01 ноября 2024

ЦÆСТФÆЛДАХГУТИ МИУТÆН КУД ЕС БУХСÆН?

13.04.2024 | 13:54

Цæгат-Кавказаг федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Юрий Чайка æрæги исаразта æнæзакъон финансон фудракæндтити нихмæ архайди ведомствити ’хсæн косæг къуари æмбурд. Видео-конференц-бастдзийнади фæтки фæрци си архайдтонцæ зилди субъекти разамонгутæ. Архайдта си Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Æмбурди ци фарстати фæдбæл цудæй дзубанди, уонæн сæ сæйрагдæр адтæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæ æма артаг-энергетикон комплекси цæстфæлдахæн миутæ искунæг кæнуни фæдбæл.

Юрий Чайка куд фæббæрæг кодта, уотемæй бæсти разамунд абони агъазиау æргом æздахуй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæ æма артаг-энергетикон комплекси объектти ирæзт æма модернизацимæ, уой туххæй паддзахадон бюджетæй дехгонд цæуй дзæвгарæ финансон фæрæзнитæ.

Ведомствити  ’хсæн косæг къуар æ рæстæги акционерон æхсæнæдтæ «Россети Северный Кавказ» æма «Газпром Межрегионгаз»-и  размæ бæлвурд исæнхæсткæнуйнаг ихæстæ  исæвардта, фал етæ нерæнгæ æнхæстгонд нæма  ’рцудæнцæ.

Æнæзакъонæй фæгъгъæздугдæр унмæ гъавæг цæстфæлдахгутæ ресурстæ дæттæг кустуæтти еуæй-еу косгути агъазæй пайда кæнунцæ хизти æдзæллаг техникон уавæртæй, сæ еуæй-еу хæйттæ æнæхецау ке ’нцæ, уомæй инфраструктури æдзæллагдзийнади æма энергоресурсти нимайæн системи æнæнхæстдзийнадæй. Экономики еугур еци гъæндзийнæдтæ тæссаг уавæр исæвзурун кодтонцæ социалон къабази æдасдзийнадæн, лæгъузæрдæмæ зиннунцæ адæми цардигъæдæбæл, – загъта Юрий Чайка.

Зилди артаг-энергетикон комплекси ирæзт уорамуй, ци ресурстæ харзгонд цæунцæ, уонæбæл феддонтæ афойнадæбæл фист ке нæ цæунцæ, уæдта фæлхасгæнгутæмæ хъæртгæй надбæл исæфтитæ. Ранимад лухкæнуйнаг фарстатæ хаунцæ фулдæр профилон кустуæттæмæ, æнцæ уой æвдесæн, æма  æнæзакъон финансон операцити нихмæ си фагæ архайд ке нæ цæуй.

Æмбурди фæлгæти Сергей Меняйло радзурдта, Цæгат Иристони ци мадзæлттæ арæзт цæуй, уобæл. Цæмæй феддонтæ афойнадæбæл фист цæуонцæ, æма ресурстæдæттæг кустуæтти архайд фæгъгъомусгиндæр уа, уой туххæй Уæрæсей Федераций Хецауади унаффæмæ гæсгæ Цæгат Иристон хаст æрцудæй энергетикæ æма цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради кустуæтти æнæкеугæ экономикон ирæзти фæлварæн проектмæ. 2021 анзи федаргонд æрцудæй программæ «Цæгат Иристон-Аланий цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæ æма артаг-энергетикон кустуæтти æнæкеугæ экономикон ирæзт». Уой æнхæст кæнуни туххæй арæзт æрцудæнцæ еугонд оператортæ дондæттæн, донуадзæн æма тæвдæдæттæн къабæзти.

Республики Сæргълæууæг ма æ дзубандибæл бафтудта, нæуæгарæзт дондæттæг æма донуадзæг кустуæтти филиалти ке исæвардтонцæ, экономикон æгъдауæй раст бундор кæмæн ес, донæн  уæхæн тариф. Уой хæццæ, еци тариф фæббæрзонддæр æй айдагъдæр юридикон искондтæн, адæмæн ба нæ фендæрхузон æй, тарифти ’хсæн ба æхгæд цæуй федералон фæрæзнитæй.

Сергей Меняйло ма куд фегъосун кодта, уотемæй апърели кæронмæ Ирæфи райони дондæттæн хизтæ, Рахесфарси æма Горæтгæрон районти ма ци есбойнадæ байзадæй,  етæ хаст ке  ’рцæудзæнæнцæ еугонд оператори балансмæ. Мæздæги райони еци куст фæууодзæнæй аци анзи июни кæрони.

Æмбурди ма дзубанди цудæй, цæмæй гъæуайкæнуйнади паддзахадон заказ æнхæст кæнунæн бюджетон фæрæзнитæ дзæгъæл харзгонд ма цæуонцæ, уой туххæй исаразуйнаг мадзæлтти фæдбæл.