27 декабря 2024

БИЙНОНТÆ СÆ АМОНД АРАЗÆГ СÆХУÆДТÆ ÆНЦÆ!..

06.07.2024 | 12:13

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн зундгин загъд: «Хуарз хæдзарæн – хуарз номхæссæн!..» Хæдзарæ хуарз уæд фæууй, æма си бийнонтæ æнгомæй, кæрæдзей лæдæргæй ку фæццæрунцæ. Нæ рагфидтæлтæ ма хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Æ бийнонтæ хæларæй кæмæн цæрунцæ, уомæн æ хæдзари бæркад берæ ’й!..» Гъе уомæ гæсгæ бийнонти цардарæзт раги дзаманти хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæй нæ адæммæ, уотæ ’й нимадтонцæ, æма еу бийнонтæ дæр æнæгъæнæ гъæубæстæн дæр æнцæ æ цæсгон, е ’гъдаудзийнади æвдесæн.

 

ÆНГОМÆЙ ЦИ ХÆДЗАРИ ЦÆРУНЦÆ, АМОНД ДÆР УОМИ ЕС…

Мах адæммæ алкæддæр ахсгиагæй-ахсгиагдæр нимади адтæнцæ бийнонти цардарæзти гъуддæгутæ. Бийнонти еудзийнадæ æма æнгомдзийнадæ федар кæнуни сæ амонд æма фарнæ агъазиаудæр кæнуни фæдбæл нæмæ нæ рагфидтæлтæй æрбахъæрттæнцæ дессаги рæсугъд æма тухгин æгъдæуттæ. Æма, баруагæс уи уæд, етæ абони дæр, кæд нæ нуриккон цардарæзти берæ цидæртæ исæндæрхузон æнцæ, уæддæр ахсгиаг æма æнæмæнгæ гъæугæ ’нцæ.

Мах алкæддæр сæрбæрзондæй ранимайæн, берæ æнзти амондгунæй ка фæццардæй, хуарз кæстæртæ ка исгъомбæл кодта æма абони сæ кæстæрти кæстæртæбæл ка цийнæ кæнуй, уони.

Етæ, ке зæгъун æй гъæуй, æнцæ нæ боц хестæртæ – сæ фæлтæрддзийнадæ æма курухондзийнадæбæл гъæуама ахур кæнонцæ æригон фæлтæр. Уони фæрци базонæн æма балæдæрæн ес, нæ адæми уодиконди сæйрагдæр, цардаразæг менеугутæ.

БЕЖАНТИ Вадими конд хузæ.

Етæ ба ’нцæ – бийнонти цард нивæбæл аразун æма ’й еудадзуг гъæуай кæнун, кæрæдзебæл æновуд ун, æууæнкæ æма еузæрдиуондзийнадæй алке ни æ бийнонти царди тæккæ хуæздæр уагæбæл хъиамæт кæнгæй, еумæйагæй æхсæнади размæцудæн дæр равгитæ æма фадуæттæ аразун, æма ма берæ æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæ исфæлдесунмæ разæнгард ун.

Бийнонтæ амондгун ку уонцæ, сæ сувæллæнттæ æнæнезæй æма цардбæллонæй ку ирæзонцæ, уæд сæ еугуремæн дæр сæ цард æнтæстгин уодзæнæй – е ба комкоммæ ахеддзæнæй республики фæрнугдæр æма хуæздæр исонибонбæл.

Махмæ гæсгæ, ауæхæн гъудибæл ни гъæуама алкедæр хуæст уа, уомæн æма æ фидиуæзæги исонибонбæл рæстзæрдæй ка тухсуй, æ адæми идарддæри карнæ сагъæссаг кæмæн æй, е гъæуама цийфæнди цæстæй ма кæса нæ цардарæзти тæккæ федардæр æма æууæнкæдæр бундори уавæрмæ, гъома, бийнонти кадæ æма æнæфæккеугæдзийнадæ нæмæ цæйбæрцæбæл цитгингонд цæунцæ, уомæ.

Мах адæммæ алли рæстæгути дæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг хузи æнхæстгонд цудæнцæ нæ рагфидтæлти фæдзæхститæ бийнонти цардиуаги, бæлвурддæрæй æ еудзийнади туххæй, уой фехалун устур æгадæдзийнадæбæл нимад цудæй. Уотæ амудта нæ адæмæй ка ци дин райста, е дæр. Зæгъæн, газет «Терские ведомости» 1895 анзи номертæй еуеми уой фæдбæл ниммухур кодта уац, кæцими загъд адтæй: «Киристон аргъауæн куд амонуй, уомæ гæсгæ сæ цард ка бабаста, еци киристæнттæ, зæгъæн ес, æма хецæн нæ кодтонцæ».

 

ЦÆБÆЛ ИСМÆСТГУН ÆЙ КУРУХОН ХЕСТÆР…

Аци уацмæ гæсгæ нæ зундгонд финсæг Бицъоти Гриш, «Ставд-Дортæ», зæгъгæ, æ документалон уацауи æримиста мæнæ ауæхæн хабар: «Æрæги уæнгæ дæр ма еци фæткæ федар адтæй Иристони. Гъуди ма кæнун: 60-аг æнзти кæрони Дзæуæгигъæуæй бафтудтæн Ставд-Дортæмæ. Зилдтæн хеуæнттæбæл. Еууæхæни мæ хæстæгутæй еуети хæдзарæй тургъæмæ куд рацудтæн, уотæ гъæунгæй мæ гъостæбæл рауадæй нæлгоймаги гъæрæй дзубанди. Игъосунбæл имæ фæдтæн. Дзурдта, дæлæрдигæй дæр æй куд игъустайуонцæ, уæлæрдигæй дæр, уотæ гъæрæй. Уайтæккæ дæр балæдæрдтæн: зæронд лæг кедæр æфхуæруй, кæбæлдæр æнæвгъауæй калуй æ уайдзæфтæ. Æмбесæндтæ хаста. Уартæ, зæгъгæ, Уæллагири коми уæхæн æма уæхæн гъæуи æмзай-æмзæронд бацæнцæ уæхæн лæг æма уосæ. Зулундзурд дæр си некæд райгъустæй, уотемæй, дан, уосæ æ донихулуй нæ уорæдта. Уæд, загъта, цæрунмæ цудæнцæ, нур ба дууæ бони кæрæдземæн нæбал бухсунцæ. Цæветтонгæ, мæ фусунти синхæгти лæхъуæн хуæрзæрæги æ нæуæгкурд уосæй рахецæн æй æма æ уайдзæфи дзурдтæ уони ’рдæмæ гæлста, уæззау дорти хузæн, зæронд лæг…»

Еци зæронд лæги æ мастæй балæдæрун æнгъизтæй – уæди рæстæгути ма хъæбæр æверхъау хабарбæл нимад уидæ бийнонти фехæлд, уæлдайдæр ба æригон бийнонтæ сæ цард æнхæст нæма райдайгæй кæрæдземæй ку фæлледзæги уиуонцæ, уæд.

Нур, гъулæггагæн, уæхæн хабæрттæ фæстаг цалдæр анзей дæргъи уоййасæбæл исахид æнцæ, æма сæбæл дес дæр некебал кæнуй. Æма уæхæн уавæри хæццæ куд ес æдухстæй аразигæнæн? Уæлдайдæр демографий фарстатæ нæмæ цæйбæрцæбæл иссагъæссаг æнцæ, уомæ гæсгæ. Уæхуæдтæ кæсайтæ. Цæгат Иристони статистикон управлени куд игъосун кæнуй, уотемæй аци анзи фиццаг æртæ мæйей бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ республики цæргути нимæдзæ 724 адæймаги фæмминкъийдæр æй. Амунд рæстæг райгурдæй 1754 сувæллони, гъома, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 1,7% фулдæр. Аци рæстæги дæргъи рамардæй 1849 адæймаги (гъома, фарæй 0,35% минкъийдæр). Республики цæргутæй æрдзон уагæй фæгъгъудæй 95 адæймаги (фари фиццаг квартали ба – 130 адæймаги).

2024 анзи æртæ мæйемæ республики арæзт æрцудæй 459 къайади, ихæлд ба ‘рцудæй 977 къайади. Фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, арæзт къайæдти нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 11,6%, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба 4,9% фæффулдæр æй.

Ци зæгъæн ес, аци бæрæггæнæнти фæдбæл? Сагъæссаг, хъæбæр сагъæссаг уавæр – æндæр ма ци зæгъдзæнæ? Иннæ фарста ба е æй, æма идарддæр дæр уотæ ку уа, уæд нæ республики демографион уавæр, куд нæ фæндуй, æма куд гъæуама уа, уотæ кутемæй рæвдзæдæргонд æрцæудзæнæй. Æви нæ еунæг мадзал – æндæр рауæнтæй нæмæ цæруни зæрдтæй ка цæуй, етæ?

Æма миграцион уавæри ес берæ сагъæссаг фæззиндтитæ.

Аци фарста уоййасæбæл ахсгиаг æма сагъæссаг æй, æма ибæл хецæнæй бундорондæрæй дзорун гъæуй. Æма уомæн дæр æнæмæнгæ иссердзинан равгæ. Нур ба нæ идарддæри дзубанди æй, зингæ ахедундзийнадæ кæмæн ес, еци хабæртти туххæй.

 

БИЙНОНТÆ ТУХГИН ÆНЦÆ – ФИДИ ФÆРЦИ, СЕ ‘НГОМДЗИЙНАДÆ – МАДИ ФÆРЦИ

Бийнонти цард цæмæй райдзаст æма фæрнæйдзаг уа, сæ исонибон ба никки хуæздæр цæмæй уа, уобæл зæрдрохсæй æма нифсгунæй архайуонцæ, е, фиццаги-фиццагидæр, аразгæ ’й æ сæргъи ка ’й, уонæй.

Номдзуд Расул Гамзатов ма уотæ дæр загъта: «Фидиуæзæг, бийнонтæ – райдайæнти райдайæн. Аци къæсæрæй райдайуй царди над, æма куд рауайдзæнæй, е ба махæй, ниййергутæй аразгæ ’й…» Уой фæдбæл нæмæ нæ рагфидтæлтæй дæр берæ зундгин зæгъдтитæ æрбахъæрттæй. Зæгъæн, мæнæ ауæхæн:

«Бийнонтæ тухгин ку фæуунцæ, уæд е бийнонти сæрбæл баст æй, бийнонтæ æнгом ку фæуунцæ, уæд е æфсийнæй цæуй…» Уотæ ку нæ уа, уæдта бийнонтæ æгудзæг кæнунцæ – хестæртæ æма кæстæртæ дæр си тухст уавæрти бахаунцæ æма уотемæй æрветунцæ сæ бæнттæ.

Дзубанди дæр ибæл нæййес, цæмæй бийнонти цардиуагæ зæрдæмæдзæугæ уа, е цæйбæрцæбæл берæ аразгæ ’й фиди ’рдигæй. Нæ фидтæлтиккон хабæрттæй æй хуарз зонæн, нæлгоймаг цæйбæрцæбæл æновудæй архайидæ уой сæрбæлтау, сауæнгæ ма æ цард дæр иснивонд кæнидæ. Ка уи нæ фегъустайдæ Акими зар:

Ой, нæ хæхбæстæ нæ,

ой куы нæ ’фсады хорæй,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ой, цон фæцæуон

Дæлæ быдырмæ хор

ласынмæ, гъей, тох.

Надбæл ибæл исцурæвæрæ ’нцæ абæргутæ, гъавтонцæ ин æ бæх æма галтæ, æ уæргътæ байсунмæ.

Ой, Ходы къуылдымтæ, ой,

дæлæмæ куы лæсынц,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ауадзут мæ, мæнмæ мæ

сабитæ æнхъæлмæ куы

кæсынц, гъей!

Нæ, нæ фæттæрегъæд кодтонцæ æдзæсгон абæргутæ мæгур лæгæн, нецæмæ ’рдардтонцæ æ мæгур сувæллæнтти тухст уавæр. Æма сæ уæд Аким бундзагъд никкодта, æхуæдæг дæр фæммард æй:

Ой, фæззыгон мигъбон мын,

ой, мæ фæндаг æрцахста,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Мæн Гозымы-фырт

фæстейæ æрбахста,

гъей, тох!

Бийнонтæбæл ауодун, уони хуарзи сæрбæлтау æгъдауæй дæр æма фæллойнæй дæр архайунбæл нæлгоймаг алкæддæр ихæсгин адтæй, æй æма гъæуама идарддæр дæр уотæ уа. Цийфæнди зин рæстæгутæ ку ралæууа, цийфæнди тухстдзийнæдтæ хъоргæнæг ку уонцæ, уæддæр.

Æрæги Уæрæсей дзиллæ, дуйней берæ паддзахæдтæ, рæстзæрдæ дзиллитæ исбæрæг бабæй кодтонцæ зæрдæбæлдарæн æма хъонци бон – астинсæй анзей размæ, 1941 анзи 22 июни нæ Райгурæн бæстæмæ тогмондагæй æрбалæбурдтонцæ немуцаг-фашистон æрдонгтæ. Етæ ци тугъд ракъахтонцæ, е нæ бæсти еугур бийнонти зæрдитæ дæр фæрресун кодта, æностæмæ дæр си ка не ’рнидæн уодзæнæй, еци додойæй.

Тохунгъон нæлгоймæгтæ сæ фидиуæзæг ниууадзгæй цудæнцæ цифуддæр знаги ниддæрæн кæнунмæ. Уой нихмæ комкоммæ тохи бацæугæй æма син мæлæтæй тæссаг уогæй дæр, сæ зæрдæй ба нæ цох кодтонцæ сæ бийнонтæбæл сагъæстæ æма тухст.

Финсæг æма публицист, Хуадонти Иссæ фронтæй æ цардæмбал Меримæ ци финстæгутæ æрвиста, уонæй еуеми уотæ финста: «Берæ сагъæстæ, берæ бакæнуйнаг гъуддæгутæ мин ес, (ахур, тугъд…) фал ма уæддæр мæ сæри, уæдта мæ зæрди дæр устур бунат разиндзæнæй дæуæн, нæ бæдæлттæн дæр. Æхцай морæ уæмæ ке нæййес, е ба мæ бустæги маруй, фал уин уæ царди уавæр фæххуæздæр кæнунæн уотæ æвеппайди неци мадзал ерун.

Мæ зæрдтагон, Мери, уотæ бакæнæ æма мæ костюм, мæ хæдонæ æма мин мæ туфлитæ рауæйæ кæнæ. Мæн нецæмæн гъæунцæ, æнæмæнгæ сæ рауæйæ кæнæ æма бал уин фагæ уодзæнæнцæ, фæстæдæр ба архайдзинан зундгиндæр унбæл. Дæхе дæр æма сувæллæнтти дæр хуæрдæгъæуагæй ма уадзæ æгириддæр. Дзубанди æфсес цардбæл нæ цæуй, фал цæрунæн цæйбæрцæ гъæуй, уобæл…»

Ауæхæн дæнцитæ ма берæ æримисун æнгъезуй. Фал, гъулæггагæн, ес бустæги æндæрхузон дæнцитæ дæр, кæцитæй бæрæг æй, алли бийнонтæ хуæрзауодæг фидæй нæ фæххайгин унцæ…

Раздæр хуæнхбæсти адæм устур бийнонтæй цардæнцæ. Цæуæт берæ кодтонцæ. Адтæй уæхæн лæг æма уосæ, сæ байзæдтæгтæ дæс æма инсæйемæ кæмæн исхъæрттæнцæ. Авд æма уомæй фулдæр фурттæ кæмæн уидæ, еци бийнонти фæрнгун хæдзарæ худтонцæ. Авд хуасдзауи, авд гъæддзауи, авд тугъдони ци хæдзари адтæй, е адтæй хиццаг; алцæмæй дæр æнхæст: нифсæй, хъаурæй, есбойнадæй. Берæ бийнонтæн æнцондæр хъæртæн уидæ хуæнхаг зин царди куститæбæл, тухмиуи уагæбæл сæмæ неке æндиудта. Хумæтæги нæ байзадæй загъдæн, еунæг мæгур æй, алкедæр ибæл тухæ кæнуй, зæгъгæ. Уомæ гæсгæ еу хæдзари биццеутæ уоститæ корун ку райдайиуонцæ, уæд нæ тагъд кодтонцæ байуарунбæл, бийнонтæй рахецæн унбæл. Цардæнцæ еу хæдзари хецæн уæтти, сæ куст, сæ хуæрдæ ба адтæй еу. Киндзитæ цæуæт кодтонцæ, сæ гъомбæл кæнун ба фулдæр кастæй нана æма бабамæ. Еци гъуддагмæ сæхе хæдзари куститæй нæ евдалдæй.

Берæ бийнонти ’хсæн сувæллæнттæ дæр адтæнцæ алли куститæбæл хуæст, æмхузон сæ рæвдудтонцæ, æ бæдолæн си гъолон миутæ неке кодта. Уæлдайдæр ба сæ фидтæлтæ. Фидæ æ бæдоли æ номæй дæр нæ худта. Дзурдта имæ «биццеу», кенæ «кизгæ». Етæ нанайæн, бабайæн адтæнцæ «уорс уæриккитæ», æма «дзикъитæ» æма «фуркъатæ», фиди уæхæн æнкъарæн равдесун æгъдау нæ уагъта. Æма биццеу кенæ кизгæ æ фиди базонидæ, ку байуариуонцæ, уæд.

Еууæхæни, дан, Курттати коми устур бийнонтæй цæрæг æнсувæртæ, сæ уавæртæ æгæр унгæг ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ  иуарунбæл ниллæудтæнцæ. Гъуддаг æгъдаубæл, æнæзæрдихудтæй рахецæн æй. Фал сувæллæнттæй еу биццеу æ зæрдихалæн кудтæй иуаргути æхемæ æркæсун кодта æма ’й бафарстонцæ, ци кæнис, цæбæл кæуис, зæгъгæ. Биццеу син хæкъурццæй кæугæй уотæ зæгъуй:

– Лæгъуздæр махмæ ’рхаудтæй!..

Иуаргутæ нæ балæдæрдтæнцæ биццеуи дзуапп, фал бийнонти хæццæ ку радзубанди кодтонцæ, уæд рабæрæг æй, æнсувæртæй еу, еци биццеуи фидæ, бустæги хуæрзтæй ке нæй. Биццеу уотæ балæдæрдтæй, еумæ цæрæг цалдæр бийнонтебæл сæ мулкитæ куд дехтæ кодтонцæ, уотæ æнсувæртæ-фидтæлти дæр уотæ иурстонцæ.

Нур, расагъæс кæнайтæ, æ цæуæт дæр уоййасæбæл кæмæй исгъигæ ’нцæ, æ лæгъуздзийнади кой æргомæй ка зæгъуй, еци кæстæртæ уæхæн фидæй ци гъæуама райсонцæ? Хуцау ма зæгъæд, фал исонибони етæ сæхуæдтæ дæр уæхæнттæ нæ исуодзæнæнцæ? Æма еци «фиди» хузæнттæ нæмæ абони ба нæййес? Æгæрдæр ма?.. Мæстæйдзаг си исунцæ сæ кæстæртæ дæр, уæдта сæ уоститæ дæр. Уой фæдбæл æй мæнæ аци таурæхъ дæр.

Уосæ æ лæгæй нæбал фæразта: алли бон хæдзарæмæ цудæй расугæй. Еу бон исамал кодта лалун. Ниддумдта ’й æма ’й хуссæни æ фарсмæ æрæвардта. Лæг сæ хæдзарæмæ æнафони ку ’рбацудæй æма уоси фарсмæ гъæццоли буни къуппæй ку рауидта, уæд æй цума арв ниццавта, уой хузæн ниссах æй. Æбуалгъ гъудитæй райдзаг æй æ сæри зунд. Уайтæккæ раскъафта гъæццол. Æма… Æ уоси фарсмæ лалун ку рауидта, уæд фæккуддæр æй.

– Айæ ци ’й? – не ’ууæндтæй æнхæстæй æ цæститæбæл.

– Дæ хуæдæййевæг. Ци уæлдай уи ес? Дæу хузæн хур-хур уæддæр нæ кæнуй…

Нæ рагфидтæлтæй нæмæ ци зундамонæн зæгъдтитæ æрбахъæрттæй, уонæй еу æй: «Бийнонти кадæ сæмæ æхе æгъдауæй нæ цæуй, архайун ибæл гъæуй!..» Æма уой фæдбæл сæйрагдæр архайæг исунцæ, куд лæг, уотæ уосæ дæр – еугæр нимад æнцæ хæдзари æмбарæ сæрбадæнгæнгутæбæл, уæд гъæуама æмхузæн ихæсгин уонцæ бийнонти хуарздзийнадæбæл архайунæй. Хуцау дæр сæ еумæ хумæтæги нæ исфæлдиста, æма син еумæйаг бийнонти хузи сæ карнæ ку исеу кæнуй, уæд гъæуама æмзунд-æмвæндæй аразонцæ сæ еумæйаг цардвæндаги хабæрттæ, кæрæдзей лæдæронцæ æма нимайуонцæ, кæрæдземæн бухсонцæ… Уой фæдбæл дæр уин ракæндзинан мæнæ ауæхæн таурæхъ:

Хуцау дуйнебæл фиццаг лæг Адами ку исфæлдиста, уæд æй дзенети дзæхæрай æрцæрун кодта. Æхуæдæг уæларвмæ фæттахтæй. Адамæн алцидæр фагæ æма уæлдайгинтæй адтæй дзенети дзæхæрай, фал Адам мæтъæл кодта.

Еууæхæни Хуцау бабæрæг кодта Адами æма ’й фæрсуй:

– Дæ цард дæ зæрдæмæ куд цæуй, Адам?

– Æнкъард мин æй еунæгæй, – багъенцъун кодта Адам.

Хуцау Адами бафунæй кодта, æ фæрскъитæй ин еу исласта æма си дуйнебæл фиццаг силгоймаг Еви исаразта. Уæдта Адами райгъал кодта æма сæ еумæ ниууагъта.

Рæстæг рацудæй, æма Хуцау исфæндæ кодта: «Цæуон æма мæ исфæлдист адæймæгути бабæрæг кæнон».

Æртахтæй зæнхæмæ. Кæсуй æма Адам тухст æма фæлладæй бадуй. Хуцауи ку рауидта, уæд бацийнæ кодта æма си коруй:

– Дæ хуарзæнхæй, Евæй мæ фæййервæзун кæнæ, истухстæн æ дзæнгæдайæй, æ бостæ æма тæргæйттæй. Нæ мæ гъæуй уæхæн æмбал. Еунæгæй мин хуæздæр адтæй.

– Хуарз, – загъта Хуцау æма Еви æ хæццæ ракодта.

Рацудæй еуцæйбæрцæдæр рæстæг, æма бабæй Хуцау зæнхæмæ æртахтæй. Адам дзенети дзæхæрай еу къуми мæтъæлæй бабæй бадуй.

– Дæ цард куд цæуй, Адам? – фæрсуй æй Хуцау.

– Радтæ мин фæстæмæ Еви. Æ хæццæ мин зин цæрæн æй, фал æнæ уомæй дæр нæ фæразун, – æфсæрмигæнгæй загъта Адам.

КАДЖАТИ Вадими конд хузæ.

Равардта Адамæн Еви Хуцау. Æма абони дæр ма лæг æма уосæ кæрæдзей хæццæ дæр нæ фæразунцæ, хецæнтæй дæр нæ бухсунцæ.

Уогæ силгоймагæн æ зундгиндзийнадæ уомæй дæр рабæрæг уй, æма лæгæй бухсагæдæр æма хебæлхуæцгæдæр ку разиннуй, уæд. Кæддæр газеттæй кæцидæри мухургонд æрцудæй еу силгоймаги финстæг æма си уотæ имиста: «Махæн, æ кизгуттæн, нæ мадæ уотæ дзоридæ:

– Бийнонти амонд, лæг бустæги цъамар æма расуггæнагæ ма уæд, æндæр ба уосæй аразгæ ’й. Бийнонти царди зундгин е нæй, æхе фæндæ ратæрунбæл ка ниддæвдæг уй, фал афойнадæбæл исарази унмæ ка исарæхсуй. Листæг миути алкæддæр хатир кæнетæ. Листæг миутæ нæ ’нцæ уой аккаг, цæмæй уони фæдбæл дзансахъ кæнун райеудагъ уа…»

Нæ мадæ нин хумæтæг æма зундгин фæткитæ уотид нæ амудта, фал æхуæдæг дæр уонæмæ гæсгæ цардæй. Æма, æвæдзи, уомæ гæсгæ, нæ бийнонти цард адтæй амондгун… Абони махæй алкæмæн дæр ес æхе бийнонтæ, æхе цæуæт… Æма, нæ мади амунддзийнæдтæмæ гæсгæ ке цæрæн, уомæ гæсгæ бийнонти амондæй æнхæст ан…»

*  *  *

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн зундгин загъд: «Бийнонтæ фæйнердæмæ ку хуæцонцæ, уæд сæбæл цардамонд дæр нæ цæфсуй!..» Æма уой фæдбæл нæ адæмон исфæлдистади иссерæн берæ цæмæдесаг дæнцитæ – етæ расагъæс кæнунæн дессаги бæзгæ фæрзнитæ ’нцæ.

*  *  *

Дæ зæнæг дин сæринез цæмæй ма уонцæ, уой туххæй ба сæ сабийи карæнæй ахур кæнун гъæуй хуæрзæгъдаубæл. Ку рабайлæгъ уонцæ, уæдта, нæбæззуйнагæй сæмæ ци рагъæр уй, уомæй ма сæ фендæрхузæн кæндзæнæ? Магъа-магъа, ести ма си рауайа? Уомæ гæсгæ ба дæ сувæллони раст гъомбæладæбæл рагацау байархайæ, мæнæ уин ци лæги хабар ракæнуйнаг ан, уой хузæн.

Еу уосæ, дан, æ сувæллони нæмуй, хуайуй æй, уæд æй æ синхаг фæрсуй:

– Уанæбæрæг ци фудмиуæ ракодта, фурнадæй æй цæмæн марис?

– Тукан мæ ’й æрветун æма цæмæй е ’хца ма фесафа…

– Нурма е ’хца æхемæ ку ’нцæ, уæд æй цæмæн уотæ нæмис?

– Æма сæ ку фесафа, уæд ма æ нæмун ци пайда æй? – дзуапп равардта силгоймаг.

*  *  *

Еци уоси хузæн идæрдтæмæ кæсун гъæуй, рагацау архайун гъæуй, цæмæй дин дæ цæуæт зæрдæнцойнæ хæссæг исуонцæ. Цæмæй си ма рауайа, мæнæ уин идарддæр ци фуртти кой ракæнуйнаг ан, уони хузæнттæ.

*  *  *

Æносæй-æносмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ адæммæ алкæддæр карз æма федар æвæрд адтæй æнæфæккеугæ æгъдау: хестæри загъдбæл дууæ зæгъæн нæ адтæй. Хестæр дзоруй – ма ’й бахъор кæнæ, мацæмæй æй бафæрсæ, цалинмæ дзурд фæууа, уæдмæ. Мадта имæ фæстæмæ дзорæн дæр нæ адтæй. Адæймаг гъæуама адтайдæ федар иуонгтæ æма æнæ азун уоди хецау.

Еци æгъдау цæйбæрцæбæл ахсгиаг адтæй нæ фидтæлтæн, уомæн æвдесæн æнцæ, уонæй нæмæ ка æрбахъæрттæй, еци хабæрттæ. Сауæнгæ ма цæрæгойти цардиуаги туххæй таурæхъти дæр, цæмæй етæ дæр адтайуонцæ зундамонæг.

*  *  *

Нæ фидтæлтæмæ бийнонти ’хсæн ци гъомбæладон æгъдæуттæ адтæй, уонæй беретæ абони дæр æнцæ ахсгиаг. Етæ ’нцæ, мах адæми зундирахасти фæткитæмæ гæсгæ адæймагмæ ци менеугутæ гъæуама уа, уæхæнттæ. Зæгъæн, хестæрæн æ загъдмæ игъосун, æ фæдзæхститæ ин æнхæст кæнун, кадæ кæнун, хуæдæфсармæ ун, кустуарзондзийнадæй æскъуæлхун æма æндæртæ. Хуарз уидæ, еци рæсугъд æгъдæуттæ федарæй-федардæр ку кæниуонцæ, уæд.

Бийнонти цардарæзт ка бахъор кæна, уæхæн тæссагдзийнæдтæ берæ ’нцæ. Уонæй еу – мулк син æгæр унаффæгæнæг ку исуй. Дзубанди дæр ибæл нæййес, мулк дæр гъæуй – фал бæрцæй, гъæуама æ цагъайраг ма исуай. Æма уотæ ку рауайа, уæд бийнонти карнæ додойаг исуй.

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.