21 ноября 2024

ХУÆНХТИ МИНÆВÆРТТÆ

31.05.2024 | 18:12

Иристони ирисхъи цардгъонгæнæг цаутæн сæ ахсгиагдæри – Уæрæсей хæццæ байеу ун. Уобæл аци анз æнхæст кæнуй 250 анзи. Уой фæдбæл ниммухур кодтан æма ма идарддæр дæр мухур кæндзинан хецæн æрмæгутæ.

Аци цауи туххæй финст ка ’рцудæй, еци æрмæгути ’хсæн  уæлдай зингæ бунат ахæссуй Цæгат Иристони адæмон финсæг Цæголти Македони фурт Василийи (1921-2004) игъустгонд роман «Хуæнхти минæвæрттæ» («Послы гор»). Фиццаг хатт мухургонд æрцудæй 1965 анзи.

Цæголти Василийи романи агъазиаудзийнади туххæй берæ уацтæ финст æрцудæй. Зæгъæн, зундгонд финсæг æма литературон æртасæг Мæрзойти Сергей (1927-2008) искодта уæхæн хатдзæг: «Финсæгæн æ къохи бафтудæй устур исфæлдистадон æнтæст.

Уæрæсе æма Иристони исбаста еу карнæ. Æнцон нæ адтæй сæ рахастдзийнæдти райдайæн, берæ фæффудæбон кодтонцæ дууæ бæстей разагъди лæгтæ сæ ниффедар кæнунбæл. Вазуггин гъуддæгутæ лух кæнунæн гъудæй хъаурæ æма дæсниадæ, æма е æнæфæззингæ нæ адтæй хъайтартæн сæ меддуйнебæл, историй цаутæн сæ цæстингасбæл. Уой хæццæ хъайтартæн æмхузон нæ адтæй сæ социалон уавæр, сæ бунат æхсæнади царди, уæдта, ке зæгъун æй гъæуй, алкедæр си æндзарста æхе гули буни. Фал фæууæлахез æй Историй Рæстадæ, æма нæ минæвæртти балци Петербургмæ дзæбæхæй рахецæн æй.

Æстдæсæймаг æноси Иристон барвæндонæй иссæй Уæрæсей еу хай. Фæббæрæгдæр æй, фæббæрзонддæр æй нæ адæми хелæдæруйнадæ, ралух æнцæ, агъазиау ахедундзийнадæ кæмæн адтæй нæ бæсти карни, еци гъуддæгутæ. Уæхæн цаути архайгæй, нæ сæрхъозæнттæ равдистонцæ, цардгъон, сæрæн æма арæхстгин ке ’нцæ уой. Магкати Зураб æма Хъесати Ебай хæццæ æмзунд æнцæ хумæтæг курдон Дзатикъо æма фиййау Налихъо дæр.

Уадзимис амад æй историй æрмæгбæл. Еу геппи уагъд нæ ’нцæ хъайтарти гъудитæ, сагъæстæ æма æнкъарæнтæ, фал се ’хсæн еу дæр уæхæн нæй æма æ адæми исонибонбæл ка нæ тухсуй, цаути зелдохи ка не ’смедæг æй, æ уоди хæрзтæ ка бавгъау кодта нæ Фидибæсти хуарздзийнадæн. Романи сюжетмæ къох бакæнæн нæййес, уотæ æнгон æлвæст æнцæ цаутæ æма си ка архайуй, етæ. Уотемæй ба уадзимис арæзт æй берæкъабазгин бæласи хузæн, уæдта финсæг историй рæстадæ æма уæди дзамани царди æцæгдзийнадæй еуварсмæ некæд рахизтæй.

Рæуонæ ба ’й куд нæ фæцайдæ, уæхæн цæмæдесаг æма хумæтæг хузи равдесунæн уæди цаутæ анзфинсæгау фæд-фæди райвæрунмæ æмхец ку разиндтайдæ, уомæй дæр – фæллойнаг. Нæ рандæй финсæг еци æнцон, фал тæссаг надбæл. Уод бауагъта историй æвдесæнти, уодæгасæй исæцæг кодта æ хъайтарти дæр – кайфæнди дæр уæнтæ – хуæнхæгти уодбæлхуæцгутæ æви мулкæй гъомусгин хъалтæ, кенæ ба дингæнгутæ, кенæ бонзонгæ мæгур захъайæгтæ æма зæрæмæггæгтæ. Сæ еугурейдæр бадомдта адæми фарнæ æма архайунцæ дзурддзæугæ лæгти хузæн. Гъо, фал сæ астæу разиндтæй, дзиллити исонибон ке нæ тухсун кæнуй, хе кадæбæл ка мæлуй, фудæнхæ æма хинттæмæ æмхец ка фæууй, уæхæнттæ дæр (Койсохур, Шота, Арчил). Хъайтартæй беретæ цæрунцæ, Хуцау син ци равардта, уомæй, æууæндунцæ дуйней фарнæ æма Рæстадæбæл, алкæддæр цæттæ ’нцæ сæ бартæбæл исдзорунмæ, сæхе æгади бунатмæ некæд æруадздзæнæнцæ. Кæд æнæбон æнцæ, уæддæр хуæнхæгтæй райгурдæнцæ.

Устур кенæ минкъий цаутæ æддæг-медæгæ рауайунцæ, иситинг унцæ адæми ’хсæн буцæутæ, социалон конфликттæ уæззау бæлæхтæ расайунцæ, уодварни æма хæрани дæр гъæбесæйхуæсти цæун багъæуй. Е æй царди медес, нæ си ес фæййевгъуйæн, уотемæй ба, синхаг адæмти æма паддзахæдти ’хсæн – Кæсæг æма Гурдзи, Уæрæсе æма Иристон – хъаугъайаг гъуддæгутæ дæр берæ адтæй, æма си иронхуати неке уагъта, алкедæр æ карнæ фæххуæздæр кæнунбæл æновудæй архайдта.

Романи туххæй берæ хуарз дзурдтæ загъд æрцудæй æ рæстæги. Æма куд нæ! Василий æхе равдиста дæсни финсæгæй. Вазуггин историон æрмæг нæ прозæмæ тæккæ фиццаг е ’рбахаста, æма ибæл арæхстгинæй бакуста аййевади фæрæзнитæй, исарæхстæй берæкъабазгун эпикон уадзимиси сæрмагонд хехузон амад æма арæзт исхузæнон кæнунмæ дæр. Хъайтарти уодигъæди менеугутæ, историй цаутæ æма архайгути уоди хæрзтæ æма хецæндзийнæдтæ ’нцæ къумæлхи. Уотæ федар баст ке ’нцæ, уомæй ма ’вдесунцæ рæстæгæн фæстæмæ раздахæн ке нæййес, гъома, историон, социалон рæстадæ æма уодварни хæрзтæ…»

*  *  *

Цæголти Василийи роман «Хуæнхти минæвæрттæ» æгæр устур ке æй, уомæ гæсгæ си ниммухур кæнун нæ бон æй айдагъдæр хецæн скъуддзæгтæ. Æма сæ исистан уадзимиси дуккаг киунугæй (финсæг æй исхудта «Гæдзæ».

ГÆДЗÆ

…Портæй минæвар ке ’рбцæудзæнæй, еци хабар канцлер ку фегъуста, уæдæй нурмæ æхецæн бунат нæбал ирдта. Дзубанди кæцирдæмæ райвулдзæнæй – Хуцау æ зонæг. Турккаги домæнтæ ’й ронбæгъдæй ку ’рбаййафонцæ, уомæй е ’уæнги мегъæ бадтæй. Цийфæнди къурцдзæвæнæй дæр уæлахезæй бæргæ рацæуидæ, фал нур цæмæдæр гæсгæ тухстæй. Дипломати нихмæ ’рлæуун ку нæ бафæразай, уæд цума тæккæ хъаурæгиндæр æма æгъатирдæр знаги размæ дæ тохæндзаумау æрæвардтай, уомæй уæлдай нæй. «Цæмæн æй бафæндадтæй мæ хæццæ фембæлун? – цал æма цал хатти бафарста æхе. – Никки уотæ тагъд? Æхе равдесуни туххæй ке нæ цæуй, е лæдæрд адтæй. Цидæртæ ’й исбæлвурд кæнун гъæуй». Канцлер æ туппур æнгулдзитæ æ армитъæпæни уотæ федар нилхъивта, æма фæлорсæй зиндтæнцæ. Федæни ци æрцæуйнаг адтæй, уонæй еунæг гъуддагæй дæр нæ тарстæй. Æхуæдæг, уæлдай фулдæр ба Уæрæсе, турккæгти размæ нецæмæй азумгин адтæнцæ. Фал имæ Воронцовти гъазтизæри минæвар е ’ргом куд хъæбæр раздахта, æ размæ куд ахид фæууидæ, е æй дузæрдуги æфтудта. Сауæнгæ ма еу рауæн лæуун дæр æ бон нæбал адтæй æма урух зали къумти рацо-бацо кодта.

Æ уæззау къахдзæфти гъæр персайнаг горцъе нихъуардта…

Хори тунтæ къæразгæбæл гъазтонцæ…

Къæбинети дуари медæгæ римæхст æмир сосæгдзийнадæ…

Рæстæгæн размæ цæуни гъомус нæбал адтæй, фал уæддæр фембæлд хæстæгæй хæстæгдæр кодта.

Цума визири зæрдихудти цæмæн бацудæй? «Нецæмæй» – цубур æма нифсгун дзуапп равардта æхецæн. Æ зæрдæбæл æрбалæудтæй сенати æмбурд. Вельможитæ исистадæнцæ æма рацудæнцæ ирон адæми минæвæртти размæ. «Паддзах Елизаветæмæ мах æрцудан еугур ирон адæми номæй, – райдæдта Зураб, – цæмæй ин зæгъæн, ке нæ фæндуй æ цитгиндзийнадæ императори дæлбарæ ун. Нæ хуæнхтæ гъæздуг æнцæ сугъзæрийнæ, æвзестæ æма æндæр къахгæ хæзнатæй… Урусбæл еузæрдиуон ке ан, уой равдесдзинан нæ цардæй æма нæ тогæй. Еци гъуддаги нæ зæрдæ дарæн нæ фæстагæнттæбæл дæр. Мах еугурæйдæр рагæй нурмæ дæр æмхец ан киристон динмæ… Гурдзиæгтæ, кæсгæнттæ æма иннæ адæмтæй ирæнттæн знаг неке æй». Петри кизгæ, кæд цийфæнди æнæзонгæ адæми хæццæ дзубанди кодта, уæддæр сæ нихмæ æрлæуун нæ бафæразта, уомæн æма агъазагор адтæнцæ. Агъазагори фарсмæ ’рбалæуун ба адæймаг æхецæн ихæсбæл нимайуй… Ке зæгъун æй гъæуй, уосæ-паддзах нифсгун разиндтæй. Æ сосæг миутæ Истамбули гъосбæл ку рауадайуонцæ, уæд гъуддаг хъаугъамæ рахизтайдæ. Хилæ æма федуд ба еу некæд адтæнцæ.

Бæстæ тугъдон æгъдауæй лæмæгъ адтæй, уæдта ’й еци æнæбайрайгæ бардзурд дæр  уорæдта, æма ’й берæ æнзти дæргъи Порти хæццæ архайун гъудæй арæхстгай. Арæхстгай архайдта Кавкази дæр. Еци уавæрæй канцлер хъæбæрдæр тухстæй, фал уæддæр æхебæл хуæцун фæразта. Къурцдзæвæни бахаугæй æхенимæр дзоридæ: «Сабур дæ хуасæ! Еуминкъий ма бафæразæ!»

Турккæгти хæццæ алкæддæр къæрцгъос ун гъæуй, кенæ ба фæсмон кæндзæнæ. Визирь æй къобалæкъуæрæни æрахæссунмæ гъавуй, фал Бестужев дæр æзиниккон нæй. Цийфæнди минкъий гъуддаги дæр ибæл гъæуама ма фæууæлахез уа. Минæварæн берæ цидæртæ ниххатир кæнуй. Байгъосуй имæ, кæд ин фулдæр хатт зин фæууй, æма æхе уотæ дарун æ тоги нæй, уæддæр.

Къæсæргæрон æрлæудтæй, бæрзонд дуарбæл æ цæстæ рахаста æма æнгъæлмæ кастæй, кæд имæ фæдздзордзæнæнцæ, уомæ. Айфонмæ гъæуама камергер, æ хийнæйдзаг медбилхудт æ разæй фæцайдæ, уотемæй гъузгæ-нигъулгæ рауадайдæ æма загътайдæ: «Куд тагъд фæззиндтæй? Дæ хъуæцæ дæ сæрмæ ку ’сбадтæй. Минæвар æвваст æрбасæйгæ ’й. Æфсæрми ди кодта, уотемæй курдта, цæмæй фембæлд исонмæ хаст æрцæуа…»

… Дуар байгон æй… Уæрæсей æлдæртти, Петри æмархайгути фæсфордаг минæвæртти размæ…

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ «Иристони минæвæрттæ Санкт-Петербурги».

Фæстагмæ уæддæр фæззиндтæй, сайтæнтти фæтдзæгъдæн. Канцлерæн æ мæтæ æма æ сагъæс фæццидæр æнцæ. Минæвари бунати æхе райвардта æма алцидæр æ бунати æрбадтæй. Уруссæгти хæццæ ’й æхе куд дарун гъæуй, уой ин гъæуама æнæмæнгæ визирь байамона. Алцидæр ин лæмбунæг радзора, лæмбунæг ин балæдæрун кæна алли листæг фæззелæн дæр. Гъæуама æ гъæздугдзийнадæ равдесунмæ исарæхса. Фембæлди рæстæг æй архайун гъæудзæнæй гъæддух æма нифсгунæй, цæмæй æ императорон бæрзонддзийнадæ Елизаветæ Петри кизгæ аргъ кæнун зона султанæн. Уотемæй Белгради сабурдзийнади бадзурд ихалунвæндæ ку ’скæнонцæ, уæд федæни æ байзæдтæгтæ дæр сæхе фæсмонæй куд хуæронцæ. Уогæ еци æртхъерæнтæй некебал тæрсуй.

Фарсмæ хæстæгдæр æрбалæудтæй. Æ сæр  фæхъхъел кодта æ дæргъеццон зекъæ размæ ницциргъ æй æма еци æнæзмæлгæй лæудтæй.

– Османи империй минæвар! – фегъосун кодта камергер.

Бестужеви цæсгон фæттар æй. Уæхæн æнадæ гъæлæсиуагæ ма уодзæнæй! Петербурги æ думгæ дæр куд нæбал уа, уобæл байархайун гъæудзæнæй. Хæрæгбæл саргъ нæ федауй.

Къæсæрæй бахизтæй дæргъæй-дæргъæмæ лæг. Уатæн æ фулдæр байахæста. Канцлер си æ цæститæ нæбал иста, архайдта, цæмæй фендзаст уонцæ, уобæл, фал минæвар хæрдти кæсгæ уати астæумæ бацудæй, æма ин цума нимад къахдзæфти фæсте æрлæугæ адтæй, уой хузæн æ цæунæй банцадæй. Æ цæститæ æрцъундæ кодта. Канцлери зæрдæ байгъæлдзæг æй. Минæвари æрбацæуни размæ къæразги æмбæрзæнтæ урух байгон кодта æма турккаги цæститæ хори тунтæмæ ратартæ ’нцæ. Ци сагъæстæ имæ адтæй, етæ ке фескъудæнцæ, айдагъ уой дæр бал æхецæн уæлахезбæл банимадта. Цалинмæ минæвар къæразгæмæ æ къилдун æздахта, уæдмæ аййевæй Бестужеви рагъæуай кодта, ку ’й рауидта, уæд ин зинна-нæзинна æ сæрæй æркувта. Рæстæг куд цудæй, уотæ канцлер дæр æхемæ цæун райдæдта.

– Дæ  бæрзонддзийнадæ! – исдзурдта фæстагмæ турккаг.

Канцлер тумбул цæсгонæй æ цæстæ нæбал иста. Æхенимæр имæ фæззиндтæй уæхæн гъуди: «Æнгъæлдæн æма визирь гъуддаг бустæги æндæр надбæл исаразунмæ гъавуй. Гъæддух фæллæуун дæ багъæудзæнæй. Сæр дæ багъудæй, Бестужев!» Истамбул хийнæй архайунмæ гъавуй. Æ зæрди ес Уæрæсей æ синхæнтти хæццæ кæрæдзебæл исардаун, – æддæг-медæгæ сæ рауайун кæнун. Ку ислæмæгъ уа, уæд æ хæццæ æнцондæр дзорæн уодзæнæй. Гъæйдæ, еци сагъæстæ гъуддагæн неци пайда ’нцæ. Турккæгтæн уавæр балæдæрун кæнун гъæуй æма е æ къохи цæмæй бафтуйа, уобæл байархайдзæнæй.

– Ирæнттæ Хъизлармæ æгæр фæййахур æнцæ. Фембæлунцæ федари коменданти хæццæ. Куд базудтан, уотемæй сæ еу гъигæдарæг дæр нæййес. Кæд æцæгæй уотæ ’й, уæд уин, уæ бæрзонддзийнадæ, æз уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзæнæн бадзурд. Ка ’й зонуй, ами фудгин æй комендант. Уæд æй æгирид неци, фал бафхуæрун уæддæр æнгъезуй.

Гъуддæгутæ еуцæйбæрцæдæр фæббæлвурддæр æнцæ. Комкоммæ ке бафарста, е лæгъуздæр æй. Æвæдзи, Зураби хæццæ ци дзубандитæ рауадæй, етæ син зундгонд æнцæ. Аци рауæн хе  дарун куд хуæздæр уодзæнæй? Æ медбилти æцæгæлон худт бакæна æма еуварсмæ разела, цæмæй цæститæ цæбæл дзорæг æнцæ, уомæн маци балæдæра? Уогæ римæхсæнти ци æвæрд ес, уой турккаг нæ, фал иннетæй дæр неке базондзæнæй. Æ нихмæ дзорунбæл ку исхуæца, уæддæр хуарз нæй: æхе раст кæнуй, зæгъгæ, бангъæлдзæнæй. Уой бæсти бал ин еуцæйбæрцæдæр дзуапп нæ ратдзæнæй; уадзæ æма æхенимæр сагъæстæбæл фæууа.

Æхуæдæг сабур лæуунæй фæллайун ку райдæдта, уæд исдзурдта:

– Уæрæсе ирæнтти хæццæ æмуод ке нæй, е визирæн хуарз зундгонд æй. Уæрæсейæй бадзурд иронх некæд адтæй. Ци дзурд равардта, уобæл федарæй хуæцуй. Кæд комендант ирæнтти хæццæ фембæлуй, уæд уомæн ба империй политики хæццæ еумæйагæй неци ес. Комендант æфсæддон адæймаг æй æма æхе абæргутæ æма тугъдмондаг хуæнхæгтæй гъæуай кæнуни туххæй архайуй сæ хæццæ лимæнæй цæрунбæл. Уоми ба дессагæй дæр неци ес æма тæссагæй дæр.

Ци адтæй, уой загъта. Гæлдзгæ дæр син неци ракодта, æфтаугæ дæр имæ неци бакодта. Уæрæсей хæццæ сæ æрбайеу кæнуни туххæй ирæнтти хæццæ дзубанди уорæд æрцудæй фæстæдæрмæ. Цума æ дзубандитæ турккаги зæрдæмæ нæ фæццудæнцæ. Хъæбæр хуарз! Нур цалæймаг хатт фæкъкъех æнцæ æ рагацау æсгарæн фæлтæрæнтæ, уæддæр сæ нæ уадзуй. Алци зонунмæ турнундзийнадæ ин æнцойнæ нæ дæттуй. Истамбул æ минæварæй аразийæй байзайа, уой æнгъæл нæй.

Нур ба турккаг кæсун райдæдта канцлери цæститæмæ, фал е лæудтæй уати аууондæр хаййи æма минæвармæ дзæбæх нæ зиндтæй. Е ба æхенимæр тухстæй, канцлер си ци сосæг кæнуй, уой базонун æ бон ке нæ адтæй, уой туххæй. Гъуддаг хуарз зонгæй ку нæ дзора, уæд си неци ракъахдзæнæй, зæронд робасмæ алли фарстайæн дæр дзуапп цæттæ ’й. Сæ фембæлдæй ба ку неци рауайа, уомæй тæрсун райдæдта æма арф исуолæфтæй. Бестужев æй куд нæ бафеппайа, уобæл архайдта, фал ин си неци рауадæй. Канцлер ин æ уавæр бафеппайдта æма бабæй уой хуарзæн исуолæфтæй, æцæг æй æхецæй æндæр неке балæдæрдтæй. Æгæр раги мæстгун кæнун райдæдтай, мæ хори минкъий. Раздæр бал ести базудтайсæ, уæдта фембалдайанæ. Дæ зæрдæ дæмæ ци исдзора, е фагæ нæма ’й. Визирь ести ку зонидæ, уæд нæ уотæ нæ ниууадзидæ. Æригъосæггаг дзубандитæбæл æ уæзæ æруадзун ба нæ бандеудзæнæй. Æхе ходуйнаг кæнуй?!

– Хуæнхæгтæ сæудегер кæнунæй игъаугидæр Хъизлари неци косунцæ. Коменданти хæццæ фембæлунцæ, зæгъгæ, зæгъис, æма ми не ’руагæс кæнуй. Мæ фæдæсмотгутæй еци гъуддаг нæ райервазтайдæ. Минкъий син, ку нæ федун. Комендант силгоймаг император Елизавети укази нихмæ рацæуа, уой æнгъæл дæр нæ дæн, уомæн æма æ сæргæхцæ ист æрцæудзæнæй. Еци гъуддаги бæлвурддзийнадæ æз хæстæгдæр рæстæги базондзæнæн.

Минæвари хийнæйдзаг цæсгонбæл рагъазта, уавæрæй арази ке нæй, уой æвдесæг тæлмæ.

– Мæ цитгин æлдари, зæнхæбæл устур Хуцауи минæвари…

Канцлер цума дзубандигæнæгмæ игъосуй, æхе уотæ дардта, æхенимæр ба сагъæстæ кодта: «Нæбал æй ниууадзунмæ гъавис, еци æлдари, æви ци? Уæхæн рæстæг ралæудзæнæй æма Петербургмæ æхе къахæй лигъстæмæ цæудзæнæй. Фал бал нур хе æндæрхузон дарун гъæуй».

– … Хуарз уидæ, хабар, куд гæнæн ес, уотæ тагъддæр ин фегъосун кæнайтæ.

Канцлер æ сæр аразий тилд бакодта.

– Гъæуама ин æй силгоймаг император Елизаветæ æхуæдæг фегъосун кæна.

Неке имæ игъосуй! Бакæсæ имæ, лæг, уотемæй æ сæри ба дунгæ æскъот кæнуй. Цуппæрвадæй дин куд нæ фæттæхдзæнæй Бестужев Елизаветæмæ?

– Æз цидæриддæр загътон, етæ еугурæйдæр цæунцæ еугур Уæрæсей хуæдхуæцæгæй!

Минæвари сæр зинна-нæзинна еуæрдæмæ фæкъкъолæ ’й. Еуцæйбæрцæдæр гъосæй ралæудтæй, уæдта æ дзубанди идарддæр кодта:

– Ирæнттæ тундзунцæ сумах арæнтæмæ хæстæгдæр æрцæрунмæ…

Канцлери бор æрфгутæ сæхе бæрзондæй-бæрзонддæр истонцæ.

– Æма е, æвæдзи, хумæтæги нæй. Ардауæг сæ ес, æви сæхе зундæй архайунцæ, Хуцау æ зонæг…

Канцлермæ æ медгъæлæс исдзурдта: «Хъæбæр раст зæгъис! Уæрæсе æ хъауритæбæл бафтаунмæ гъавуй. Уой туххæй ба гъæуама берæ минкъий дæнттæй еу гулфгæнгæ цæугæдон рауайун кæна».

– Ирæнттæ армидзагæй æндæр нæ ’нцæ, – æма æ дууæ къохемæй бæлæгъ райаразта. – Сæ хуæнхтæ ниууадзуни фагæ нифс сæмæ нæ разиндзæнæй.

Канцлер уотæ кæдзосзæрдæй дзурдта, æма минæвари минкъий ма  багъæуа, уæдта æ фæдбæл  расайа. Бестужев уавæр балæдæрдтæй, æма халæбæл халæ æвæрæгау архайдта, цæмæй имæ ци æууæнкæ фæззиндтæй, е фæттухгиндæр уа.

– Уогæ син ка ци балæдæрдзæнæй?! Ка ’й зонуй, бустæги æндæр гъудитæ дæр сæмæ ес. Гъæуама будури зæнхитæмæ сæ зæрдæ дзора… Æвæдзи сæмæ гъос хъæбæрдæр æрдарун гъæудзæнæй…

Минæвари цæстити цидæр цæхæр февзурдæй. Цума уруссаги зæрдæмæ нæдтæ фæззиндтæй… Фал æ еци гъудитæй уайтæккæ нецибал райзадæй, уомæн æма Бестужев дзубанди иннердæмæ фездахта.

– Уогæ мæ сæ тæрегъæд нæ гъæуй. Ирæнттæ нæ баууæнддзæнæнцæ…

Æ медбилти æнæбон худт бакæнгæй си æ дузæрдугдзийнади туххæй хатир ракурдта. Турккаг гъудити бацудæй: кенæ канцлер хъæбæр зундгин æма еци-еу рæстæг хъæбæр хийнæйдзаг æй, кенæ ба минæвар рæдуйуй, е ’ргомдзийнадæбæл ин ке не ’ууæндуй, уомæй.

Канцлер дæргъвæтийнæ дзубандийæй тухсун райдæдта. Минæвар уавæр æхуæдæг ке нæ лæдæрдтæй, уой туххæй имæ æхемедæгæ мæстгун кодта. Паддзахади гъуддæгутæ имæ æнгъæлмæ кæсунцæ. Еци ирæнттæ дæр сагъæссаг æнцæ. Хъизлари федари комендант имæ æ гъаст цалдæр хатти æрбахаста. Сæ минæвæрттæн син ци æмгъудтæ кодтонцæ, уонæмæ æнгъæлмæ кæсунмæ нæбал гъавунцæ. Ку неци хуæздæр унаффæмæ, дан, æрцæуайтæ, уæд æнæфæрсгæй ледзун райдайдзинан. Минкъий ма сæ бафæразун гъæуй, кенæ ба цæттæ гъуддаг фехалдзæнæнцæ. Кавказ Турки дæлбареуæгадæй фæййервæзун кæнун гъæуй. Еци гъуддаг цитгин Вахтанг Петрæй дæр курдта. Сæ фарс æрбалæуун ба æнæмæнгæ гъæуй. Зин уавæри ’нцæ. Еци рауæн сæ Иристонæй устур нифс ес: гурдзиæгти уруссæгтæмæ æрбахæстæг кæниуонцæ. Уобæл Пахомий дæр е ’мбæлтти хæццæ бæргæ архайуй.

– Дæ  бæрзонддзийнадæ, æ гъуди æрдæгбæл ниууадзуни фæндæ нæййес турккагмæ, – ирæнттæ еци гъуддаги еунæг нæ ’нцæ.  Нæ гъуддæгути æхе ка тъунсуй, еци паддзахадæ  нин байамонайтæ æмæ ин мах цитгин визири хæццæ ирæнттæмæ надбæл устур цæлхдор исæвæрдзинан, – цума еци дзуапмæ рагæй æнгъæлмæ кастæй æма ин нур агъазиау хуарз фадуат фæцæй, уоййау гъæддухæй загъта канцлер.

ЦÆГОЛТИ Василий

Уодзæнæй ма.