19 сентября 2024

ЦИЙНИ БОН БУДУРИ ДÆРГЪÆВСИ

24.08.2024 | 16:23

КАДЖАТИ Вадими конд хузæ.

Гъæуи цæргути æмбурд уоййасæбæл берæ нæ рахаста. Ревкоми сæрдар Баймæтати Агубекир фегъосун кодта, зæгъгæ, нæ бæсти нæуæг Конституцимæ гæсгæ Цæгат Иристон иссæй автономон облæст Уæрæсей Федераций исконди. Агубекирæй нæ феронх æй сæрмагондæй уой дæр баханхæ кæнун, æма Иристони хузæн минкъий адæмтæн уæхæн устур бартæ лæвæрд ке æрцудæй, е сæ хецæнтæ ке нæ кæнуй, Октябри революци син ци урух нæдтæ байгон кодта, уонæбæл æдзæстхезæй сæ амондгундæр исонибонмæ цæунæн син уæхæн хуæдбарæдзийнади фæрци лæвæрд цæуй никки агъазиаудæр равгитæ æма фадуæттæ, Иристони хузæн минкъий адæмихæттитæн ке æрцудæй сæ цард сæхе фæндæуагæ, сæхе хъауритæй аразуни догæ.

Еци устур цийни бонбæл Иристони фæллойнæгæнгутæ куд исæмбалдæнцæ, уой æхе цæститæй ка нæ фæууидта, уомæн, ка ’й зонуй, еуцæйбæрцæдæр зин балæдæрæн æй адæми игъæлдзæгдзийнадæ еци цауи фæдбæл. Зæгъдзæнæн, Будури Дæргъæвси хузæн фæрсаг æма идæрдтаг гъæу Цæгат Иристони автономий хабарбæл куд хъæбæр цийнæгæнгæй исæмбалдæнцæ, уой туххæй.

– Ци адтан, уой нæбал ан!.. Нур мах ан сæребарæ фæллойнæгæнгути сæребарæ автономон паддзахадæ!.. Мæ хортæ, кæд размæ цæуйнаг ан, уæд нæ хъаурæ æма нæхуæдтæ!.. Размæ нæ хъаурити æмбæрцæ цæун куд фæразæн, уомæн нин еугур фадуæттæ дæр равардта Советон хецаудзийнадæ. Мадта размæ, нæ рохсдæр æма амондгундæр цардмæ! – уæхæн зæрдтагон дзубандитæ ахидæй-ахиддæр игъустæнцæ цийни фæдбæл æмбурди.

Раст зæгъун гъæуй, адæми сæрмагондæй неке æмбурд кодта. Гъæуи разамунд изæрмæ иснисан кодтонцæ æмбурд, гъома, адæми сæ куститæй куд нæ багъигæдарæн, зæгъгæ. Фал цийни хабар ка куд игъуста, уотæ къуæрттæ-къуæрттæй цудæнцæ скъолай тургъæмæ, сæ еумæйаг æмбурдтæ кæми фæуунцæ, уордæмæ, æма гъæуи цæргутæ рæфтæй дæр раздæр еугурæй дæр æрæмбурд æнцæ уордæмæ. Уомæ гæсгæ ба гъæуи разамунд дæр сход игонбæл банимадта. Баймæтати Агубекир цубурæй, фал бæлвурдæй ку фегъосун кодта, Иристонæн автономон облæсти ном лæвæрд ке ’рцудæй æма автономи ци ’й, уой, уæд уобæл æмбурд фæцæй. Фал адæм, иннæ гъæууон æмбурдти куд уидæ, уотæ уайсахат нæ фæххæлеу æнцæ. Æмбурд гъæууон скъолай адтæй, æма уоми кълæсти, тургъи алли къумти фæкъкъуæрттæ уогæй, адæмæн сæ медастæу аллихузон дзубанди байеудагъ æй.

– Гъей, хуарз адæм! – рагъæр кодта скъолай тургъæй Мукагъати Мулкк. – Уæ хуарзæнхæй, ами ка ес, етæ уæ еугурдæр, ами ка нæй, уонæй ба сæ хæдзари ке иссерайтæ, уони дæр уæ хæццæ райсетæ æма мæ хæдзари куд исæмбæлайтæ хорнигулди размæ, уотæ. Аци устур бони номбæл æз æвгæрдун гал!..

Мулкк адтæй рæстæмбес цæрæг, фудхузтæарæзт, фал цурд æма кустуарзагæ лæг. Уарзта кæддæриддæр адæми, адтæй кæрдзиндæттон æма ин гъæубæсти медæгæ æхецæн дæр уæхæн дзуапп лæвардтонцæ. Зудтонцæ ’й, колдуарбæл дæр ка нæ цудæй, уæхæн дууæ стъараполаг гали имæ ке адтæй, уой дæр. Æма си еуей равгæрдун ке исфæндæ кодта, еци хабарбæл куд нæ баууæндтайуонцæ – еци лæг алкæддæр æ дзурдæн хецау адтæй. Уой базонгæй имæ адæм æмхузонæй сæхе бахадтонцæ:

– Косæг лæг дæ, æма дæхе косæг тухæ ма фенæхай кæнæ…

Гъуддаг æрцудæй уомæ, æма Мулккæн æ гал нивгæрдун нæбал бауагътонцæ. Фал цалдæр биццеуи фæццурд æнцæ (куд ма гъуди кæнун, уотемæй Токати Батæрбег, Сасиати Будти æма Æлборати Гала), æрзилдæнцæ адæмбæл æма, кæмæн æ фадуат цæйбæрцæ адтæй, уойбæрцæ равардта гъæугувдæн.

Адæм еугурæйдæр – устурæй-минкъийæй, зæрондæй-æригонæй – æрæмбурд æнцæ гъæугæрон, «æхсинцъи буни» кæми худтонцæ, еци рауæнмæ. Кувд райдæдта. Еу рæстæги æ бунатæй исистадæй гъæуи хестæр æртиндæс æма æртинсæйанздзуд Баймæтати Гауи.

– Мæнæ хуарз адæм, сæребарæ æма нин амонд ка ’рхаста, еци устур Ленин, кæд æхуæдæг нæбал æй, уæддæр ин æ хуарз гъуддæгутæ идарддæр ка хæссуй, еци партий цæрæнбони туххæй баковæн. Кæддæриддæр Ленини амунд надбæл æ тухæ æма фæндити æмбæрцæ цæунгъон куд уа, уæхæн уæд!..

Гауий кувд кæронмæ ку рахъæрттæй, уæд кæстæртæй кадæр ниццæлхъ ласта зар. Зарун райдæдтонцæ кувди бадæг адæм еугурæй дæр… Уалинмæ ба кæстæртæ бавналдтонцæ кафунмæ. Кудфæстæмæ, уотæ кафт симдмæ рахизтæй.

– Гъей, фæсевæд, гъæуи симд, мæ хортæ, гъæуи симд! – фæдздзурдта сæмæ зæрæндтæй кадæр.  – Гъæуи симд уæлдай устурдæр цийни бони фæккæнунцæ æма ма нæбæл аци бонæй устурдæр цийни бон кæд никкæндзæнæй – автономийæй ма нин устурдæр æма хъазардæр лæвар ка ракæндзæнæй?!

Гъæуи симд ма нæмæ уой размæ дæр адтæй, фал си уæди хузæн некæд неци адтæй. Гъазт кæми адтæй, уордигæй адæм дугæйттæй фæд-фæди гъæумæ семгæ рандæнцæ, æма, еци æнæбанцайгæй, æрзилдæнцæ гъæуи гъæунгтæбæл, уæдта бабæй еци семгæ фæстæмæ сæ бунатбæл исæмбалдæнцæ. Алли хæдзари æфсийнæ дæр æ ихæсбæл банимадта, рагацау хинст æрцæттæ кæнун æма семгæ адæм си ке размæ æрбахъæртонцæ, уæдта син сæ дуармæ æгъдау раттун.

Еци бон нæ гъæуи еунæг хæдзарæ дæр нæ байзадæй, Иристони автономий кой кæми не ’скодтонцæ æма ’й Иристонæн ка равардта, еци хецаудзийнади цæрæнбони æма амонди туххæй арфити дзубанди кæми нæ адтæй. Хор хуæнхтæбæл æ билæ ку æрæнцайун кодта, раст еци афони бахъæрттæнцæ фæсевæд сæ семæн фæзæмæ.

Мæ райгурæн гъæуи æз фæууидтон берæ бæрæгбæнттæ, берæ цийни бæнттæ. Фал Иристонæн автономий ном равардтонцæ, зæгъгæ, еци хабар сæбæл ку исæмбалдæй, уомæй устурдæр цийни бон цумæ некæд никкодта мæ гъæубæстæбæл, уотæ мæмæ кастæй берæ æнзти дæргъи.