26 декабря 2024

«МÆ УОРС СÆРÆЙ УИН НИЛЛÆГ КОВУН, МÆ УАРЗОН ДЗИЛЛИТÆ!..»

19.10.2024 | 14:19

«…Уогæ ба цард дессаг куд нæй. Нур дæс анзей бæрцæ Галазти Æхсарбегæн, цума игурæн бæнттæ дæр некæд уидæ, уой хузæн иронхуати байзадæй. Иристони фиццаг Президентæн æ кой кæнун дæр нæбал уагътонцæ, уæхæн лæг, цума зæнхи цъарæбæл æгириддæр некæд адтæй, уой хузæн. Æма уæхæн рæстæги ахид æрæфтуидæ мæ зæрди, еу курухон лæг нард финги уæлгъос куд загъта, е. Президенти бунатмæ ’й ку нæбал равзурстонцæ, республики нæуæг разамонæги хори æмбæрцæмæ ку исистонцæ, уæд сæмæ еци курухон еуварсæй фегъуста, уæдта син федар гъæлæсиуагæй загъта: «Тагъд ма кæнетæ, мæ хортæ, ралæудзæнæй уæхæн рæстæг, æма Иристони дзиллитæ Галазти Æхсарбеги цæрæнбони туæххæй лæугæй ковдзæнæнцæ».

Уотæ райдæдта нæ зундгонд публицист æма финсæг Æгъузарти Саукуй, кæддæр (2009 анзи) Галазти Хаджимурзи фурт Æхсарбеги туххæй ци уац ниффинста, уой… Æма ’й хумæтæги не ’римистан: Галазти Æхсарбеги ном нæ дзиллитæн цитгийнаг уодзæнæй, зæгъгæ, Саукуййи гъудимæ гæсгæ уой зæгъуйнаг ан, æма æцæгæйдæр уотæ ке æй, уой бавдесунæн нин абони хуарз равгæ ес. Нæ Иристони номдзуддæр лæгтæй еуей, ГАЛАЗТИ Хаджимурзи фурт Æхсарбеги райгурдбæл 15 октябри исæнхæст æй финддæс æма цуппаринсæй анзи (1929-2013). Æма мах нæхецæн ихæсбæл банимадтан æ рохс ном ин æримисун. Æма уой туххæй ба равзурстан Æгъузарти Саукуййи финст уац. Гъулæггагæн, Саукуй абони не ’хсæн нæбал æй, уомæ гæсгæ ба ин æ уац мухур кæнæн, уæд æй куд ниффинста, уотемæй. 

Æ уæди сæргонд дæр ин нæ раййивтан, уомæн æма, еуемæй, арæзт адтæй Æхсарбегæн æхе загъдæй, иннемæй ба, абони ’й никки бæлвурддæрæй лæдæрæн æ еци загъди рæстадæ – Галазти Æхсарбег, куд æцæг ирон лæг, уотæ æргомзæрдæ уарзтæй æновуд адтæй нæ райгурæн Иристонбæл дæр æма нæ дзиллæбæл дæр, рæстуодæй хъазауат кодта сæ сæрбæлтау. Æма æ еци загъд: «Мæ уорс сæрæй уин ниллæг ковун, мæ уарзон дзиллитæ!..» нæ зæрдæбæл гъæуама дарæн, æ рохс ном ин цитгинæй имисæн, кадæ ин кæнæн…

 * * *

Ку зæгъæн, Галазти Æхсарбеги ном исцитгин кæнуни туххæй Æгъузарти Сакуййи финст уац хумæтæги нæ равзурстан. Еуемæй, Галазифурти берæ агъазиау фæллæнттæ кæд æримисуни аккаг æнцæ, уæддæр уони кой нæ кæнуйуотемæй дæр хуарз зундгонд æнцæ дзиллæн, фал æй æвдесуй куд хумæтæг адæймаг, кæцимæн алцæмæй дæр табуйагдæр æнцæ ирондзийнадæ, уоди кæдзосдзийнадæ, адæмæн хуарз фæуунмæ тундзундзийнадæ, рæстзæрдæй райгурæн Иристони сæрбæлтау хъазауатдзийнадæ…

Иннемæй ба, æ уаци райдайæни Саукуй раст баханхæ кодта уой дæр, æма цийфæнди ку уа, уæддæр Галазифуртæн æма æ уодуæлдай фæллæнттæн аккаг цитгингонд цæудзæнæнцæ. Æма æвдесæнæн æрхаста, æ цуппаринсæй анзей фæдбæл æй куд барæвдудтонцæ, еци хабар. Уæд ин лæвæрд æрцудæй, кæддæр æхуæдæг ке иснисан кодта, еци майдан «Иристони намусæн». Нæ республики уæди Сæргълæууæг Мамсурати Таймураз ин зæрдиагæй райарфæ кодта. Æма æ арфи финстæги уотæ загъд адтæй:

«Хъазар Æхсарбег Хаджимурзи фурт!

Арфæ дин кæнун дæ 80 анзи фæдбæл.

Дæ царди сæйраг гъуддаг кæддæриддæр адтæй æмай Иристони адæми хуарздзийнадæбæл косун. Кæддæриддæр адæми хæццæ ун, алли мадзæлттæ аразун, цæмæй алли бийнонтæ дæр цæронцæ фæрнæй. Етæ ’нцæ дæ архайди сæйраг бундортæ.

Ду дæ ИристонАланий фиццаг Президент. Еци кадгин ном дæбæл байзайдзæнæй æностæмæ.

Абони дæр ду кæнис устур æхсæнадон куст, архайис адæмтихсæн хæлардзийнадæ федардæр кæнунбæл, Кавкази берæнацион адæмти культурæ æма монон традицитæ багъæуай кæнунбæл. Мæ зæрдæ дин зæгъуй федар æнæнездзийнадæ берæ æнзти дæргъи».

Зæрдæй загъд дзурдтæ. Æ берæ хъиамæттæн ин аккаг аргъ ка кæнуй еци кæстæри арфæ.

* * *

Рæстæг, дан, дзæбæхгæнæг æй. Рæстæг дохтирæй уæлдай нæй. Маст дæр, рист дæр феронх уй. Уæдта рæстæги хæццæ адæймаги рæстдзийнадæ дæр бæрæг-бæлвурдæй разиннуй. Сугъзæрийнæ цийфæнди хъилмати буни ку никкæнай, уæддæр сугъзæрийнæй байзайдзæнæй. Æ цæхæр фиццагау æрттевдзæнæй. Зулун фесæфуй, раст ба байзайуй. Уотæ ’й царди æгъдау, рæстæги цуд. Абони уæхæн дзаман æркодта, æма Галазти Æхсарбеги хуарзи кой ахиддæр кæнунцæ. Адæми цæстæ уинагæ ’й. Алли гъуддаг дæр кæрæдзебæл рабарунцæ æма уæд æрцæунцæ еу хатдзæгмæ: «Нæ, Хаджимурзи фурт лæгау лæг разиндтæй, еци фудæнзти Иристони разамонæг ку адтæй, уæд. Еуæрдигæй хъулгъай экстремистти æрбампурст, иннердигæй Хонсар Иристони геноцид. Кард æма топпæй кæми гъудæй, уоми дæр æма сабур дзурдæй дæр Галази-фурт Цæгат Кавкази разамонгутæй адтæй берæ курухондæр, берæ зундгиндæр, берæ лæмбунæгдæр. Æ дзурдмæ ин игъустонцæ, зундæй æй фарстонцæ».

Галази-фурти туххæй ниффинстон очерк, æ кадæ хори уæнгæ ку хъæрттæй, еци рæстæги. Абони нæ боц хестæрæн арфæ кæнгæй, аци финсти испайда кодтон уомæй дæр æма ’й хæссун адæми тæрхонмæ. Нæ республики фиццаг Президентæн ба зæгъун:

– Нæ уæллæй ма берæ æнзти рæсугъд фингитæбæл фæббадæ! Хуцау дин дæ цардамонд берæ искæнæд. Дæ зундгин базургин дзурд Иристони макæд фесæфæд!

 

ТАУРÆХЪГÆНÆГ ЗАГЪТА…

КÆЦÆЙ ÆНЦÆ ГАЛАЗТÆ?

 

Галазти Æхсарбегæн уæлдай бæрзонд цæстиварди адтæнцæ æ фидтæлти цардвæндаги хабæрттæ. Уомæ гæсгæ Æгъузарти Саукуй дæр уонæн æ уаци хецæн хай радех кодта.

Гецати Афæхъо æ киунугæ «Дигори коми муггæгти равзурд» ку цæттæ кодта, уæд фембалдæй Хæзнидони гъæуккаг зæронд ахургæнæг Боллоти Инали фурт Кудзигой хæццæ дæр æма ин е радзурдта:

ГАЛАЗТИ Æхсарбег æма МАМСУРАТИ Таймураз.

– Дигоргоми Къумбулти гъæу æвæрд æй Донифарси гъæумæ хæстæг æ хонсар нигулæнæрдигæй, бæрзонди. Ес си рагон мæсуги ихæлддзæгтæ, циртдзæвæнтæ, уобæйттæ. Аци гъæумæ раги кæддæр æрбацудæй æд бийнонтæ Боллоти Есе Ассийæй. Цæрæнбунатæн æхецæн равзурста, уой фæсте Донифарси зилди Къумбулти гъæу ке исхудтонцæ, уой. Ами æ фурти хæццæ исаразта устур æма федар цæрæн хæдзарæ, æрцардæнцæ си бундоронæй. Еци хæдзарæ æма мæсуги ихæлддзæгтæ адæм хонунцæ «Боллоти цæрæнтæ». Сæ уæллæй еци рæстæги Багъати тегъæбæл цардæнцæ Хъайтти Хъаййи фурттæ: Гегки, Хачир, Тахъаз, Дæгуй, Саге æма Цъеу. Æма, дан, еци æнсувæртæ Боллоти хæдзарæ аразгæ ку фæууидтонцæ, уæд загътонцæ: «Дæлæ Къумбулти зæнхити Ассийæй æрбацæуæг Боллотæ хуæздæр зæнхитæ ахæссунцæ, хæдзæрттæ си аразунцæ æма мах ба æнæ зæнхæй байзайдзинан». Уоййадæбæл етæ дæр Боллоти уæллæй хæдзæрттæ аразун байдæдтонцæ æма си бундоронæй æрцардæнцæ. Уотемæй Къумбулти фиццаг ка æрцардæй, етæ адтæнцæ Боллотæ, Гегкитæ, Хачиртæ, Тахъазтæ, Дæгуйтæ, Сагетæ æма Цъеутæ. Боллотæ Къумбулти фæстагмæ нимæдзæй исберæ ’нцæ, тумугъ муггаг иссæнцæ. Адтæй сæмæ берæ хуарз фæсевæд, уони фæрци адтæнцæ æдас тухæгæнгутæй. Фæдеси хабар ку фегъусидæ, уæд сæдæ лæхъуæней бæрцæй æрлæууиуонцæ знаги нихмæ.

Еууæхæни, дан, еу æлдар е ’фсади хæццæ фæззиндтæй Донифарси зилди æма æрбунат кодта Къумбулти гъæуи бунмæ. Уæди рæстæги адтæй уæхæн фæткæ: æлдар гъæуама æхсæвæ рарвистайдæ нæуæг хунд киндзи хæццæ. Нæуæг хунд киндзæ ба адтæй Боллотæмæ æма æлдар уой ку фегъуста, уæд имæ æ тухæгæнгутæй еуей рарвиста, цæмæй имæ ’й æрхудтайдæ. Боллоти фæсевæд еци хабар ку фегъустонцæ, уæд цæттæй æрлæудтæнцæ еци æгадæ гъуддаг нæ бауадзунмæ. Фал син киндзи хецау загъта: «Мæхе бæрагæ ’й бауадзетæ». Æлдармæ рарвиста, цæмæй æхуæдæг иссудайдæ Боллоти хæдзарæмæ. Æлдар иссудæй æма хæдзари дуарæй куддæр бакастæй, уотæ ин хæдзари хецау фæрæтæй æ сæр ракъуæрдта. Уой фæсте ба, æлдари хæццæ ци адæм адтæй, уонæбæл Боллоти фæсевæд истухтæнцæ, фæхъхъæбæрдæр сæбæл æнцæ æма ма си уодæгасæй ка байзадæй, етæ ба ледзæги фæцæнцæ.

Уæдæй фæстæмæ, дан, хъалон æд киндзæ есуни фæткæ фехалдæй.

Уой фæсте бабæй Донифарси зилдмæ фæззиндтæй берæ æфсæдти хæццæ æндæр æлдар. Е ’рбацуди сæр ба адтæй раздæри æлдари кийнæ бахатун. Æрфусун æнцæ Бигъати цæрæнбунати. Сæхуæдтæ ба син аллибон дæр æвгарстонцæ сæ галтæй.

Еци гъуддаг Боллоти фæсевæдæн гъулæг куд нæ адтайдæ, сæ сæрмæ ’й хæсгæ дæр нæ кодтонцæ æма исфæндæ кодтонцæ æлдари рамарун. Фал син æ рамарун аци хатт нæбал бантæстæй, хъæмайæй ин æ уæраг фæццæф кодтонцæ. Æлдарæн уæди æгъдæуттæмæ гæсгæ æ рамаруни туххæй неци федгæ уидæ, фал цæфи туххæй ба устур хъалон гъæуама бафистайуонцæ. Боллотæн уойбæрцæ æфсæдти хæццæ истохун сæ бон не ’ссæй æма састи бунати байзадæнцæ. Райстонцæ си сæди бæрцæ биццеутæ æма кизгуттæ, сæ хæццæ сæ фæттардтонцæ. Кумæ, уой ба неке зонуй.

Æлдари тухæгæнгутæ Боллоти æригон фæсевæди уацари ку райстонцæ, сæ мулк син ку фæлластонцæ, уæд уой фæсте хъæбæр исмæгур æнцæ, сæ уасæ дзæвгарæ рæстæгути нæбал иссирдтонцæ. Фал нæуæгæй сæ хъаурæ, сæ хъиамæти фæрци сæхебæл исхуæстæнцæ, цæрунгъон бабæй иссæнцæ. Берæ хуарз лæгтæ сæмæ фæззиндтæй, нимæдзæй дæр исберæ ’нцæ. Исæнтæстæй сæмæ æхсæз æнсувæри: Галачи, Чихауи, Кебег, Мулук, Глаз-Глаз æма Тез. Уой фæсте æнсувæртæ сæ фидæй байурстонцæ, сæ нæмттæмæ гæсгæ муггæгтæ искодтонцæ æма Къумбулти гъæуи фæззиндтæнцæ Галачитæ, Чихауитæ, Кебегтæ, Мулукатæ, Глаз-Глазтæ, Тезтæ æма Боллотæ сæхуæдтæ.

Къумбулти 1886 анзи æрфинсти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ Боллотæй уæлдай цæрæг некебал адтæй. Уой агъоммæ фæллигъдæнцæ: Галачитæ – Кæсæгмæ, Озреки гъæумæ, Кебегтæ – Хути (Лескени) гъæумæ, Чихауитæ – Киристонгъæумæ, Мулукатæ – медхонхи Галиатмæ, Тезтæ – Ассимæ. Глазтæ кумæ фæллигъдæнцæ, уой абони цæргутæй неке зонуй. Боллоти хестæртæй сæ еуетæ дзорунцæ, Глазтæ, дан, фæллигъдæнцæ Æргинарæгмæ æма уоми сæ муггаг искодтонцæ Галазтæбæл.

 

АВТОРÆЙ

ЛÆГИ СÆР КУ БАГЪУДÆЙ

 

Иристони лæгæвзарæн бон ралæудзæнæй. Нæ бæстæн, нæ республикæн æвзардзинан Президент. Циуавæр гъæуама уа фиццаг ирон Президент? Зундæй – зундгин, æхсарæй – æхсаргин? Æнæмæнгæ. Дзуапп раттунмæ – арæхстгин, уодæй – кæдзос, зæрдæй – парахат? Гъо, æнæмæнгæ. Уæдта ма ци? Уæдта ма берæ цидæртæ. Фал цийфæнди хуæрзтæ ку фæннимайай адæймаги уодисконди, уæддæр гъæуама мæнæ аци дзурдтæ еугурей сæрæй финст уонцæ: «Æ зæнхæ, æ адæм æхецæй фулдæр ка уарзуй, уæхæн разамонæг».

Ес нæмæ уæхæн лæгтæ? Сæрустур дæр уомæй ан æма нæмæ ке ес. Иристон лæг гъæуагæ некæд адтæй æма нæ еци устур фидбилизæй Хуцау бахезæд, фал нæ уæддæр еу гъуддаг тухсун кæнуй: ке равзарæн? Кæмæн раттæн нæ гъæлæстæ? Ка нæ хуæздæр æрбамбурд кæндзæнæй, ка нæбæл хъæбæрдæр батухсдзæнæй?

Нимайун нæ Ири хуæздæрти æма цæмæдæр гæсгæ мæ цæстæ æрæвардтон Галазти Æхсарбегбæл. Уогæ ба ибæл æ цæстæнгас ка нæма æрæвардта, уæхæн нæбал байзадæй. Ка ин æ хуарзи кой кæнуй, ка ба ’й нæ уарзуй. Æвæдзи, устур лæгæн æмзæрдæ лимæнтæ цæйбæрцæ фæууй, е ’знæгтæ дæр уойбæрцæ исунцæ. Бунат ку ахæссай, æнæгъæнæ республики сæрбæл дзуапп ку дæттай, уæд, еугурей зæрдæмæ ка цæуа, уæхæн лæг зин иссерæн æй. Æма Галазти профессорæн е знаги хай исæфт макæд уæд, фал ибæл рæстуодæй уæлахез кæнæд.

Æрæги Абхазæй еу журналисти хæццæ исæмбалдтæн æма мин е уотæ загъта: «Еу Хуцау нæ исафта, иннæ Хуцау ба нин Владислав Ардзинби равардта». «Æма ин æ фудкоййæй уæлдай ку неци кæнунцæ, уæд дæмæ куд бæрзонд æвæрд æй?», – фæййарæхстæн имæ æз. Е дзуапп равардта: «Æ адæми фурт æй, æ адæми æцæг фурт ка уа, уомæн ба знæгтæ æнæ уæн нæййес».

Ес знæгтæ Галазти Хаджимурзи хестæр фуртæн дæр. Раст знæгтæ æма зулун знæгтæ. Медæггаг знæгтæ æма æндагон знæгтæ. Фал имæ еу дессаги зæрдихатт ес: æхуæдæг знаги цæстæй некæмæ кæсуй – хатиргæнагæ ’й. Уотæ ке æй, уой туххæй уин фæстæдæр зæгъдзæнæн, нур ба уин еу гъуддаг раргом кæнон.

Æрæги мæмæ Галазти Æхсарбеги къохфинст æрбахаудтæй. Киунугæ финсуй æ царди надбæл æма си цалдæр сæргонди бакастæн. Нуриуæнгæ ’й зудтон ахургондæй, нæ университети ректорæй, уой размæ – ахуради министрæй, абони – республики Сæйраг Совети сæрдарæй. Ахургæнæг æма æхсæнадон косæг, ахургонд æма политик. Фал куд адæймаг, уотæ цæмæй ресуй, цæмæй гъæрзуй, æнæхуссæг æхсæвтæ цæй туххæй рарветуй, уой цума беретæ зонунцæ?

Æз сæ нæ зудтон, æз сæ нур базудтон æма мæ зæрдæмæ цидæр рохс æрбакалдæй, цидæр нифси базуртæ мæбæл базадæй æма загътон: «Нæ, айдагъ æхе зундæн ка цæруй, айдагъ – æхе мæтæ ка кæнуй, уонæй нæй. Æ адæми мæстæй æ сæр кæмæн исуорс æй, адæми лæг, адæми хъæболæ ка ’й, уæхæнæй ку баскъуæлхтæй, уæд æй кадæртæ азуймаг цæмæн кæнунцæ? Соцъайæй, хицæй? Æви рæстæй?..»

Дзубанди идæрдтæбæл цæуй, фал мæн хъæбæр фæндуй, цæмæй Æхсарбеги сагъæстæ, Æхсарбеги медхъурдохæнтæ сумах зæрдитæмæ дæр куд бахъæртонцæ, е. Æз сæ мæхердигонау нивæндун, Æхсарбегæй ба хатир корун, æнæ бафæрсгæй ин æ уоди рæбунтæмæ ке бавналдтон, уой туххæй.

 

ÆХСАРБЕГИ МОНОЛОГ

КУД ЗИН ÆЙ СЕДЗÆРÆЙ ЦÆРУН!..

 

Мæ фидæ!

ХЪÆБÆЛОТИ Билар æма ГАЛАЗТИ Æхсарбег.

Еунæгæй ку байзайун, уæд цума уотæ ахид цæмæн фæдздзорун дæ хæццæ? Дæ сорæт мæ цæстити разæй тæрун нæбал фæккомуй, дæ мæтæйдзаг цæсгон мæ фæдбæл аууонау фæззелуй. Нур æз лæг дæн. Аци рохс дуйнейæй ку рандæ дæ, уæд дæбæл æвддæс æма инсæй анзи цудæй, мæнæн ба ме ’ртинсæй анзи мæхе фæцæнцæ, дæуæй фондз æма инсæй анзи хестæр дæн. Берæ рацардтæн, берæ фæууидтон, фал мин ду ме ’взонг уоди ци нифс бауагътай, е рамæлæтмæ дæр мæ хæццæ цæргæй байзайдзæнæй. Гъуди ба дæ кæнун уотемæй: æз, фарастанздзуд, нæ еугурей кæстæр Эльбрус дзедзедай, уотемæй дæмæ нæ мади хæццæ Хумæллæгæй иссудан сахари ахæстдонæмæ. Игон – æгæрццæй догъ кодтан æ фæсте, æз, Юрæ, нæ еунæг хуæрæ Риммæ… Фæстаг фембæлд. Мæ гъости азæлунцæ дæ дзурдтæ: «Мæ фурттæ ку ралæгтæ уонцæ, уæд син зæгъæ, æз фудгин нецæмæй адтæн, раст лæгæй фæццардтæн, адæми уарзтон. Зæгъæ син уотæ, уæдта дин фæдзæхсун: æнахурæй сæ ма ниууадзæ, цийфæндийæй дæр сæ царди надбæл исаразæ, – фæгъгъос дæ, мæн æрдæмæ æрбакастæ:

– Æхсар, нур лæги бундзæфхад дæ, кæстæрти кеун ма бауадзæ. Уæдта мин мæ маст райсæ. Мæн рæстуодæй ка бафхуардта, уомæн ма ниххатир кæнæ!..

Мæ зæрди уедæгтæбæл тæлфунцæ абони дæр еци дзурдтæ.

Æрмæст дæ рази еу гъуддагæй къæндзæстуг дæн: дæ маст дин нæ райстон. Зудтон мæ тоггинти, зудтон, мах седзæртæй, æнæ фидæй ке фудæй райзадан, фал сæмæ мæ къох нæ исистон.

Нæй мæ бон ескæмæй маст есун, мæ фидæ, æма ци бакæнон? Е нæ, фал фæстæдæр, институт каст ку фæдтæн æма нæ гъæуи ахургæнæгæй косун ку райдæдтон, уæд ма син сæ цæуæти ахур дæр кодтон, зунд син амудтон. Хуцау син ма ниххатир кæнæд, æндæр мæ бон неци зæгъун æй.

ГАЛАЗТИ Æхсарбегæн алкæддæр ахсгиаг адтæй адæми хæццæ унаффæ кæнун.

Фал дæ фæдбæл кæугæй, мæ ростæбæл ци цæстисугтæ фæттулдæй, етæ ма мæ абони дæр содзунцæ. Уой фæсте дæр ма берæ фæккудтæн. Бæгъæнбадæй, цит, Туацъай будурти уæззау къæпейæй æвзартæ ку æхсастон стонгæй, уæддæр. Гъæдæй галуæрдунæй сог ку ластон, уæддæр. Фæстæдæр, лæгтæй мæ хуарз лимæнтæ еугай-дугай се ’носон бунæттæмæ ку нæхстæр кодтонцæ, уæддæр. Еци содзгæ цæстисугти адæ некæдбал бавзурстон.

Мæ фидæ! Нур æз мæхуæдæг мæ карæмæ гæсгæ фидæн бæззун дæуæн æма абони уæнгæ дæ ном нæ фегадæ кодтон. Кæддæр мæмæ Дигоргоми иуазæгуати уогæй, еу рацæргæ лæг комкоммæ ’рбацудæй æма мæ бафарста: «Хуцауи хатир бакæнæ, фал ду Галазти Хаджимурзи цæруйнаг нæ дæ?» Æ хъури мæ ракодта, уæдта загъта: «Дæ фидæ коми аргъ лæг адтæй, æ хуæрзтæ беретæбæл байзадæнцæ, исафгæ дæр æй уой туххæй фæккодтонцæ æма ин æ ном дæлæмæ макæд æруадзæ».

Некæд æй æруагътон, фал седзæрæй куд зин æй, уой ку зонисæ, мæ фидæ! Хъæбæр зин… Мæ зæрдæбæл ма хуарз лæууй, кæддæр Хумæллæги клуби сценæбæл пьесæ æвдистан, æз ба гъазтон Тлаттати Чермени роли. Æ фиди хæццæ кæми исæмбалдæй Чермен, æ содзгæ рист дзорун кæми райдæдта, раст еци рæстæг залæй Кокайти Саламгерий мадæ ’рбадзурдта: «Хуарз æй зонис, мæ къона Æхсар, седзæр мæгур æй, дæхебæл æй бавзурстай æма уомæн нæрсуй дæ зæрдæ».

Гъо, седзæр мæгур æй, фал нæ уодфедар фæразон мадæ Уолицкæ мах мæгурæй нæ ниууагъта, æ коми комидзæгтæй нæ фæххаста, нæ цуппаремæн дæр уæлдæр ахурадæ райсун кодта, раст надбæл нæ исаразта. Цидæриддæр ин бафæдзахстай, уони уæлдайгинтæй исæнхæст кодта.

Иристони арвбæл нæ ниххустæй де ’стъалу, мæ фидæ. Дæ ном рæстæй байзадæй, дæ кадæ дин дæ цæуæт, уони цæуæт фæккеун нæ бауагътонцæ.

Редакцийæй: Æгъузарти Саукуйи финст уацмæ æййивддзийнæдтæ хæссуйнаг нæ ан, фал, æвæдзи, цубурæй зæгъун гъæуй уой, æма Æхсарбеги фидæ Хаджимурзæ адтæй советон цардарæзти сæрбæлтау æновуддæр архайгутæй еу. Æ рæстæги Рахесфарси райони куста  хецуадзийнади берæ бæрнон бунæти, æ фæрци берæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзинæдтæ арæзт æрцудæй ами гъæути. Адæм си бæргæ боз адтæнцæ, фал ин разиндтæй æдзæстуарзонтæ дæр, æма уони фудцъухæй ба евгъуд æноси 30-аг æнзти репрессити рæстæги ахæст æрцудæй æма уотемæй бастъалдæй… Фæстæдæр æй бæргæ исраст кодтонцæ, фал..

 

ÆХСАРБЕГИ МОНОЛОГ

ХУМÆЛЛÆГИ УÆЛМÆРДТИ

 

ГАЛАЗТИ Æхсарбег æма ЦИБИРТИ Людвиг.

Хуцау мæ бустæги нæ ралгъиста, æнамонд нæ разиндтæн. Кæд мæ фидæ Сибири уазал дортæбæл æ уод исиста, уæддæр нæ мадæй ба мæ зæруи бонти уæнгæ зудтон рæвдуд, алкæддæр ин мæхебæл æвзурстон æ зæрди гъар, æ уозæлд, е ’нæкæрон уарзт. Зæнæги хестæр, мæнмæ фулдæр хаудтæй, æз адтæн æ рахес цонг. Æма устур надбæл ку нæхстæр кодтон, уæд мæ æ реумæ æрбалхъивта æма загъта:

«Биццеу, дæ кæрдзин æма цæнхæ еунæгæй макæд бахуæрæ. Адæми уарзæ æма дæ етæ дæр уарздзæнæнцæ. Уæдта дæ фидæ хуарз лæг адтæй æма мæмæ ескæд сахарæй Хумæллæгмæ дæ лæгъузи хабар ку æригъуса, уæд мæхе ниййауиндздзæнæн. Игъосис мæ, биццеу?»

Мади фæдзæхст абони дæр мæ царди сæйраг нисан æй, еци фæдзæхст мæ хонуй размæ. Архайун мæ адæмæн ести хуарзи бацæунбæл æма мин кæд мæ зæрди фæндон не ’нтæсуй, уæддæр фæстагдæр байзайунмæ мæ сæрмæ не ’рхæсдзæнæн.

Мади фæдзæхст царди нисан æй æма цалинмæ цæрон, цалинмæ цæстæй уинон, уæдмæ уарздзæнæн мæ еузæрдиуон адæми, дæллаг галау лæггадæ кæндзæнæн.

Фал мæбæл уæззау сахат ку ралæууй, аци дуйне мин галдзари асæ дæр ку нæбал фæууй, уæд хуæдтолги рабадун æма Хумæллæгмæ, уæлмæрдтæмæ, мæ мади циртмæ. Мæ уорс сæр уазал дорбæл ниввæрун, уæлзæнхæй дæлзæнхæмæ нидæн дзорæ фæккæнун. «Ци кæнис, мæ хъæболæ, хузи цъирт ди ку нæбал ес?» – бафæрсуй мæ мади гъæлæс. «Зин æй, Дацци, цæрун, бафæлладтæн». «Æма мæнæн æнцондæр адтæй? Дæ фидæ – Сибири амæттаг, æз еунæгæй цуппар æнагъон сабийи хæццæ. Будурæй ку ’рбаздæхинæ, мæ рони уин дзоли къæбæр ку ’рбахæссинæ, уой цуппар дехи ку ракæнинæ, сумах куд зудæй хуардтайтæ, уомæ кæсгæй зæрдæскъуд куд нæ фæдтæн. Уæд æз куд фæразтон, биццеу?» «Уæд æндæр рæстæг адтæй, нур ба адæм кæрæдзей нæбал лæдæрунцæ, кæрæдземæ топпи кæсæнæй кæсунцæ». «Ду макæмæ кæсæ топпи кæсæнæй, биццеу. Дæ фидæ дæр, цит, дууæ тоггини бафедаун кæнидæ. Дæумæ дæр еци хъаурæ фæззиннæд. Гъæддух дзубанди ма кæнæ, сабур дзубандимæ ба хелагæ дæр ку игъосуй. Байгъосдзæнæнцæ дæумæ дæр. Федудæй хуæздæр неци ес зæнхæбæл». «Гъо, неци ес, арази дæн дæ хæццæ». «Цидæр зæгъун ма дæ фæндуй, биццеу?» «Гъо, фæндуй… Дацци, мæнæн дæр мæ хорнигулæнмæ фæкъкъолæ ’й. Уæлæбæл дæр царди фулдæр хай Бабумæ фенгъæлмæ кастæ, æ мæлæт ди æруагæс дæр нæ кодта. Нур дæр еунæг дæ, дæ фарсмæ нæй. Дууæ æлгъисти дæбæл æрцудæй. Фал æз уæлæбæл ме ’хæс ку бафедон, уæд мæ дæ размæ гъæуй. Биццеутæн загътон, Аланæн дæр, Асланæн дæр. Зæгъун, уæ фæлмæн къох нанай размæ мæ байвæрдзинайтæ. Еумæ ку уæн, уæд дæуæн дæр æнцондæр уодзæнæй…» «Цитæ дзорис, биццеу, бустæги ку æрлæмæгъ дæ. Цо мæ разæй. Уæлæ дæ адæммæ искæсæ, сæ рист зæрдитæ син барохс кæнæ. Мæ размæ ба ма тагъд кæнæ. Дæ дзиллити, дæ хъæболти хъæболти хортæй ку бафсæдай, уæд… рацо. Сæдæ анзей фæсте рацо. Нуртæккæ нæ – дæ адæми гъæуис…»

Фæдздзубанди кæнæн æма Ходони, мæ Даций цирти разæй, мæ тухæбæл тухæ бафтуйуй, мади гъæлæс мæ фæстæмæ нæ дзиллитæмæ раздахуй æма фæззæгъун: «Ходуйнаг дæ сæрмæ ма ’рхæссæ. Хъисмæт дин ци устур фæлварæн исаккаг кодта, уой кæронмæ фæххæссæ. Тог никкалун мабал бауадзæ, Ири дзиллити фудæнгъæл ма фæккæнæ!»

 

АВТОРÆЙ

ИРИСТОНИ АРВБÆЛ ИРД СОДЗУЙ Е ’СТЪАЛУ

 

Рæстæг догъон бæхæй уæлдай нæй. Æ размæ цудæн бауорамæн нæййес. Галазти Æхсарбег Президент ци æнзти адтæй, еци æнзтæ байзадæнцæ историй. Историй байзадæй уæхæн финст дæр: «Цæгат Иристон-Аланий фиццаг Президент адтæй Галазти Хаджимурзи фурт Æхсарбег».

Уæззау рæстæг æрхаудтæй Æхсарбегмæ. Нæуæг царди æнæтæрегъæд уолæнтæ ’й фæххуастонцæ, тугъдтитæ, карз буцæутæ ’й исфæлтардтонцæ, адæми цирагъдарæй байзадæй кæронмæ дæр, лæгау лæгæй фæххаттæй æ адæмæн фиййауæй æма Иристони арвбæл ци ирддæр стъалу содзуй, е æй Галазти Хаджимурзи фурт Æхсарбеги стъалу.

 

ÆГЪУЗАРТИ Саукуй (1943-2013), финсæг, публицист


 

УОДУÆЛДАЙÆЙ ХЪИАМÆТ КОДТА ИРИСТОНИ СÆРБÆЛТАУ

Галазти Хаджимурзи фурт Æхсарбег райгурдæй 1929 анзи 15 октябри Рахесфарси райони Хумæллæги гъæуи. 1952 анзи каст фæцæй Цæгат Иристони паддзахадон педагогон институт. Уой фæсте æхсæз анзей дæргъи куста Хумæллæги астæуккаг скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæгæй, фæстæдæр æй иснисан кодтонцæ скъолай завучæй. Æригон  ахургæнæги 1958 анзи ба косунмæ æрбахудтонцæ Цæгат Иристони рохсади министрадæмæ æма ’й иснисан кодтонцæ скъолати инспекторæй. Фæстæдæр, 1959-1960 æнзти Галази-фурт адтæй ахургæнгути дæснидзийнадæ уæлдæр кæнуни Институти директор. 1961 анзи нисангонд æрцудæй Цæгат Иристони АССР-и ахуради министрæй, 1976 анзи ба – Цæгат Иристони паддзахадон университети ректорæй. Еци бунати Галази-фурт бакуста цуппæрдæс анземæй фулдæр, коллектив дæр сæрбæрзонд адтæй сæ разамонæгæй – номдзуд ахургондæй, дæсни лекторæй, искурдиадæгин организаторæй.

Галазти Æхсарбег 1990 анзæй фæстæмæ куста паддзахадон хецаудзийнади республикон оргæнти. Адтæй СЦКП-й Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарь, уой фæсте ’й равзурстонцæ Цæгат Иристони АССР-и Сæйраг Совети Сæрдарæй. Адтæй СЦКП-й Центрон Комитети иуонг, фиццаг æма дуккаг равзурст Федераций Совети иуонг, УСФСР-и адæмон депутат.

Галази-фурт 1994 анзи январи æвзурст æрцудæй Республикæ Цæгат Иристони фиццаг Президентæй. Еци бунати бакуста 1998 анзи уæнгæ.

Æ райгурæн республики хæццæ Æхсарбег Хаджимурзи фурт рахизтæй берæ зиндзийнæдтæ æма фæлварæнти сæрти, кæдзосзæрдæй куста Цæгат Иристони сæрбæлтау, еудадзугдæр сагъæс кодта республики федæнбæл.

Галази-фурти æскъуæлхтдзийнæдтæн Фидибæстæ искодта устур кадæ, хуарзæнхæгонд адтæй Фæллойнадон Сурх Турусай æртæ орденемæй, лæвæрд ин æрцудæй берæ хуæрзеугутæ æма кадгин нæмттæ.

Галазти Æхсарбег Хаджимурзи фурти – æ адæми æцæг патриоти, курухон разамонæги, ахургæнæги, ахургонди, искурдиадæгин адæймаги рохс ном æностæмæ уодзæнæй нæ зæрдити, берæнацион Иристони историй.