27 декабря 2024

ГЪÆУАМА КЪÆРЦГЪОСДÆР УÆН

29.06.2024 | 22:11

Цæгат Иристони Национ музейи æрæги кадгин уавæри ци равдист байгон æй, уоми æвæрд æрцудæнцæ, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг фашистон æрдонгтæ Советон Цæдесмæ ’рбалæборгæй, рæстæгмæ ци зæнхитæ  байахæстонцæ, уонæми сабур цæрæг адæмæн ци фудмиутæ æма æзнаггадæ кодтонцæ, уобæл дзорæг къартæ æма архивон документтæ.

Равдист игон кæнгæй Цæгат Иристони ветеранти Совети сæрдар Фриати Хъазбег æ радзубандий уотæ загъта:

– Аци равдист хуннуй «Без срока давности». Гъома, кæд Устур Фидибæстон тугъд раги фæцæй, уæддæр  ин æ цаутæ æма хабæрттæ евгъуд рæстæгути амæнат иссæнцæ, зæгъгæ, нимайæн нецихузи ес. Уони гъæуама нæ зæрдæбæл дарæн, зундамонæг æма нифсдæттæг нин гъæуама уонцæ. Уомæн æма абони нæуæгæй фашизм æма нацизм сæ сæртæ исдардтонцæ, æма бабæй нæ багъудæй сæ нихмæ карз  тохи бацæун.

Равдисти нисан æй дзилли, уæлдайдæр ба ирæзгæ фæлтæрти зæрдитæбæл æрлæуун кæнун, советон сабурцæрæг адæм ци æверхъаудзийнæдтæ бавзурстонцæ, нацистти къохтæй цагъди ка фæцæй, уони æримисунæн, уæдта знагæн агъаз ка кодта, уони дæр равдесун.

Аци проектæн æ ахсгиагдзийнадæ уæлдай фæууæлиаудæр æй, æрæги Дербент, Махачкала æма Севастополи ци фудбæлæхтæ ’рцудæй, уонæмæ гæсгæ – еци æверхъау цаути нихмæ æнæуинондзийнадæ исæвзурун кæнун. Гъæуама ни алкедæр лæдæра, Хуцауæй ка нæ тæрсуй,  æфсармæ æма æгъдауи сæрти ка рахизтæй, еци фудракæндæ исаразгутæй алкедæр закъони размæ дзуапп ке ратдзæнæй, уой. Цæйбæрцæдæр рæстæг ку рацæуа, уæддæр уæхæн фудракæндитæн  иронхгæнæн æма хатиргæнæн нæййес.

Цъæх арви буни сабур цардæй хуæздæр неци ес. Æма си гъæуама рæстзæрдæй байлæгъ кæнонцæ нæ адæми ирæзгæ фæлтæртæ. Е ба кæнгæ ’й фиццагидæр ниййергутæй  – уонæй алкедæр гъæуама бæлвурдæй зона,  æ сувæллон кæми ’й,  ци косуй, цæбæл гъуди кæнуй æма циуавæр зундбæл хуæст æй, уой. Цæмæй, æрæги Дагестани республики ци фудракæндæ  ’рцудæй, уæхæн фидбилизтæ ма ’руадзæн, нæхе дæр æма, нæ алливарс ка æй, уони дæр багъæуай кæнæн.

Ахид, сувæллæнттæмæ Интернети  социалон хизти ниффинсунцæ бустæги æцæгæлон адæм. Æхцайæй син зæрдитæ байвæрунцæ æма си фæййагорунцæ, берæ адæм кæми ес, уæхæн бунæтти ести æзнаггадæ исаразун, уордæмæ рæмодзæн æрмæг бахæссун. Уомæ гæсгæ нæ гъæуй къæрцгъосдæр ун.

Мæнæ ке туххæй æй нæ дзубанди, уæхæн равдиститæ агъаз æнцæ нацизм æма терроризми æцæг цæсгон равдесунæн, нæ дзиллæмæ патриотизм æма хæлардзийнади æнкъарæнтæ æвзурун кæнунæн.