19 сентября 2024

МÆ ЦАРДЫ ТАУРÆГЪ

24.08.2024 | 16:29

Дæбе æрыгонæй.

Райдыдтой мæ фæллойы фыццаг бонтæ. Не ’мцег Дреты Датеимæ, кæд нæ рæдийын, уæд ацыдтæн уалдзыгæнд кæнынмæ Змейкæйы зæххытæм (зæххытæ нын дзы æххуырст уыдис).

Æз фынæйæ тардтон бæхты æмæ мын-иу хаххæй фæиуварс сты. Уæд-иу стыр хус къуыбар, кæнæ чысыл дур сæмбæлдис мæ фæсонтыл, æмæ мæ-иу уый райхъал кодта. Ехх, кæм фесæфти уыцы хуыссæг?! Мæ фырфынæйæ ма мыл фæззæджы ахæм хабар дæр æрцыдис: фæззæджы уыдыстæм Сосланимæ нартхор тонынмæ, æз хъуамæ бæхмæ кастаин – ахуырæн тынг кад нæ уыдис нæ хъæуы, æмæ-иу цы сахат бахъуыд куысты, уыцы сахат-иу æй фæцух кодтой йæ ахуырæй. Сослан скъæрдта бæх уæззау сæпп-сæппæй. Æз бадтæн гуыффæйы хъæмпыл æмæ бафынæй дæн. Гуыффæйы дзыртт-дзырттæй уæрдоны кау фæстæмæ рабырыд, æмæ фæстейы стыр хуынкъ рауадис. Уыцы хуынкъæй рахаудтон æмæ хъал дæр нæ радæн, мæ хъæмпыл фынæйæ баззадтæн. Мигъджын уазал фæззыгон райсом уыдис æмæ мæ-иу уазал райхъал кодта, фæлæ фын уæддæр тыхджындæр уыдис. Акъуыбылой-иу дæн æмæ та-иу афынæй дæн.

Сослан дард куы ацыд, æрмæст уæд бафиппайдта, уæрдоны кæй нал дæн, уый. Фæстæмæ фездæхта æмæ мæм тæхгæ æрхæццæ. Рахъил мæ кодта. Уигъы мæ æмæ мæ тарст хъæлæсæй фæрсы:

– Кæм ныццавтай дæхи? Цы ныццавтай? Кæм дын риссы? Фынæй кæнын мæ куы бауагътаид, æндæр мæ цæфы мæт дæр æмæ рысты мæт дæр бæргæ нæ уыдис. Уыгъта мæ, афтæмæй-иу афынæй дæн. Хъусын йæ ныхас:

– Æнхъæлдæн, йæхи ныппырх кодта æмæ уадзыг у. Ласын æй хъæуы нæхимæ, уыцы ныхæстæ йæхицæн кодта, фæлæ сæ æз фехъуыстон. Мæхи тынгдæр ауагътон, – амонд у, хъæумæ мæ куы аласа æмæ æнæхъæн бон хуыссæгæй куы бафсæдон, уæд.

Æцæг афтæ рауадис.

Фæлæ нæ хуымгæныны таурæгъ кæнæм. Хуым кодтам не ’мцегæн. Сыхаг раздæр хуым кодта æмæ йæ дуртæ иууылдæр не ’мцеджы хуыммæ фæкалдта. Рауадис дзы загъд æмæ над. Ме ’мцегæн йæ фындзы туг калд, йæ сыхагæн та йæ бæрзæйы туг – æгæр æй ныццавта не ’мцег дзомсы цыргъæй. Баиргъæвтой сæ. Хуым кæнæм. Куыд ма загътон, афтæ æз æрдæгфынæйæ тардтон бæхты, æмæ мыл уадис дурты æмæ къуыбæртты цæфтæ.

Зæнгтæ уæрагæй дæлæмæ зыбыты бæгънæг, къæхтыл ныллæгхъус аразгæ дзабыртæ. Тыхсынц къæхтыл сындзджын дзедырджытæ æмæ стигъынц зæнгты буар. Фæраст сæм вæййынц фароны нартхоры хæтæлтæ æмæ буар сфадынц. Туг кæлы, фæлæ йæ чи хъуыды кæны. «Хъæдгæмттæ сцъæйтæ уыдзысты, фæлæ хуымтæн æнæ бакæнгæ нæй, уæд стонг аз скæндзæн. Ард йæ хæдзары бацæуа, ныр пъолыл куы ’рлæууын, уæд простуд куы фæкæнын, мæ буар гыццыл фæцъæрæмыхст, уæд мын столбнячы уколтæ куы кæнынц, уæд мын уыцы æнæниздзинад цы фæцис? Уæвгæ мын æцæг столбнячы ныхмæ укол кæнын кæд хъуыд, уыцы цау дæр æрымысдзынæн.

Зынтæн дæр фæразын, æмæ мæ зæрдæ хъæлдзæг у – тагъд хуымгонд фæуыдзыстæм, æма та зилдзынæн хъæдтыл, найдзынæн Æрæфы сатæг уылæнты мæхи æмæ цард кæд мæгуыр у, уæддæр хъæлдзæг æмæ амондджын уыдзæн. Фæлæ афтæ нæ рауад.

-5-

Уæрæсейæ цыдæр змæстыты хъæр хъуысын байдыдта. Паддзахы, дам, аппæрстой.

– Афтæ йын хъæуы уыцы куыдзæн…

– Йæ бынаты æндæр паддзахы æрывæрдзысты, æмæ уый дæр махæн ницы хуыздæр уыдзæнис…

– Паддзах, дам, æппындæр нал уыдзæни, – дзуры мæгуыр лæг Хъодзаты Дзыццо.

– Гъи! Куыд нал уыдзæнис паддзах? Уæдæ дзы дæу сæвæрдзысты? – хынджылæг дзы кæны хъæздыг Фидараты Михал.

– Æмæ йыл худгæ та цæмæн кæныс? – фæрсы Михалы мæстыйæ гуылæвзагæй Æлбораты Бечмырзæ. Уый хъæздыг хæдзарæй уыдис, фæлæ ахуыргонд уыдис æмæ кæронмæ революцийы фарс æрлæууыдис. (Фæмард 1924 азы, хъæусоветы сæрдар уæвгæйæ). – Революци уымæн ралæууыдис, Михал, æмæ хъуамæ паддзах мауал уа, фæлæ адæм сæхицæн хицау уой.

Уымæ фæстæмæ дзурын нæ уæндыд Михал, стæй йын йæ зæрдæ скъаха, уый дæр æй нæ фæндыд. Фæлæ ма, æнæрвæссон худт кæнгæйæ, загъта:

– Уæдæ Дзыццо дæр паддзæхтæй иу уыдзæни, нæ? Гъæ йæ тæригъæд фæхæссат, йе, – зæгъгæйæ йæ къухтæ фæсонты ’рдыгæй йæ уæлдзарм кæрцы дысты батъыста æмæ иуварс ацыдис.

Хъæу куыддæр æнæнцой змæлд кæнын райдыдта, адæм цæмæйдæр тарстысты, цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты, афтæмæй сыл цыдысты бонтæ.

Уалдзæджы хæстæй сыздæхт Баймæтаты Агуыбечыр. Уый хæстмæ ацыди нæ хистæр хо Бæдимæты фыццаг лæг Фидараты Доттиимæ.

Дотти æнæхæдзар уæвгæйæ кадджын лæппу уыд, уый тыххæй йын бакуымдта Бæдимæт дæр. Нæма йæ ахастой, афтæ йын Æрæфы был сахъари хæдзар кæнын райдыдтой. Æппæтæй тынгдæр архайдта Бæдимæт йæхæдæг, æфсæрмы нæ кодта.

Йæ фыд Дзиккуыры амарды фæстæ Дотти фыццаг хатт æрцардис йæхи хæрзæфснайд, сыгъдæг, ног хъæмпæй æмбæрзт хæдзары. Рæстæгмæ хæдзар æй хуыдтой. Хъуамæ тагъд скæной фæхсæй дурæмбæрзт хæдзар. Ныр уал ацы хæдзары дæр амондджын уыдысты. Хъуыды ма кæнын, кæсæджы зæххы рувынмæ уыдысты, æз та сын бæхмæ кæсæг уыдтæн. Изæры мæй йæ цæлхыдзагæй касти. Æз бæхтæрæг уыдтæн æмæ Доттийы ныхасæй бæхы тардтон, куыд уайын йæ бон уыдис, афтæ тагъд. Бæдимæт йæ дзыхæй цагъта, Дотти та фыццаг гуыффæйы быныл кафыдис, стæй гуыффæйы фарсхъæдтæм фæгæпп кодта æмæ уым кафын райдыдта.

Амондджын уыдысты, фæлæ сæ амонд дард нæ ахаста – æрмæст æртæ мæйы ацардысты (Бæдимæт та куырдуаты аст мæйы фæбадтис), афтæ йæ Баймæтаты Агуыбечыримæ æфсадмæ акодтой. Цас рæстæг рацыд, уымæн ницы хъуыды кæнын, афтæ Воздвиженскæй æрбайхъуыст, ирон хæстонтæ, дам, цухъхъатæ йеддæмæ салдаты цинелтæ скæнын нæ бакуымдтой, афицертимæ (хъазахъхъаг полкимæ) схæцыдысты, æмæ афицертæй дæр бирæ фæмард, ирæттæй дæр. Уыдонимæ фæмард Дотти дæр.

Æз Бæдимæтæн хъахъхъæнæгæй баззадтæн йæ мæгуыр хæдзары, цалынмæ идæдзы æгъдæуттæ конд фæцис æмæ нæхимæ ’рбаздæхт, уæдмæ. Цæй бирæ хъарджытæ разынди Бæдимæтмæ! Цæй диссаджы фæлмæн ныхæстæй сидтис йæхимæ æхсæвæй-бонмæ Доттимæ:

– Уæ мæ зæрдæдарæн! Уæ мæ царды цин! Уæ мæ лæугæ хох æмæ цæугæ мæсыг! Æз дæр сидзæр куы дæн, уæд мæ иунæгæй цæмæн уадзыс? Бирæ дæ уарзын куы дзырдтай, æмæ дæ æз дæр куы уарзтон, уæд мæ цæмæн фæсайдтай? – куыдта æхсæвты суанг бонмæ, æмæ æз дæр куыдтон йемæ.

– Фæлæ ныхас Агуыбечырыл цæуы. Сыздæхт уый æфсадæй. Йæ алыварс æрбакъорд кодта, хъæуы мæгуыртæй удыхъæдæй сæрæндæр чи уыдис, уыдоны. Ныхæсты-иу арæх зынын байдыдтой æмæ адæмы æхсæн «змæнтæн» ныхас кæнын райдыдтой. Агуыбечыры хуыдтой «большевик», стæй йын уыцы номæй рахуыдтой иннæ æмбæлтты дæр, фæлæ большевик цы ныхас уыдис, уый æз нæма зыдтон.

Нæ уæле Сечеры революцион къорды разамонæг уыдис Хайты Батырбег, йæ къорды та уыдысты нæ чындз Олинкайы хистæр æфсымæр Баситы Алимырза, Гæтæгонты Хадзырæт, Мецъиты Абади æмæ ма чидæртæ. Сиу сты мах хъæуы къордимæ æмæ цавæрдæр хъуыддæгтæм цæттæ кодтой сæхи.

Дарддæр революцион цаутæ Дæргъæвсы, куыд æрымысыдтæн, афтæ равдыстон роман «Хъæбатырты кадæджы» 2-аг æмæ 3-аг чиныджы, Æрæфыхъæуы цаутæ æвдисгæйæ. Фæлæ ма хæрз цыбырæй ахæм дыууæ цауы æрхъуыды кæнынмæ хъавын:

Фыццаг. Алимырзайы дзыцца æрхуыдта ирон æгъдаумæ гæсгæ нæхимæ – йемæ уыдысты Батырбег æмæ Абади. Се ’ппæтыл дæр уыди фæрсмæ фæлдæхт хъазахъхъаг топпытæ, астæуыл æмæ уæхсчытыл цæхгæр æвæрд хъатаратæ æмæ нагантæ сæракæй хуымпъырты. Æгасцуай зæгъынмæ сæм кæй æрбахуыдта дзыцца, уыдонимæ уыдысты Агуыбечыр æмæ Бечмырзæ дæр – уыдон дæр афтæ ифтонг уыдысты хæцæнгæрзтæй. Мидæмæ сæ хæдзармæ куы кодтой, уæд мын Агуыбечыр мæ хъусы æрбадзырдта:

– Цу, аргъуаны къуыбырæй кæс, æмæ ардæм барджытæ кæнæ фистæг адæм къордæй куы цæуой, уæд нын æвæстиатæй хъусын кæн. Хъусын кæнын дæ къухы нал бафтыдис, зæгъгæ, уæд та-иу дыууæ æхситты ныккæн.

Уымæй бамбæрстон, сæ бадт тæссаг кæй уыдис, уый. Æхсызгон мын уыдис, ахæм хæс мæм кæй æрхаудта, уый. Ме ’мгар æмæ сыхаджы, Уртаты Гаврелы, мемæ айстон, дыууæйæ хуыздæр хъахъхъæндзыстæм, зæгъгæ, уый æфсонæй, фæлæ уымæн дæр æхсызгон уыдис, ахæм хъуыддагæн æй кæй бацагуырдтон, уый.

Æхсæв уыд мæйрухс. Хъахъхъæнæм, хъахъхъæнæм, фæлæ никуы æмæ ницы. Дзæгъæлы тæрсынц, зæгъгæ, афтæ банымадтам æмæ зæххы кардсадзынтæй хъазын райдыдтам. Уалынмæ мын Гаврел мæ уæхскыл фæхæцыд æмæ йæ иннæ къухæй Æрæфы фаллаг фарсмæ амыдта. Бирæ барджытæ фæуырдыг кодтой Æрæфмæ. Æз ныхситт кодтон. Стæй нæхимæ разгъордтам. Уазджытæ бадтысты сæ бæхтыл, Агуыбечыритæ дæр уæдмæ сæ бæхтыл бадтысты – бæхтыл уыдысты, уый нæ бафиппайдтон уазджыты бæхты æхсæн.

Федтон сæ мæхæдæг. Бирæ барджытæ сты, – дзырдта мæ бацыдмæ Агуыбечыр. Стæй мæм уæлбæхæй йæ сæр æривæзта æмæ та мын мæ хъусы загъта: «Гæбайæн зæгъ æмæ нын-иу райсом хæринаг Цæвæджыхъомæ рахæсс. Уым уыдзыстæм. Æрмæст искæмæн…» – йæ былтæ ангом кодта æмæ сæ йæ амонæн æнгуылдзæй балхъывта.

– Уанцон нæу.

Уымæй фæстæмæ сын сусæгæй хæринаг хæссын райдыдтон. Алы хатт дæр сæ бынат ивтой æмæ сын ног бынатмæ хастон хæринаг. Æрмæст сæхæдæг æмæ æз зыдтон ног бынат.

Фæлæ ууыл нæ цæуы ныхас. Бинонтæ æнкъардæй ныххуыссыдысты – Сандро йæ бинойнагимæ уæладзыджы, мах æрдæгпъадвалы. Фæсæхсæвæрты нæм фæзындысты фондз гæрзифтонг хъазахъхъаджы. Сæ амонджытæ уыдысты нæ сыхаг Баймæтаты Коля æмæ Цырыхаты Мырзахъул. (Уый хæдразмæ нæ хæдзары хуынд уазджытимæ бадтысты, Мырзахъул та уыд Олинкайы æмдзуарджын).

Уæззау цырыхъхъытæй асинтыл гыбар-гыбурмæ фехъал стæм иууылдæр æмæ кæртмæ ракалдыстæм. Уæдмæ хъазахъхъæгтæ «джигул кодтой» ног чындзы æмæ йæ мойы уаты. Дæргъæвсы фатеры давд никуы уыдис æмæ уый тыххæй сæ дуæрттыл æхгæнæнтæ нæ уыдис, æмæ сыл гуыдыр никуы æвæрдтой. (Афтæ у ныр дæр ма, 1958 азы, бирæ хæдзæртты).

Гом дуарыл æнæ бадзургæйæ бамидæг сты ног чындзы уаты. Ног чындз ма фæтæррæтт кодта афтид мидæггæгты æмæ нымæты йæхи батыхта. Фæлæ йæ хъазахъхъаг райхалын кодта, æрмæст рæсугъд у æви нæ, уый феныны тыххæй.

Сандройы æрцахстой. Хæдзары кæуын æмæ цъæхахст. Фæлæ дыккаг бон æрцыд нæхимæ.

– Мах ын куы нæ уыдаиккам, уæд ын æнæ фехсгæ нæ уыд, – æппæлыдысты Коля æмæ Мырзахъул.

Æз сусæгæй хæринаг хæссын кæнæ та, растдæр зæгъгæйæ, галуæрдоны гуыффæмæ бастæй ласын байдыдтон. Хъæуыхицау Сугъараты Дзадза (уæды хъæуыхицау, кæддæр Уæрæсейы дæр стражник уыдис æмæ уымæй налатдæр лæгæн скæнæн ницы ис) æмæ мыл уыцы Дзадза дызæрдыг кæнын райдыдта, дызæрдыг каст дам-иу кодта мæ фæстæ. Фæлæ æхсæзæм бон сæ бынаты нал сæййæфтон партизанты, Асыйы хæхтæм, дам, аивтой.

Дыккаг. Хъæугæрон æрлæууыдис стыр сырх тырысаджын бæхджын отряд гыццыл сармадзанимæ. Дреты Дзабо контрреволюцион элемент – кæд зæронд уыдис, уæддæр згъордта хæдзарæй-хæдзармæ æмæ хъæр кодта:

– Цы ма кусут, Дæргъæвсы лæгтæ? Сырх тырыса нæм куы сдардтой æмæ нæ хæст куы агурынц, уæд сын мах та цы дзуапп дæттæм? Цомут, гормæттæ, хæстмæ, нæхи бахъахъхъæнæм. (Сырх тырыса, дам, хæст сидыны нысан уыди).

Хъæуы адæм хæст нæ расидтысты, фæлæ минæвæрттæ æрвыстой отрядмæ.

Минæвæрттæ хъæумæ æрбахуыдтой отряды æмæ сæ хæдзæрттыл байуæрстой. Уый уыди Тауаситы Сослæнбеджы (ныры номдзыд скульпторы) революцион отряд æмæ тагъд кодта кæсгон номдзыд революционер Назир Катхановæн æххуыс кæнынмæ.

МАМСЫРАТЫ Дæбе

 

 РЕДАКЦИЙÆЙ. Мамсурати Дæбе æхуæдæг ке ниффинста, æ еци имисуйнæгтæмæ гæсгæ ма уой дæр зæгъуйнаг ан, æма ин æ райгурæн гъæубæсти евгъуд царди хабæрттæ æма цаутæ  хъæбæр зæрдтагон адтæнцæ, сæ кой син ахид кæнидæ æ публицистон æрмæгути, испайда си кæнидæ æ аййевадон уадзимисти дæр. Мæнæ ин абони æ имисуйнæгти хæццæ ма ци уац мухур кæнæн, уой дæр хумæтæги нæ равзурстан. Куд зонетæ, уотемæй æрæги кадгинæй исбæрæг кодтан Цæгат Иристони автономий сæдæ анзей бæрæгбон. Æма, махмæ гæсгæ, цæмæдесаг уодзæнæй нæ газеткæсгутæн, сæдæ анзей размæ нæ республикæ автономон ку иссæй, уæд уобæл нæ дзиллæ, бæлвурдæй ба Будури Дæргъæвси цæргутæ куд цийнæгæнгæй исæмбалдæнцæ, уой фæдбæл хабæрттæ базонун.