъосун кæнуй Цæгат Иристони ахурадæ æма науки министр Алибегти Эллæ.

«Уæхæн фæдзæхст ка райсуй, еци æригæнттæ сæ райвæрунцæ социалон  хизти, террористон акт искæнуни туххæй син зæрдæ æвæрунцæ устур æхцатæй. Сувæллон ку нæ исарази уй, уæдта ’й тæрсун кæнунцæ. Уæхæн игъосункæнуйнæгтæ цæунцæ Украини регистрацигонд аккаунттæй.

Нурмæ бал еу цæгатиристойнаг сувæллон райста уæхæн курдиадæ, домунцæ си баради нихмæ архайд. Сувæллон нæ исарази æй, æ игъосункæнуйнаг равдиста æ мадæмæ, е уайтæккæдæр медгъуддæгути оргæнтæн фегъосун кодта.

Республики хъазар цæргутæ! Къæрцгъос уотæ, ардауæн миутæбæл ма арази кæнетæ. Ниййергутæ, уæ кæстæрти хæццæ дзубанди кæнетæ, аци цаути туххæй дзоретæ, ка ’нцæ се ’мбæлттæ, уонæмæ уæ цæстæ фæддаретæ, уавæрмæ кæсетæ. Нуртæккæ гъæуама æмхузонæй дæр уæн лæмбунæг», – фæдзæхсуй ахурадæ æма науки министр.