ÆДЗАРД БÆГЪАТÆРИ КАДÆН МАДЗАЛ Æ РАЙГУРÆН АХУРГÆНÆНДОНИ
Дзæуæгигъæуи берæкъабазгин техникуми байгон кодтонцæ Абайти Альберти номбæл «Бæгъатæри партæ». Аци техникумæй рандæй Альберт сæрмагонд æфсæддон операций архайунмæ.
Альберт адтæй гвардиаг хецæн мотоæхсæг бригади хуæздæр тугъдонтæй еу, бæгъатæрæй тох кодта знаги нихмæ. Берæ хæттити, æхецæн дæр тæссаг уогæй, ервæзун кодта тохи будури е ’мбæлтти. Фæммард æй Харькови ’рдæмæ тугъдон буцæутæй еуеми, хуарзæнхæгонд æрцудæй Лæгдзийнади орденæй æ мæлæти фæсте.
Абайти Альберт райгурдæй 2001 анзи 6 июни Дзæуæгигъæуи. Ами, 40-аг астæуккаг скъола каст фæууогæй, ахур кæнунмæ бацудæй нæ республики сæйраг сахари берæкъабазгин техникуммæ, каст æй фæцæй 2020 анзи. Еци анз имæ фæдздзурдтонцæ Уæрæсей Æфсади рæнгъитæмæ. Уоми æ ихæс исæнхæст кæнгæй, бафинста бадзурд Фидибæстон Гæрзефтонг тухти рæнгъити иарддæр службæ кæнуни туххæй. Гвардий рæнгъон Абайти Фидари фурт сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй фæммард æй бæгъатæрдзийнадæ бавдесгæй. Сæрустур си уогæй, æ ном ин исæносон кодтонцæ æ райгурæн ахургæнæндони.
Абайти Альберти парти уæлгъос бадуни барæ уодзæнæй техникуми хуæздæр ахурдзаутæн. Тугъдони æруагæс кодта нæ уæлахез, æма е æнæмæнгæ уодзæнæй. Бæгъатæртæ нæ мæлунцæ, фал байзайунцæ, иронх сæ ка нæ кæнуй, уони зæрдити. Альберт кæддæриддæр уодзæнæй нæ хæццæ, уой хузæн унмæ ка бæллуй, еци фæсевæди зæрдити.