30 декабря 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…

19.01.2021 | 12:12

Еу гъӕуи еу зӕронд лӕг мӕлуни къахбӕл ниллӕудтӕй. Е адтӕй, нӕуӕг советон цардарӕзт ку ӕрфедар ӕй, раст гъе уӕд. Е ’мгарӕ зӕронд лӕгтӕ ӕ алливарс бадунцӕ ӕма сӕ дзубандитӕ кӕнунцӕ.

– Мӕлгӕ уин кӕнун, мӕлгӕ, мӕ хӕлӕрттӕ, – гъӕрзгӕй сӕмӕ дзоруй уӕззау сӕйгӕ.

– Тухсгӕ ма кӕнӕ, мах дӕр дӕ тагъд баййафдзинан, – зӕрдитӕ ин ӕвӕрунцӕ зӕронд лӕгтӕ. – Ду тӕходуйаг дӕ, уоми мӕрдтӕн аци нӕуӕг царди хабӕрттӕ фиццагидӕр ка ракӕндзӕнӕй…

– Ракӕндзӕнӕн, ай-гъайдӕр, ракӕндзӕнӕн, фал Гогоцци лӕгъуз гъӕуихецау иссӕй, зӕгъгӕ, еци хабар ба син нӕ ракӕндзӕнӕн, уомӕн ӕма си е нецихузи баруагӕс уодзӕнӕй…

Гъо, мӕрдтибӕсти уӕвгутӕ нӕ баууӕндтайуонцӕ, Гогоцций хузӕн лӕгъузтӕ гъӕуихецӕуттӕй ӕвӕрӕн ес, зӕгъгӕ, хабарбӕл. Фал мах ба, уӕлзӕнхон царди цӕргути ба барӕ-ӕнӕбари дӕр баууӕндун кӕнунцӕ, уӕхӕн ӕдули уавӕртӕн уӕн ке ес, уобӕл. Хецаудзийнади бӕрнон бунӕтти ӕгӕр ахиддӕр ма исбадун кӕнунцӕ, Гогоцций хузӕн нӕбӕзгити, ӕхе хуарзӕн архайунӕй ка нецӕмӕ фӕййарӕхсуй, уӕхӕнтти. Мӕнӕ нур хецаудзийнади бадгути бӕрцӕ рӕхги, дан, фӕмминкъийдӕр кӕндзӕнӕнцӕ. Цума сӕ цӕмӕ гӕсгӕ цубуртӕ кӕндзӕнӕнцӕ – сӕ арӕхстдзийнадӕ ӕви хеуондзийнадӕмӕ гӕсгӕ?  Уогӕ е ма исаразуйнаг ӕй, фал абони ба си ке уинӕн, етӕ цӕхуӕнттӕ ’нцӕ, уомӕн ӕрхӕсдзинан еуцалдӕр дӕнци:

 

 

ОЛЬГӔ ЛЮБИМОВА, Уӕрӕсей Федераций культури министр: «Ес дзиллон кӕсуйнаг кино, кӕцими ес романтикон комедитӕ, ӕма е раст ӕй. Шекспир финста комедитӕ, Пушкин берӕ финста комедитӕ…»

– Ехх, Александр Сергеевич, нӕ литературӕн берӕ хуӕрзти бӕргӕ бацудтӕ, фал Уӕрӕсей культури нури министрадӕ ба куд фӕффудӕнгъӕл кодтай – дӕ «Минкъий трагедити» хӕццӕ ма уӕддӕр еу комеди ку ниффинстайсӕ, уӕд, ка ’й зонуй, нӕ культурон министр ӕхе нӕ фӕккойаг кодтайдӕ, классикти исфӕлдистадӕ цӕйбӕрцӕбӕл «арф зонуй» уомӕй.

 

АНАТОЛИЙ ЧУБАЙС, корпораци Роснаной разамонӕг ма уогӕй кӕддӕр уотӕ загъта: «Фӕлхасгӕнӕг ӕй нӕма зонуй, цӕййасӕбӕл амонд имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (фидибӕстон нанотехнологити ескӕди уӕлахездзийнӕдти туххӕй) ӕма ’й уобӕл гъӕуама баууӕндун кӕнӕн…»

– Фӕливд Чубайс нин ци хузи «амӕндтӕй» ба зӕрдитӕ не ’вардта, фал… Фал кӕд еске фӕййамондгун кодта, уӕд айдагъдӕр ӕхе ӕма е ‘мдзӕхдонти… Уогӕ мах дӕр еу амондӕй фӕххайгин ан, зӕгъгӕ, бӕргӕ бангъалдтан, Роснаной разамонӕги бунатӕй ку фелвастонцӕ, уӕд. Фал нӕ цийнӕ фӕггуз ӕй – уайтӕккӕ ’й райвардтонцӕ Президенти сӕрмагонд минӕварӕй – ӕнӕфӕккеугӕ райрӕзти фарстатӕбӕл дзуапдӕттӕгӕй. Тӕрсӕн, ихалунӕй ӕндӕр ка нецӕмӕ арӕхсуй, еци Чубайси фудӕй нӕ райрӕзт ӕцӕг киудтӕй – киуддӕр ку фӕууа…

 

АЛЕКСАНДР НОВАК, Уӕрӕсей Федераций энергетики министр – Уӕрӕсемӕ лӕвар бензин ласунбӕл тобӕгонди туххӕй: «Еци мадзал уомӕ гӕсгӕ исаразтан, цӕмӕй багъӕуай кӕнӕн нӕхе нефтигустгӕнӕг къабазӕ».

– Уотӕ ӕнгъӕлетӕ, ӕма министр ӕцӕгӕйдӕр нӕ фидибӕстон нефтигустгӕнӕг къабазӕбӕл тухсуй? Кунӕг!.. Уомӕн ӕ тухст ӕй, еци къабази кустуӕттӕ ке есбонади ӕнцӕ, уони ӕфтуйӕгтӕ ма фӕмминкъийдӕр уонцӕ. Ӕндӕр ба е куд ӕй: нефти аргъ ку фӕббӕрзонддӕр уй, уӕд ӕнӕгъӕнӕ дуйней дӕр бензини аргъ фӕббӕрзонддӕр уй, фал нефт фӕййасландӕр ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ӕнӕгъӕнӕй дуйней еци ӕргътӕ фӕмминкъийдӕр унцӕ, Уӕрӕсейӕй уӕлдай – махмӕ ба айдагъ еци бӕрзонддӕрӕй нӕ байзайунцӕ, фал ма сӕбӕл никкидӕр бафтуйуй.