19 сентября 2024

«НАД КЪÆРТГÆНГÆЙ, ДЗИЛЛÆН ЗАР ХАСТОН…»

14.09.2024 | 22:35

Хидирти Ехйа е ’мдзæвгитæй еуеми («Сауæдонæ») уотæ финста:

 

Сауæдонæ ку стонуй Дигори,

Нæ фæууй уæд æ над лигъз будур,

Фæллæууй æ фæндагбæл мин дори,

Кæми ба ’й ниййауазуй къудур.

 

Раст, цума, æхе цардвæндаги уавæрти кой кæнуй!.. Сауæдонæ ба, цийфæнди хъоргæнæнтæн дæр ниффæразгæй, æ размæцуди хабар æвæллайгæй кæнуй. Уотæ Ехйа дæр фæразонæй-фæразондæр разиндтæй. Æма æ еци æмдзæвгæн дæр уомæ гæсгæ искодта мæнæ ауæхæн кæронбæттæн:

 

Æрхъæртуй еу афони будурмæ,

Уоди хуасæн раттуй ин æ дон.

Над къæртгæнгæй, уоййау, рагæй нурмæ,

Мæхуæдæг дæр дзиллæн зар хастон.

 

Æма, æцæгæйдæр, Ехйа æ исфæлдистадæй рохс æма нифсдæттæг зар хаста нæ дзиллæн. Уомæ гæсгæ, кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æй зæрди арфæй имисæн. Уæлдайдæр ба аци бæнтти – нæ искурдиадæгин поэт æма публицист Хидирти Батæрбеги фурт Ехйай райгурдбæл 2 июли исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи (1934-1999). Уой фæдбæл æрмæгутæ мухур кæнæн нæ газети абониккон номери.

Уæдта ма уин уой дæр игъосун кæнæн, æма 17 сентябри ба Чиколай культури Галауани арæзт æрцæудзæнæй æ номерæн исфæлдистадон изæр. Райдайдзæнæй 14 сахаттебæл. Хонæн уæ еци арфиаг мадзалмæ!..