27 декабря 2024

ХУÆНХТИ МИНÆВÆРТТÆ

13.07.2024 | 21:48

ХЕЦÆН СКЪУДДЗÆГТÆ РОМАНИ ДУККАГ КИУНУГÆ «ГÆДЗÆ»-ЙÆЙ.

Зундгонд куд æй, уотемæй аци анз бæрæггонд цæуй нæ адæми зæрдæбæлдаргæ  бæрæгбæнттæй еу –  Иристон Уæрæсей хæццæ ку байеу æй, уобæл æнхæст кæнуй 250 анзи. Еци ахсгиаг æма цардарæзт рæстмæгæнæг цауи фæдбæл ци берæ аллихузон наукон, публицистикон æма аййевадон æрмæгутæ финст  æрцудæй, уони ’хсæн зингæ бæрæг бунат ахæссуй Цæгат Иристони адæмон финсæг Цæголти Василийи (1921-2004) номдзуд роман «Хуæнхти минæвæрттæ». Уордигæй айразмæ номерти рамухур кодтан скъуддзæгтæ. Абони дæр си кæсетæ еума хай.

 

Габо æ фидæмæ кæсунæй нæбал æфсастæй. Æнзти бон ин неци бацæй. Фиццаги хузæн адтæй бæрзонд, хуæрзконд. Æ халас сæри гъунтæ ку нæ адтайуонцæ, уæд никки æригондæр зиндтайдæ. Еудадзугдæр дардта сау цохъа, фунукхуз курæт, бæрзонд салин зæнгойнитæ, уорс нимæтходæ. Хаттæй-хатт фуртæй райронх уидæ, аци къæсхуртæ, сагсоргомау хуæнхаг лæг ин ци бауй, е. Даргъгомау тæнæг губур фий, æлхъивд билтæ, тагъднигулагæ цæститæ саулагъз хуæнхагæн лæвардтонцæ хевæндæ æма нифсгун æнгас.

– Сауæдонæмæ зелун нин нæ рагфидтæлтæ ниффæдзахстонцæ,  – дзæвгарæ рæстæг  сабурæй ралæууни фæсте исдзурдта фидæ. – Мадта!.. Не ’гъдæуттæ махæн æнцæ, нæ уодти æдонуг сæттунæн уоди хуасæ кæцæй ниуазæн, еци сауæдонæ.

Гадæгко ци зæгъуйнаг æй, уой Габо уайтæккæдæр балæдæрдтæй: Бæзайæй арази нæй, фал æй æргомæй ба цæмæдæр гæсгæ нæма зæгъуй.

Фурт еу гъуддагæй тарстæй: æгæр ку батагъд кæна æма фæсмойнаг ку фæууа. Æгъдæуттæ фидтæлтæй байзадæнцæ æма сæ цæстигагуй хузæн гъæуай кæнун гъæуй. Куд кæдзосæй дæмæ æрбафтудæнцæ, идарддæр дæр сæ нæуæг фæлтæртæмæ  уотæ кæдзосæй радæттун гъæуй, кенæдта дæ ирон некебал хондзæнæй.

– Цæмæй фид ма исæсмаг уа, уой туххæй æй цæнхæй байсæрдун гъæуй, фал цæмæй цæнхæ ма фесæфа, уомæн ба неци хуасæ ес, – æ гъудитæ дзурдта фидæ. Уомæй гъæуама æ фуртæн балæдæрун кодтайдæ, Бæза хъæбæр ке фæррæдудæй æма си уой фудæй ба æнæгъæнæ гъæубæстæ дæр еуварс ке разилдæнцæ.

Тургъи рæбуйнаг къумæй фæстæмæ раздахтæй æма æ фуртмæ нимдзаст æй, цума ’й фæндадтæй, æ фурт ин æ зæгъуйнæгти медгъуди балæдæрдтæй æви нæ, уой базонун. Æнæдзоргæй еу усмæ ралæудтæй, уæдта тургъи дууердæмæ рацо-бацо кæнун байдæдта, æма ’й еу иннемæй уæззаудæр сагъæстæ сæ буни искодтонцæ. Бæза зундгин æма зæрдæдаргæ лæг адтæй. Æ цъухбæл хуæцун фæразта, æндæра ибæл Еба нæ баууæндтайдæ. Фал фæррæдудæй: фесинмæ надбæл радзæгъæл æй, иннетæ ци зæгъдзæнæнцæ, уой нецæмæбал æрдардта. Æма е ба фауйнаг куд нæй!..

– Сауæдонæ ка нæ гъæуай кæнуй, е æхебæл дæр нæ ауæрдуй æма фæстагæнттæбæл дæр, – æ дзубанди фæцæй фидæ.

Габо сагъæсти уацари бафтудæй: æ фидæ дæр Гагудзи фарс ма уæд? Æма Бæза æ фудбæл ку басæтта, уæдта? Ниххатир ин кæндзæнæнцæ? Некæддæр!.. Захъайæгтæ Гагудзи цъухæй дзорунцæ, æууæндунцæ ибæл.

– Нæ синхон гъæубæсти фæндæ нецæмæ æрдардта. Сосæггай уосæ ракурдта. Уой æз дзорун, арази дæн мæ къох имæ раттун, фал нæ хестæр Гагудз ба æ кой искæнун дæр нæ уадзуй. Æ нихмæ исдзорун ба неке æндеуй. Исон ба ’й иннæ дæр бафæнздзæнæй, æ сæрмæ æрхæсдзæнæй уæхæн миуæ исаразун, æма уотемæй ирæнтти ирæнттæ некебал хондзæнæй.


ÆМЗУНД-ÆМВÆНДÆ АДÆМ ÆНÆБАСÆТТОН ÆНЦÆ!..

Уæрæсей Федераций Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат-Кавказаг Федералон зилди Юрий Чайка: «Фудзæрдæ нæмæ ка даруй, етæ уотæ æнгъæл æнцæ, æма нæ æмдзæуингæнæг берæ адæмихæттитæй алкæмæн дæр æ цардархайд æй айдагъдæр æхецæн. Фал истори ирдæй-ирддæрæй равдиста уой, æма гъуддаг æцæгæй ба бустæги æндæрхузон ке æй – нæ Райгурæн бæстæн æ тæккæ уæззаудæр рæстæгути нæ хестæртæ æма абони кæстæр фæлтæртæ Фидибæсти сæрбæлтау сæ цард дæр ке не ’вгъау кодтонцæ æма кæнунцæ, уой. Цæгат Иристон берæ бæгъатæр тугъдонтæ æма хъайтартæ балæвар кодта нæ бæстæн, зундгонд ахургæндтæ æма финсгути, аййевади дæснитæ æма æхсæнадон архайгути, æ кæдзос фæллойнæй нæ Райгурæн бæстæн кадæ ка искодта, уæхæн адæймæгути. Æхцæуæн æй, абони дæр иристойнæгтæ зæрдиагæй ке архайунцæ нæ еумæйаг æхсæнадон фарстатæ æнхæст кæнунбæл, экономикæ æма социалон къабæзти аллихузон агъазиау проекттæ æнхæст кæнуни гъуддæгути…»


Габой цæсгон ранцъулдтæ ’й: Хуцау ма зæгъæд Бæзай бунати равзурун. Еухатт æй Дзиу адæми астæу ирон адæми ходуйнаггæнæг исхудта, фал си еуей цъухæй дæр дзурд не ’схаудтæй. Раст зæгъун гъæуй, Бæзай кой дæр сæмæ некæдбал рауадæй, цума игурд дæр нæ адтæй, уой хузæн сæхе дардтонцæ. Еци хабар æ гъостæбæл ку ’рцæуидæ, уæд фæстæмæ Захъамæ нæбал раздæхидæ. Цийфæнди ку уа, уæддæр æндæр еске дæр нæ раздахидæ, уомæн æма еци раздæхт цитæ расайдзæнæй, уобæл айдагъ рагъуди кæнунæй дæр адæймагбæл резæнгæ бафтуйуй, хуæздæр бæргæ уидæ æма Габо Хъæзлармæ кирæ ласгути хæццæ ку фæццæуидæ æма Бæзайæн уавæр ку бæлæдæрун кæнидæ.

–  Æви иннетæй зундгиндæр æй? Фæууæд уотæ дæр, фал ин æ цæуæти ба ци ’рдигон хондзæнæнцæ? Уруссæгтæ? Æви ирæнттæ? Нæ тог  нин исхæлæмулæ кодта… Уомæн нифс гъудæй… Æви æдзæсгомдзийнадæ…

Гадæгко æ фурти хæццæ уоййасæбæл нæ дзурдта. Æ дзубандитæ хъæбæрдæр æхемæ хаудтæнцæ. Фæндадтæй  æй циуавæрдæр бæлвурд гъудимæ æрцæун. Рæстзæрдæ адæймаг ке æй, е си федарæй æруагæс кодта, уомæ гæсгæ ба архайдта Бæзай балæдæрунбæл æма гъæугæ унаффæ рахæссунбæл. Е ’мгъæуккæгтæ ин тæрхон æгæр тæвдхæлæфæй рахастонцæ. Бæзайæн  æхецæй берæ аразгæ адтæй. Фал иннæ захъайæгти хузæн хевæндæ разиндтæй æма гъуддаг бахузæнон кæнунæн неци исаразта. Кæд, миййаг, сæудегергæнæги  кизгæ ке ракурдта, уомæй еугур ирон адæмæн дæр ести хуарздзийнади бацæунмæ гъавуй? Ка ’й зонуй, уæдта уомæй нæмæ уруссæгтæ дзæвгарæ фæххæстæгдæр æнцæ? Зурапп дæр уобæл ку архайуй.  Еци  гъуддаги сæрбæлтау ку равзурстонцæ уæхæн даргъ над, ку ранæхстæр æнцæ нæ хуæнхбæсти минæвæрттæ сæ дæргъвæтийнæ æма тæссаг надбæл…

– Нæ, цийфæнди бæрзонд хуæнхти фæсте дæр нин нæййес нæхе баримæхсæн,  – дзурдта идарддæр Гадæгко. – Гагудз уомæй тæрсуй, æма хæстæгути тог ку исхæлæмулæ уа. Уомæй фæййервæзун ба ирæнттæн ци хузи гъæуама бантæса – бавзарай думгæ дæ къохтæй æрахæссун.

Цума Гагудзмæ цæмæн уотæ кæсуй, æма нарти фæстагонтæ сæхе хузæн нæбал уодзæнæнцæ, исæндæр уодзæнæнцæ? Еба æма Зураппæн цæйбæрцæ фæдздзурдта, Петербургмæ ма цотæ, зæгъгæ… Æви, Турки  дæлбарæ ку бахауæн, уомæй нæ тæрсуй? Нартæн уотид сæ номæй дæр ку ризтæнцæ, еци рæстæгутæ ке райевгъудæнцæ, е имæ цæмæннæ гъаруй? Уруси хæццæ хæстæгдзийнадæ бакæнуни ходуйнагæй неци ес. Етæ ’нцæ нæ ервæзунгæнгутæ. Гъæути нæлгоймаг ефстагæй уæлдай, ку нæбал байзадæй, уæд тохæнгарз ка райсдзæнæй? Бæза хъæбæр раст бакодта: алли гъæуæй дæр еу гал раскъæруни бæсти дин си алкæмидæр еу æрдхуард уæд.

– Хъæзларæй нæмæ Бæзай хабар ку исигъустæй, уæдæй нурмæ уобæл гъуди кæнун. Нæ синхонмæ нæ фидтæлти тогæй цидæр ке ес, уой дин æз зæгъун, – æнæнгъæлти фегон æй зæронди гъуди. – Æ рæстдзийнадæ лæдæрдтæй æма дзæгъæл дзæнгæдай бæсти сабурæй æ гъуддаг бакодта. Æ гъæуккæгти тæрхон нецæмæ æрдардта. Æцæг еу рæдуд æруагъта: медæгмоймæ цæун сæрмæ æрхæссуйнаг нæ адтæй. Уæдта уосгортæ дæр нæ барвиста. Æ киндзæхсæвæрæй фæндури цагъд нæ райгъустæй.

– Дзубанди ин нæ ниххатир кодта, – исдзурдта фурт. – Æви ди феронх æй?

Еци загъд ци амудта, уой фидæ балæдæрдтæй: «Нихæси адæм Хуцауæн æхецæн дæр нæ ниххатир кæндзæнæнцæ, рæстдзийнадæ ин комкоммæ зæгъдзæнæнцæ…»

– Неци ми феронх æй. Æз æма Сафарбий неци загътан. Къохтæ косунæн æнцæ, сæр – сагъæс кæнунæн. Уоми æгириддæр хуарзæй неци ес. Фал Гагудз уотæ нимайуй æма иннети дæр еци зундбæл ниллæуун кодта. Æз ба дин ци зæгъун, уой зонис? Уæхæн бон ралæудзæнæй, æма Бæзай ном дзорун дзиуари номи хузæн кæд имисдзæнæнцæ. Нæхемæ æрбахонун афонæ ин æй, æнæнгъæлти фæккæрон кодта æ дзубандийæн Гадæкко.

Æ зæгъуйнæгтæ бафедар кæнуни туххæй ма сæмæ бафтудта:

– Фæстагонтæ махæй зундгиндæр уодзæнæнцæ. Бæзайæн аргъ искæнун базондзæнæнцæ. Мæ нимадмæ гæсгæ, уæхæн адæймагæй нæ фидтæлтæ дæр сæрустур адтайуонцæ. Баруагæс ди уæд…

* * *

Иристон Уæрæсей хæццæ байеу унбæл аци анз 250 анзи ке ’нхæст кæнуй, уомæ гæсгæ ба нæ зæрди ес идарддæр дæр ма нæ равгитæмæ гæсгæ Цæголти Василийи роман «Хуæнхти минæвæрттæ»-й хецæн скъуддзæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ мухур кæнун.

ЦÆГОЛТИ Василий