21 ноября 2024

КÆСТÆР АРФИАГ ГЪУДДÆГУТÆЙ ФЕДАУЙ!..

10.08.2024 | 23:36

Æртæ боней дæргъи (6-9 августи) Дигори райони пансионат «Уорсдон»-и æ куст ка кодта, еци сæрдигон студентон фембæлд «Æригон»-и архайгутæ иссæнцæ Цæгат Иристон æма Хонсар Иристонæй æндæр регионти уæлдæр ахургæнæндæнтти ка ахур кæнуй, еци фæсевæд. Не ’мзæнхон цардбæллон кизгуттæ æма лæхъуæнттæ – дæс æма астинсæйемæй фулдæрæй – æрæмбурд æнцæ аци алæмæти цæмæдесаг æрдзон рауæни, цæмæй ма никки фулдæр бундорондæрæй базононцæ сæ райгурæн Иристон, нæ фидтæлтиккон цаутæ æма хабæрттæ, æгъдæуттæ æма фæткитæ, кæрæдзебæл еузæрдиуондзийнадæй фехцулдæр уонцæ.

Аци агъазиау фæсевæдон мадзал цæмæдесаг иссæй, берæ аллихузон рохситауæн лекцитæ, хеирæзти тренингтæ, командитæ аразуни мадзæлттæ, республики ирæзти сæйраг рахуæцæнти проектон куститæй æнхæст ке адтæй, уомæй. Сæйрагдæр нисанеуæг ба уæддæр адтæй, цæмæй, сæ уарзон бæсти æрдзи цардгъонгæнæг уæлдæфæй уолæфгæй, фæсевæдæн сæ уодиконд гъæздугдæр кæна кæдзос гъудитæ æма бæлдитæй, алли сахарти æма гъæути цæрæг æригæнттæ кæрæдзей хуæздæр лæдæронцæ æма æрбайеу уонцæ арфиаг гъуддæгути сæрбæлтау архайди. Нæ еумæйаг фидиуæзæг Иристони цардиуаги еугур фæззелæнтæ æма равналæнтæ бæлвурдæй базонгæй, æ анзфинсти намусдзийнадæ æма æ бæгъатæрти кадæй сæрустур уогæй, сæ размæ æвæронцæ аккаг нисантæ æма сæмæ разæнгардæй тундзонцæ.

Мадзали архайгути бабæрæг кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хъæбæр зæрдиагæй ин байгъустонцæ æ радзубандимæ. Уæлдай æхцæуæн ба син е адтæй, æма  уотæ ке загъта:

– Аци слет æй фиццаг, фал фæстаг нæ уодзæнæй. Гъæуама æ исконди арæнтæ фæппарахатдæр кæнæн. Цæгат Иристони нæмæ форумтæ кæнуни программитæ нæййес, фал берæ регионти мах уæхæн хузи райдæдтан аразун экономикон, фæсевæдон форумтæ. Фæстæдæр федералон зилдти æма федералон форумтæ иссæнцæ. Мах нæ фæсевæди æрæмбурд кодтан, уомæн æма етæ ’нцæ нæ исонибон. Æма нæ исонибон ба гъæуама уа рохс, ирд, зæрдæмæдзæугæ, гъæуама нæ кæстæртæ ирæзонцæ дзæбæхдзийнæдтæй хайгин уогæй, æнтæстгинæй размæ цæуонцæ. Ку зæгъун, ку уæ бафæндæуа, уæд аци фембæлди арæнтæ фæппарахатдæр уодзæнæнцæ.

Аци мадзал исаразунбæл ка байархайдта, етæ бацæттæ кодтонцæ гъæздуг программæ, хаст имæ ’рцудæнцæ, зæгъæн, номдзуд адæймæгути хæццæ фембæлдтитæ, аллихузон исфæлдистадон гъуддæгути арæхстдзийнæдтæ равдесуни фадуæттæ æма ма берæ æндæр гæнæнтæ. Фæсевæди хæццæ ма фембалдæнцæ Паддзахадон Думи депутат Сергей Бурлаков, Уæрæсей Президенти размæ адæмон хæдзарадæ æма паддзахадон служби Академий ректор Алексей Комиссаров, аллианзон фæсевæдон форум «Машук»-и зонундзийнæдти центри генералон директор Антон Сериков, номдзуд политолог Сергей Маркедонов, нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади Администраций разамонæг Гобети Ибрагим, æригон актрисæ Плити Николь, Уæрæсей Банки Цæгатиристойнаг хайади хецау Дзиуати Иринæ. Сæрмагонд æфсæддон операций ка архайдта, еци тугъдонти хæццæ дæр син адтæй зæрдтагон фембæлд. Мадзал исаразгутæ ма бацæттæ кодтонцæ Фидибæстæ уарзун æма ибæл æновуд ундзийнади зартæгæнгути патриотон конкурс «Уæлахези фæдонтæ».

Æригæнттæ ма архайдтонцæ дорин дзаумæуттæ кæнуни, цари кусти, гъæдæбæл нивæфтудтæ кæнуни гъуддаги. Сæ арæхстдзийнæдтæ æвдистонцæ нæ национ къеретæ кæнуни, тохæндзаумауæй æхсуни, тактикон медицини дæр… Цæмæй фембæлди программæ æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудайдæ, уоми æ исаразгутæн зингæ фæййагъаз кодта нæ республики Хецауадæ, сæ размæ æрбалæудтæнцæ «Машук»-и зонундзийнæдти центри, уæрæсейаг æхсæнадæ «Зонундзийнæдтæ»-йи æма Мæскуй дуйнеуон рахастдзийнæдти паддзахадон институти специалисттæ.