03 декабря 2024

ГУЦМÆЗТИ Аннæ: «ЕУГУРЕМÆЙ БОЗДÆР БА БИЛАРÆЙ АН!..»

31.05.2024 | 18:17

Дзæуæгигъæуи Ленини номбæл гъæунги ка фæццæуй, уой цæститæ æрахæссунцæ уорс дорæй амад бæрзонд хæдзарæ. Берæ адæм зудтонцæ æма нур дæр зонунцæ е ’ригон фæсевæди – скъоладзаути Галауан ке æй, уой. Евгъуд æноси 70-аг æнзти райдайæни æ нæуæги куд, уотæ нури рæстæги дæр, æвæдзи, æнæгъæнæ Цæгат Кавкази Федералон зилди дæр нæййес уæхæн дессаги Галауан. Фæндон æ бацæуæнтæ, куддæр дуар байгон кæнай, уотæ бахездзæнæ урух æма райдзаст фойемæ. Ес си уæледарæс ауиндзæнтæ, пъол лигъз, рæсугъд хузти хæццæ, цæгиндзитæ мраморæй федауцæ конд. Устур залмæ ку бацæуай, уæд æ пъол æртæ хузи паркетæй æхгæд, ес си 800 фæлмæн бадæни, фæрстæ дæр хъæбæр рæсугъд, сценæ устур. Галауани ма ес 250 бунатей фагæ зал кинонивтæ æвдесунæн.

Уомæй уæлдай ма ами ес берæ æндæрхузи залтæ, косæнуæттæ. Нур дууинсæй анзей дæргъи Галауани парахаттæй цæуй аййевадæ, наукæ æма техникæ пропагандæ кæнуни куст. Берæ фарстатæ лухгонд цæунцæ ами ирæзгæ фæсевæди гъомбæлади туххæй. Æма етæ хецæн дзубандий фагæ ’нцæ. Нур ба мæ фæндуй зæгъун аци Галауан ке фæрци фæззиндтæй нæ сахари, сæрмагондæй еци адæймаги туххæй.

Цæгат Иристони æригон ленинонтæ кадгин нæуæгдзауи ном исаккаг кодтонцæ ХЪÆБÆЛОТИ Биларæн. Къарæ ист æй нæуæгдзаути Гала-уани сайтæй.

Нæ зонун, иннетæ куд, фал æз ба мæхе нимайун хъæбæр нивгун адæймагбæл. Æгайтима мæ кусти фæрци Хъæбæлоти Емæзай фурт Билари хузæн лæги хæццæ базонгæ дæн, æма мин кæд æ фарсмæ нæ, уæддæр еумæ косгæ рауадæй. Берæ дессаги хуарз хабæрттæ радзорун æнгъезуй еци лæги туххæй, фал сæ æнæ мæнæй дæр загътонцæ, уæдта ма беретæ ракæндзæнæнцæ. Æз ба зæгъдзæнæн Галауани туххæй, кæци арæзт æрцудæй лæгæй-лæгмæ Билари фæрци. Куд Советон Цæдеси Сæйраг Совети депутат, уотæ Хъæбæлой-фуртæн æвзаргутæ, бустæги ахургæнгутæ, бафæдзахстонцæ, цæмæй скъоладзаутæн хуæздæр уавæртæ арæзт æрцæуа фæсуроктæ рæстæг æрветунæн.

Мæску барæ нæ ратгæй, неке бон адтæй уæхæн фарста ниллух кæнун. Алли республики хецауадæ дæр курдта ести, фал минкъий Билар еугуремæй лæгдæр разиндтæй, Брежнев æма Косыгини басаста, цæмæй раттонцæ барæ Дзæуæгигъæуи фæсевæдæн Галауан исаразунæн. Конд æрцудæй сæрмагонд проект, арæзтадæ райдæдта хъæбæр тагъд. Мæнмæ фæдздзурдтонцæ æма мин загътонцæ: «Аразæн нæуæг Галауан нæуæгдзаутæн, скъоладзаутæн. Ду куст зонис æма дæ æвæрæн нæуæг Галауани сæргълæууæгæй, куд цæуй арæзтадæ, уомæ дæ цæстæ дарæ».

Хъæбæлой-фурт куд загъта, уотемæй Галауан гъæуама исцæттæ уа фондз анземæ. Арæзтади ка архайдта айдагъ уони хæццæ нæ, фал мин ахид æмбæлгæ уадæй Билари хæццæ. Мæнæй берæ хестæр, æгъдаугин лæг, раст фиди хузæн, фæлмæн дзурдта мæ хæццæ. Уомæй цæйбæрцæ зонундзийнæдтæ райстон, уомæн се ’мбеси бæрцæ нæ базудтон институти фондз анземæ, фæскомцæдеси обкоми косгæй.

Æгас республики сæргъи лæугæй, айдагъ вазуггин, ахсгиаг фарстатæ нæ, фал хъæбæр листæг, минкъий гъуддæгутæ æма фарстатæ дæр гъуди кодта. Хъæбæр лæмбунæг цæстингас дардта арæзтадæ æнæ къулумпийæй куд цæуа, уомæ. Сахар Саратовмæ рарвиста сæрмагондæй лæг, цæмæй фæттагъддæр кæна гъæугæ æрмæгутæ æрветуни гъуддаг.

Нæ фагæ кæнуй специалисттæ, зæгъгæ, уæд фæдздзурдта промышленнон кустуæтти хецæуттæмæ æма син загъта: «Уæхе фестауетæ, дæсни специалисттæ нæмæ ес. Гъæуй плотниктæ, слесæртæ, сварщиктæ æма уи алкедæр фæйнæ фондз лæги æрбарветæд Галауанмæ, цæмæй куст тагъддæр цæуа. Æрмæст сæмæ хъæбæр хуарз цæстингас даретæ».

ГУЦМÆЗТИ Аннæ нæуæгдзаути Галауани исфæлдистадон къуæртти архайгути къуари хæццæ. Къарæ ист æй нæуæгдзаути Галауани сайтæй.

1972-1974 æнзти «Ордж-трансстрой»-и раййивтонцæ цуппар хецауи, уомæн æма сæ ихæстæ нæ æнхæст кодтонцæ. Республикæ ци бафæстауæрцæ кæнидæ хуарз кусти фæрци, фулдæр арæзтадон æрмæгутæ еци æхцатæй æлхæдтонцæ. Уомæ гæсгæ цубур рæстæгмæ исцæттæ ’й Галауан æма иннæ республикитæ десæй мардæнцæ, – куд бантæстæй Иристонæн уæхæн гъуддаг. Æнæмæнгæ, фиццагидæр Билари фæрци. Ралæудтæй æхцæуæн бон – 1974 анзи хорхæтæни мæйи фиццаг бон, сабийти гъæуай кæнуни Бони Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни 200 анзи бæрæг кæнгæй, игонгонд æрцудæй нæуæг Галауан. Хъæбæлой-фурти фæрци æрбацудæнцæ кадгин минæвæрттæ Гурдзистонæй, Сомехæй, Цæцæн-Мæхъæлæй, Кæсæг-Балхъарæй æма иннæ рауæнтæй. Устур деси бацудæнцæ уæхæн рæсугъд, устур, райдзаст Галауан фæууингæй. Уой фæсте дæр Билар кадгин иуазгути ардæмæ хонидæ, уадзæ æма уинонцæ, цæхуæн цæстингас дарæн ирæзгæ фæсевæдмæ, уой. Фиццаг кадгин, номдзуд иуазгутæ адтæнцæ зундгонд тæхæг Александр Покрышкин, космонавт Андриян Николаев æма берæ æндæртæ.

Имисæн арфи дзурдти хæццæ Галауан аразуни устур хъиамæт ка бакодта, уони. Се ’хсæн паркетæвæрæг Яков Александров, монтажгæнæг Владимир Чекалов, плотник Василий Носов, фæрстæаразæг Анатолий Коломийцев, хуарæг Виктор Течиев, Андрей Шахназаров, Григорий Шубин, Василий Прокофьев, Зинæ Гугурова æма берæ æндæрти.

Фал, уæддæр еугуремæй боздæр ба ан Хъæбæлоти Биларæй, æ кадæ, æ ном цæрунцæ нæ хæццæ, дæттунцæ нин устур нифс. Æма хъæбæр раст бакодта нæ республики разамунд, Галауанæн æрæги Хъæбæлоти Билари ном ке равардтонцæ, уомæй.

ГУЦМÆЗТИ Аннæ,
сувæллæнтти исфæлдистади республикон Галауани раздæри сæргълæууæг

 

Цæгат Иристони нæуæгдзаути Галауан ке фæззиндтæй, е иссæй айдагъ нæ республики нæ, фал нæ Цæдеси цийнагдæр бæрæгбон. Уомæн æвдесæн æй е дæр, æма æ байгон кæнуни кадгин мадзали архайдтонцæ фæскомцæдеси Центрон Комитети секретарь Зоя Новожилова, Уæрæсей Федераций рохсади министри хуæдæййевæг Георгий Веселов, æнсувæрон республикити минæвæрттæ, партий Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарь Хъæбæлоти Билар, Цæгат Иристони Сæйраг Совети Президиуми сæрдар Хетæгкати Тамарæ, республики Министрти Совети сæрдар Басити Олег, фæллойни æма тугъди ветерантæ, фæллойни раззагдæртæ, советон-партион æма æхсæнадон организацити минæвæрттæ.

Кадгин æмбурд игонгæнгæй, фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми уæди фиццаг секретарь Хæтæгти Владимир æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй нæуæгдзаути Галауан нур игонгонд ке цæуй, е уæлдай æхцæуæндæр уомæй æй, æма аци анз æй устур бæрæгбæнтти анз – фæскомцæдесæн æма нæуæгдзаути организацитæн В.И. Ленини ном лæвæрд ку ’рцудæй, уобæл æнхæст кæнуй 80 анзи, уодзæнæй Цæгат Иристони АССР-и исарæзти 50 анзей æма Иристон Уæрæсей хæццæ барвæндонæй ку байеу æй, уой 200 анзей юбилей.

Æ радзубандий Хетæги-фурт уой дæр баханхæ кодта, æма Иристони нæуæгдзаутæн аци Галауан алæмæти дессаг лæвар ке æй. Уæхæн галауанти кой нæ фидтæлтæ фегъустонцæ айдагъдæр аргъæутти. Сæ фæстагæнттæн ба царди æцæгдзийнадæ иссæнцæ.

– Игъæлдзæгдзийнадæ уин, хор æма сабурдзийнадæ, – нæуæдзаутæн сæ кадгин бæрæгбони арфæ ракодта трест «Орджтрансстрой»-и 129 арæзтадон участокки, хуæздæр косгутæй еу, бригадир Г.П. Шубин. Е æ бригади хæццæ зæрдиагæй куста Галауани арæзтади. Æ символикон дæгъæл ин равардта æригон ленинонтæ Таболти Ким æма Наташæ Топчиевамæ.

Нæуæгдзаути Галауан байгон кæнуни фæсте иуазгутæ æма сувæллæнттæ бацудæнцæ азгъунсти райдзаст æма аййев залтæмæ, хехъæппæресадон къуæрттæ кæми архайдзæнæнцæ, еци уæттæмæ.

Галауан байгон уни фæдбæл  ци кадгин æмбурд арæзт æрцудæй, уоми радзубанди котонцæ Хетæгкати Тамарæ, Зоя Новожилова, республики фæллойнадон коллективти минæвæрттæ, кæронбæттæни ба нæуæгдзаути Галауани хехъæппæресадон къуæрттæ равдистонцæ устур концерт.

… Еци æхцæуæн цауæй нуриуæнгæ рацудæй дæс æма æртинсæй анзи. Æнцон æнзтæ нæ адтæнцæ, берæ алцитæ æрцудæй, уой хæццæ ба, гъулæггагæн, æверхъаудзийнæдтæ дæр. Æма нин уæлдай æхцæуæн æй, уæхæн дæрæнгæнæг уавæрти дæр Галауани косгутæмæ уоди хъаурæ æма фæразондзийнадæ ке разиндтæй, сæ алæмæти дессаг Галауан еци цардгъонæй ке багъæуай кодтонцæ, æма уой фæрци абони дæр нæ кæстæртæн ке æй, сæ исфæлдистадон ацъагъуæдзийнæдтæ æнхæстæй кæми раргом унцæ, уæхæн авдæнæ!.. Уогæ еци хабар ба ’й хецæн сæрмагонд дзубандий аккаг..