23 ноября 2024

ЗÆРДРИСТÆЙ ХЪОНЦ КÆНÆН, ИМИСÆН…

31.08.2024 | 21:29

Сентябри фиццаг æртæ боней дæргъи Цæгат Иристони арæзт цæудзæнæнцæ Беслæни террористон фудракæнди амæттæгти номерæн мадзæлттæ.

Нæуæг ахури анзи райдайæн рагæйдæр нæ дзиллæн – кæстæртæй ба сауæнгæ хестæрти уæнгæ – уидæ тæккæ зæрдæхцæуæндæр бæрæгбæнттæй еу. Фал нин еци цийнæдзийнадæ фегуппæг кодта, 2004 анзи 1-3 сентябри Беслæни фиццаг скъолай ци террористон фудракæндæ арæзт æрцудæй, сæдæгай сабийтæ, сæ ниййергутæ æма ахургæнгутæ, сæ хеуæнттæ кæми бастъалдæнцæ, еци æверхъаудзийнадæ нин нæ райдзаст бæрæгбон уайтæккæ æностæмæ хъонцгæнæн зинбон фестун кодтонцæ.

Уæдæй абони уæнгæ кæд æма инсæй анзи рацудæй, уæддæр нæ зæрдрист нæ нидæн кæнуй, нæ уодти тогæрхæнтæ асдзæгъдунцæ æма асдзæгъдунцæ… Сентябри аци фиццаг бæнттæ нæ республики иссæнцæ хъонцгæнæн æма имисæн бæнттæ. Уотæ уодзæнæй æностæмæ…

Куд иннæ æнзти, уотæ нур дæр арæзт æрцæудзæнæй берæ аллихузон имисæн мадзæлттæ. Уой фæдбæл нин радзубанди кодта нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ:

– Арæзт бабæй æрцæудзæнæнцæ, иннæ æнзти арæзт ка цæуидæ, уæхæн мадзæлттæ. Уомæн æма зæрдрист æностæмæ еци еухузон æй, хъонц дæр еухузон асдзæгъдуй. Æма нин сентябри фиццаг æртæ бони æностæмæ дæр еци еухузон додоййаг уодзæнæнцæ, имисуйнаг…

Уогæ си уодзæнæй циуавæрдæр нæуæгдзийнæдтæ дæр. Куд амæй размæ æнзти, уотæ нур дæр 1 сентябри 9 сахатти æма 15 минуттебæл «Беслæн. Скъола №1», зæгъгæ, терроризми нихмæ тохгæнæг Æхсæнадæмон культурон-патриотон центри тургъи райгъусдзæнæй скъолай дзæнгæрæг. Уоми инсæй анзей дæргъи фиццаг хатт рарæнгъæ уодзæнæнцæ, уæди террористон фудракæнди рæстæги ма ка фæййервазтæй, еци скъоладзаутæ – сæ къохти сæ æдзард æмкъласонти, ниййергути, ахургæнгути къартæ, уотемæй.

Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ба еци фудбæлахи бахаугутæ, уоми ка бастъалдæй, уони хеуæнттæ, уæдта мадзали иннæ архайгутæ бацæудзæнæнцæ, уæд фудбæлахи бахауæг адæми террористтæ кæми гъезæмарæ кодтонцæ, еци спортивон залмæ æма деденгутæ исæвæргæй си исасодздзæнæнцæ мудадзин цирæгътæ.

Зундгонд куд æй, уотемæй Беслæни террористон фудбæлахи ка фæммард æй, еци сабийти номерæнæн номдзуд итайлаг скульптор искодта скульптурæ «Къуру гъæр», æвæрд æй итайлаг сахат Сан-Мариной.

Нур ба уомæн æ къопи лæудзæнæй Беслæни дæр – кадгин уавæри игонгонд æрцæудзæнæй 1 сентябри еуæндæс сахаттебæл.

Еци бон ма æртиндæс сахаттебæл райдайдзæнæй террористон фидбилизæрцуди ка бахаудтæй, уони, уæдта си ка бастъалдæй, уони хеуæнтти хæццæ пресс-конференци.

Изæрæй 19 сахаттебæл Дзæуæгигъæуи Сæребари фæзи уодзæнæй литературон-музыкалон изæр-реквием. Архайдзæнæнцæ си Мариинаг театри филиали оркестр, зартæгæнгутæ, кæсдзæнæнцæ æмдзæвгитæ. Дуккаг бон ба арæзт æрцæудзæнæй «Тумбул стъол» –  «Цæмæй цардгъон уай, уомæ гæсгæ дæ зæрдæбæл дарæ!..»

Дзубанди ма цæудзæнæй «Сурх дзиуарæ. Беслæн – мах еумæ ан», зæгъгæ, нæуæг киунугæбæл. Еци мадзæлттæ райдайдзæнæнцæ 11 сахатти æма 30 минуттебæл терроризми нихмæ тохгæнæг центри.

Æртиккаг сентябри мадзæлттæмæ хаст æрцæудзæнæй æййивддзийнæдтæ. Имисæн мадзæлттæ райдайдзæнæнцæ 13 сахатти æма 5 минуттебæл еу минут æдзæмæй ралæугæй. Уой фæсте мадзæлтти архайгутæ фестæгæй ранæхстæр уодзæнæнцæ уæлмæрдтæ «Изæдти сахармæ», фудæрцуди ка фæммард æй, уони хузти хæццæ. «Хъонци бæласи» рази исæвæрдзæнæнцæ деденгутæ æма веноктæ.

Раздæри æнзти аци уæлмæрдти имисæн мадзæлтти рæстæг гъæрæйдзорæн фæрæзни фæрци номхигъдæй фæннимайиуонцæ, террористон мадзали ка бастъалдæй, уони муггæгтæ æма нæмттæ. Еци рæстæг адæм еугурæйдæр æдзæмæй лæууиуонцæ. Аци анз еци фæткæмæ нæ республики разамонæг Сергей Меняйлой фæндæй хаст æрцудæй æййивддзийнадæ. Æхецæн ихæсбæл нимайуй, цалинмæ еци æдзард адæми муггæгтæ æма нæмттæ игъосун кæнонцæ, уæдмæ уæлмæрдти сæ кæстæрти, сæ хеуæнтти циртити рази ка лæудзæнæй, уонæй алке размæ дæр хецæнæй бацæун æма зæрдхъурмæй ратæфирфæс кæнун.

Уой фæсте уæлæрвтæмæ исуадздзæнæнцæ сæдæгай уорс шартæ.

Еци бон изæрæй Беслæни æвдист æрцæудзæнæй еума номимисæн концерт. Архайдзæнæй си симфонион оркестр, æ разамонæг Махъоти Ацæмæз.

Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма имисæн мадзæлтти архайунмæ нæ республикæмæ ’рбацæудзæнæнцæ федералон разамунддæттæг къабæзти, Цæгат-Кавкази Федералон зилди бæрнон косгутæ, Италий, Турки, Хорватий дзиллити минæвæрттæ.

Ахургæнæндæнттæ сæ куст райдайдзæнæнцæ,  байгон кæндзæнæнцæ журналтæ, хуæрæндæнттæ косдзæнæнцæ. Еци бæнтти ахуртæ нæ цæудзæнæнцæ, фал си арæзт цæудзæнæнцæ сабурдзийнади æма хæлардзийнади Уроктæ. Нæ республики ахури нæуæг анз райдайуни фæдбæл бæрæгбони линейкитæ арæзт æрцæудзæнæнцæ 4 сентябри, Рахесфарси райони ба – 5 сентябри.