22 декабря 2024

НÆ ÆДЗАРД БÆГЪАТÆРТÆ НИН ÆНОСТÆМÆ НАМУСГИН УОДЗÆНÆНЦÆ…

06.04.2024 | 14:28

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло Лæгдзийнади ордентæ равардта, батальон «Алани»-й бархеуонтæй сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй, уони бийнонтæн.

Сергей Меняйло ка фæммард æй, еци тугъдонти бийнонтæн тæфирфæс ракодта æма загъта, бархеуонтæ тугъдонти хецæн фæлтæр ке ’нцæ, уомæн æма тугъди будури рандæнцæ бархеуонтæй, сæхецæн ихæсбæл банимадтонцæ идардæй кæсун нæ, фал, сæ бон цæмæй æй, уомæй Райгурæн бæстæн зин сахатти фæййагъаз кæнун.

– Гъигæзæрдæй уин тæфирфæс кæнун. Сумах æцæг лæгти, бæгъатæр тугъдонти исгъомбæл кодтайтæ, етæ нæ бæсти зин сахатти æнцад  бадун сæ сæрмæ не ’рхастонцæ, фал фæттагъд кодтонцæ Райгурæн бæстæн фæййагъаз кæнунмæ, бархеуонтæй рандæнцæ тугъди будурмæ. Сæ цард нивондæн æрхастонцæ нæ паддзахади сæребарæдзийнадæ æма хуæдбарæдзийнадæн. Кади хæццæ исæнхæст кодтонцæ сæ тугъдон ихæс. Сумах си гъæуама сæрустур уайтæ. Мах ба еугур мадзæлттæй дæр араздзинан, цæмæй син сæ нæмттæ исæносон кæнæн. Уомæн æма еци æхсаргин лæхъуæнтæ æцæг хъайтартæ ’нцæ, – загъта Сергей Меняйло.

Республики Сæргълæууæг Цæгат Иристони фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министр Айдарти Алинæн байхæс кодта, цæмæй уæлдай цæстдард уа, сæрмагонд æфсæддон операцимæ барвæндонæй ка рандæй, уони бийнонтæмæ.

Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путини Указмæ гæсгæ, сæ лæгдзийнадæ æма æхсарæ равдесгæй, сæхебæл нæ ауæрдгæй, знаги хæццæ ке тухтонцæ, уой фæдбæл Лæгдзийнади ордентæ сæ мæлæти фæсте  лæвæрд æрцудæнцæ батальон «Алани»-й бархеуонтæ Багати Æхсарбеги фурт Ацæмæзæн, Хъарадзаути Хъазбеги фурт Георгийæн, Цхурбати Владимири фурт Ролландæн.