18 октября 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ.

13.07.2024 | 22:07

ÆМВÆНДÆЙ АРХАЙД ФАРНÆ ХÆССУЙ

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн рæстæгæй-рæстæгмæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти  хæццæ ци сæрмагонд фембæлдтитæ фæууй, уонæй бабæй еу арæзт æрцудæй æрæги, дæсæймаг июли. Уой райдайæни республики разамонæг æ радзубандий уой баханхæ кодта, æма абони уавæрти уæлдай сæйрагдæр æй, цæмæй хецаудзийнадæ æма  дзиллæ дæр æмархайæг уонцæ – куд æнгондæр уæн, уотæ нин фулдæр æнтæсдзæнæй нæ цардарæзти хабæрттæ гъæугæ хузи аразунæн. Æнæмæнгæ райаразуйнаг гъуддæгутæ ба нæмæ берæ ес. Æма уонæй берети фæдбæл цудæй гъуддагон дзубанди, мæнæ ци мадзали кой кæнæн, уоми дæр. Æрмæг кæсетæ 2-аг фарсбæл.

ЦИТГИН КÆНÆН НÆ КАДГИН БÆРÆГБОН

Иннæ анз нæ Фидибæстæ, дуйней рæстзæрдæ дзиллитæ бæрæг кæндзæнæнцæ – нæ Цитгин Уæлахези цуппаринсæй анзей кадгин бæрæгбон. Уой фæдбæл мах дæр идайæн нæ газети сæрмагондæй æрмæгутæ мухур кæнун. Еци ахсгиагæй гъæугæ гъуддаг ба рагацау уомæн идайæн, цæмæй нин бантæса нæ Уæлахези агъазиаудзийнадæ, нæ намусгин тугъдонти хъазауатонæй тох берæвæрсугæй æма æнхæстдæрæй бавдесун.

Абониккон номери си цалдæр кæсетæ 3-аг æма 6-7-аг фæрстæбæл.