СЕРГЕЙ МЕНЯЙЛО: «ÆМЗУНД-ÆМВÆНДÆЙ ГЪÆУАМА АРХАЙÆН ЗНАГГАДÆГÆНГУТИ НИХМÆ…»
Нæ бæсти еугур дзиллитæ дæр хъæбæр зæрдристæй хъонц кæнунцæ, æрæги Уæрæсей ка ’рцудæй æма берæ æвуд адæм кæми бастъалдæй, еци фудракæндти фæдбæл.
Украини гæрзефтонг тухтæ ракетитæй фехстонцæ сахар Севастополи фæлладуадзæн рауæнтæ, сахар Махачкалай ба террористтæ æнахъæл лæбурд бакодтонцæ киристон аргъауæнмæ æма дзиуиттаг ковæндонæмæ, рамардтонцæ медгъуддæгути къабази косгути. Фудгæнгутæ сæ зулундзийнæдтæн еци рауæнтæ цæмæн равзурстонцæ, е дæр лæдæрд æй. Æртæ æма цуппаринсæй анзей размæ фашистон Германи Советон Цæдесмæ гадзирахаттæй ку ’рбалæбурдта, уæд æ фиццаг цæф адтæй Севастополь æма Одессæбæл. Уой дæр, Советон Цæдеси нихмæ тугъд идайæн, зæгъгæ, уой Германий разамунд нæма фегъосун кæнгæй, уотемæй… Æма, æвæдзи, фашистон Германий фæтæгти фæнзгæй, Украини нури, нацистон зундирахастмæ тулаваст разамунд дæр, сæ цæф Севастопольбæл уомæ гæсгæ фæккодтонцæ. Æма уомæй хъæбæр фæррæдудæнцæ – хъæбæр фæсмойнаг син фæууодзæнæй сæ æрра миуæ.
Дагестани ци террористон фудракæндæ арæзт æрцудæй, уомæй æ исаразгутæ гъавтонцæ айдагъ уоми дзиллæ нæ бастъалун, фал æнæгъæнæ Цæгат Кавказ таси бафтаун, аллихузон адæмихæттити æма конфессити минæвæртти фæккæрæдземæ кæнун, сауæнгæ тогниккалди буцæутæ ракъахун. Сæ ахъелгутæ дæр бæрæг æнцæ – Уæрæсей куд берæнацион æма берæконфессионалон паддзахадæ, уотæ фехалун. Уой, Дагестани æверхъау цауи туххæй дзоргæй, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр уотæ баханхæ кодта:
– Дагестани ци террористон фудракæндæ цæттæгонд цудæй æндегæй, еудадзуг нæмæ знаггадæгæнæги цæстæй кæцæй кæсунцæ æма нæмæ æверхъаудзийнæдтæй кæцæй æвзедунцæ, уоми ’нцæ æ уедæгтæ. Æ нисанеуæг дæр бæлвурдæй бæрæг æй – Цæгат Кавкази медæги уавæр ниххæлхъойтæ кæнун. Фудгæнгутæ сæ уодти мæгурдзийнадæй уотæ æнгъæл æнцæ æма син бантæсдзæнæй ами аллихузон динти минæвæртти ’хсæн хæлар рахастдзийнæдтæ фехалун, фæккæрæдземæ сæ кæнун. Фал уомæй хъæбæр рæдуйунцæ, сæ мæнгард фæндитæй неци рауайдзæнæй. Абони уæрæсейаг æхсæнадæ федарæй лæдæруй уой, æма нури цардарæзти вазуггин уавæрти нæ сæйрагдæр ервæзунгæнæг æй нæ еудзийнадæ, айдагъдæр нæ æмзунд-æмвæндæ архайди фæрци нин бантæсдзæнæй нæ цардиуагæ сабур æма зæрдæмæдзæугæй аразун. Дзиллæ ’й уинуй, фудгæнгутæ ци æверхъаудзийнæдтæ аразунцæ, етæ цæйбæрцæбæл æлгъистаг æнцæ, адæймагуарзондзийнадæн си бунат æгириддæр ке нæййес, нæ кæрæдзебæл нæ мæстæйдзагæй ардауæг ке ’нцæ, уой.
Уомæ гæсгæ ба гъæуама æвдесæн еудзийнадæ æма нæ царди сабурдзийнадæ багъæуай кæнæн нæ æмзунд-æмвæндæ архайди фæрци.
Æхсæнадæ уинуй, уæхæн фудракæндти адæймагдзийнадæн бунат ке нæййес, е æй ардауæн мадзал. Нæ республики тухи структуритæ дæр сæ архайд аразунцæ карздæр хузи фæткæмæ гæсгæ. Æнхæст кæнунцæ æхсæнадон бунæттæ, базарадон центртæ, социалон косæндæнттæ багъæуай кæнуни мадзæлттæ. Уой хæццæ ба ма Сергей Меняйло Цæгат Иристони цæргутæн бафæдзахста, цæмæй сæхе гъæуай кæнонцæ тухстаг уавæртæй, фуртаси хай ма фæууонцæ:
– Ардаугути къуар уомæ бæллуй, фæндуй сæ еугур Цæгат Кавкази аллихузон динти æма адæмти ’хсæн буцæутæ ракъахун. Уомæй си ке неци рауайдзæнæй, е ни федарæй æруагæс кæнуй. Æцæг, нæ еугурдæр гъæуама лæмбунæгдæр, къæрцгъосдæр уæн! Айдагъдæр официалон дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæбæл æууæндетæ. Æнсувæрон Дагестанæн ба мæ зæрдæ уой зæгъуй, цæмæй уодæй федар уонцæ. Дагестани разамонæг Сергей Меликови хæццæ телефонæй дзурдтон. Загътон ин, Иристон цæттæ ’й фæййагъаз кæнунмæ. Еугур фудгæнгутæ дæр æфхуæрд ке æрцæудзæнæнцæ, е ми æруагæс кæнуй, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæ Цæгат Иристон – Аланий Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-службæ