19 сентября 2024

АХУРАДИ РАЙРÆЗТÆН

27.07.2024 | 21:08

Цæгат Иристони аци анз бавналдтонцæ 26 еумæйагахурадон скъолай бундорон цалцæгмæ (уонæй 6 гъæуама исцæттæ уонцæ аци анз, 20 ба иннæ анзи). Еци куститæ æнхæстгонд цæунцæ сæрмагонд паддзахадон программæ «Ахуради ирæзт»-и фæлгæти. Аци гъуддаги фæдбæл фарста уотæ æвæрд цæуй, цæмæй, куд гæнæн æма амал ес, уотæ тæккæ цубурдæр æмгъудтитæмæ æнхæстгонд æрцæуонцæ сахайраг æма гъæуккаг скъолати бундорон цалцæги куститæ, цæмæй райарæзти нисангонд куститæ минкъийдæр батухсун кæнонцæ ахургæнгутæ æма съоладзаути.

Куд зонæн, уотемæй еумæйагахурадон скъолати цалцæги программæ Цæгат Иристони æнхæстгонд кæнун райдæдта 2022 анзи. Уæдæй нуриуæнгæ республики бундорон цалцæггонд æрцудæнцæ 66 скъолай.