19 сентября 2024

НÆ АДÆММÆН ФАРНÆХÆССÆГ!..

03.08.2024 | 14:03

Зундгонд куд æй, уотемæй 2013 анзæй фæстæмæ нæ бæсти 1 августи бæрæггонд цæуй, Фиццаг дуйнеуон тугъди будурти ка фæммард æй, еци уæрæсейаг тугъдонти имисæн Бон. Еци бон цитгинæй бæрæгкæнуйнаг æй махæн Иристони дæр, уомæн æма еци тугъди архайгæй не ’мзæнхонтæй беретæ сæ цард иснивонд кодтонцæ Уæрæсей сæрбæлтау. Уой фæдбæл нæ газети айразмæ номери ниммухур кодтан, еци тугъди не ’мзæнхонти архайди туххæй æрмæг. Абони ба ма мухур кæнæн еума æрмæг – еци тугъди архайæг Темурхъанти Гаврили фурт Сослани (Ваной) туххæй уац.

Æ цардвæндаг кæд æгæр цубургомау рауадæй, уæддæр æнхæстæй-æнхæстдæр иссæй агъазиау æма арфиаг гъуддæгутæй. Паддзахи æфсади афицер уогæй, е ’фсæддон служби æма фæстæдæр æ рохситауæн æма æхсæнадон архайди рæстæг дæр æ уоди фæгъгъæуай кодта ирон лæги еугур фæнзуйнагдæр æма бæллеццагдæр менеугутæ.

Æ еугур хъауритæй дæр архайдта нæ фидтæлти культурæ æма историон бунти хæццæ нæ адæми хуæздæр базонгæ кæнунбæл, уæдта еци хæзнатæ æмбурд æма гъæуай кæнунбæл.

Сослани рохситауæн архайд иссæй агъазиау æма ахедгæ байвæрæн бахаста нæ адæми национ хелæдæрунадæ æма уодварни ирæзти гъуддаги.