«МÆ ДЕДЕНÆГ ГЪÆУБÆСТÆ, КУСТУАРЗОН ЛЕСКЕН…»
Сæргондæн ци рæнгъæ ниввардтан, уой райстан лескейнаг хъиамæтгун лæг æма хуæдахур поэт Цъеути Замæдини финст «Лескени зар»-æй. Уой дæр уомæн, æма Лескен, æцæгæйдæр, кустуарзон гъæубæстæ ке ’й, е Иристони хуарз зундгонд æй. Æркæсайтæ алли рæстæгути газеттæмæ, æма си æнæмæнгæ иссердзинайтæ лескейнæгти хъазауатон фæллойни туххæй æрмæгутæ. Уонæбæл кæрæй–кæронмæ дзоруни равгæ нин газети еу номери нæййес, уомæ гæсгæ ба мухур кæнæн хецæн фæллойнæгæнгути къартæ. Уонæн сæ еугурей исбæлвурд кæнун нин нæ бантæстæй, уомæ гæсгæ нæ зæрдæ дарæн, гъæуи цæргутæй сæ ка бафæсмæра, етæ нин сæ фегъосун кæндзæнæнцæ æма сæ, ка ’й зонуй, нæуæгæй ниммухур кæндзинан. Хъиамæтгун адæм адтæнцæ æма сæ фæлтæрæй–фæлтæрмæ гъæуама зононцæ нæ дзиллæ.
Аци фæрстæбæл ци къартæ мухур кæнæн, уони нин равардтонцæ гъæуи цæргутæ.